Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Йеговӕн кадӕ кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

Йеговӕн кадӕ кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

«Кадгин кӕнтӕ Йаги! ...Е ӕй зӕрдӕн ӕхцӕуӕн. Хуцауи ӕмбӕлуй кадгин кӕнун» (ПС. 147:1).

ЗАРТӔ: 59, 3

1–3. а) 147 псалом еу кӕд финст ӕрцудӕй? б) 147 псаломӕй нӕ бон ци ӕй базонун?

Ӕ ИХӔС дзӕбӕх ка исӕнхӕст кӕнуй кенӕ хуарз менеугутӕ ка февдесуй, уӕхӕн адӕймаги арӕх растаунцӕ. Мадта уӕд Йеговӕ ба цӕйбӕрцӕ фулдӕр гъуддӕгти туххӕй ӕй кади аккаг! Зӕгъӕн, е сфӕлдистадӕй бӕрӕг ка ӕй, еци ӕнӕкӕрон хъаури туххӕй кенӕ, ӕ Фурти нивондӕн ку ӕрхаста, уӕд ци уарзондзийнадӕ бавдиста, уой туххӕй.

2 147 псалом ка ниффинста, е дӕр кадгин кодта Йегови. Удта иннети дӕр уомӕ разӕнгард кодта. (Бакӕсӕ Псалом 147:1, 7, 12.)

3 Аци псалом ка ниффинста, уой нӕ зонӕн, фал, ӕвӕдзи, цардӕй, израилӕгтӕ Вавилони уацарӕй Йерусалиммӕ ку раздахтӕнцӕ, еци рӕстӕг (Пс. 147:2). Псаломзаргӕнӕг Йегови кадгин кодта, уомӕн ӕма нур ӕ адӕни бон адтӕй нӕуӕгӕй Хуцауӕн сӕхе зӕнхӕбӕл лӕггадӕ кӕнун. Фал ӕй айдагъ уой туххӕй нӕ кадгин кодта, ӕма е бӕрӕг ӕй, ци ниффинста, уомӕй. Дӕу бон ба цӕй туххӕй ӕй Йегови кадгин кӕнун? (Пс. 147:1).

ЙЕГОВӔ ДЗӔБӔХ КӔНУЙ, ЗӔРДӔСАСТ КА ӔЙ, УОНИ

4. Цума израилӕгтӕн куд адтӕй, Кир сӕ ку исуӕгъдӕ кодта, уӕд?

4 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, израилӕгтӕн Вавилони уацари куд адтайдӕ, уой. Вавилойнӕгтӕ сӕбӕл гириз кодтонцӕ, «Сиони зартӕй нин разарайтӕ», зӕгъгӕ. Еци рӕстӕг ба Йерусалим – израилӕгтӕн сӕ сӕйраг цийнӕ, пурхӕй лӕудтӕй (Пс. 137:1–3, 6). Зарун сӕмӕ ӕппундӕр нӕ цудӕй, уомӕн ӕма зӕрдӕсаст ӕма уодӕнцойнӕ гъӕуагӕ адтӕнцӕ. Гъема сӕ персайнаг паддзах Кир исуӕгъдӕ кодта, Хуцау куддӕриддӕр загъта, уотӕ. Кир Вавилон ку байахӕста, уӕд загъта: «Йеговӕ... мин баихӕс кодта, цӕмӕй ин Иуди зӕнхӕбӕл Йерусалими хӕдзарӕ исаразон. Мадта, уӕ астӕу ӕ адӕнӕй ка ес, уонӕн сӕ Хуцау Йеговӕ сӕ хӕццӕ уӕд. Ӕма уордӕмӕ рандӕ уӕнтӕ» (2 Анз. 36:23). Израилӕгтӕ кунӕг нӕ цийнӕ кодтайуонцӕ, Кир еци бардзурд ку равардта, уӕд!

5. Йеговӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй псаломзаргӕнӕг ци загъта?

5 Йеговӕ израилӕгти куд адӕнихатт айдагъ уотӕ нӕ бафедар кодта, фал ма си алли адӕймаги дӕр хецӕнӕй бафедар кодта. Йеговӕ абони дӕр уотӕ архайуй. Псаломзаргӕнӕг Йегови туххӕй ниффинста: «Е дзӕбӕх кӕнуй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уони, бӕттуй син сӕ цӕфтӕ» (Пс. 147:3). Сӕйгӕ ку фӕууӕн кенӕ нӕхемӕ ку нийгъосӕн, уӕд нӕбӕл Йеговӕ батухсуй. Алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй, цӕмӕй нин нӕ нифс бафедар кӕна ӕма нин нӕ уоди цӕфтӕ исдзӕбӕх кӕна (Пс. 34:18; Ис. 57:15). Йеговӕ нин зунд ӕма хъауритӕ раттуй, цӕмӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахезӕн (Иак. 1:5).

6. Псалом 147:4 псаломзаргӕнӕг ци дзурдтӕ загъта, етӕ нин цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?

6 Уой фӕсте псаломзаргӕнӕг дзурдта, уӕлӕрвти ци ес, уой туххӕй. Йеговӕн, дан, «стъалутӕ... еугурӕйдӕр нимад ӕнцӕ» ӕма си «алкӕций дӕр... хонуй ӕ номӕй» (Пс. 147:4). Уӕди рӕстӕги псаломзаргӕнӕг зонгӕ дӕр нӕ кодта, стъалутӕ ӕцӕгӕй цӕйбӕрцӕ ’нцӕ, уой. Фал абони адӕни бон берӕ фулдӕр ӕй фӕууинун. Еуӕй-еу ахургӕндтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ айдагъ нӕхе галактики, Ӕрфӕнифӕд, зӕгъгӕ, стъалутӕ миллиардтӕ ’нцӕ. Ӕнӕгъӕнӕ Дун-Дуйней ба галактикитӕ триллионтӕ ’нцӕ! Адӕймаги бон нӕй уойбӕрцӕ стъалутӕ банимайун. Сфӕлдесӕг ба си алкӕмӕндӕр раттуй ном. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ин алли стъалу дӕр иннетӕй цӕмӕйдӕр хецӕн кӕнуй (1 Кор. 15:41). Адӕни туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Хуцау, алли стъалу дӕр кӕми ӕй, уой куд зонуй, уотӕ алцидӕр зонуй алли адӕймаги туххӕй дӕр, кӕми ӕй, ӕ зӕрди ци ес ӕма ’й ци гъӕуй, уой.

7, 8. а) Йеговӕ нин нӕ уавӕри туххӕй ци зонуй? б) Йеговӕ ӕнӕнхӕст адӕнӕн куд фӕлмӕнӕй ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй цӕветтон ӕрхӕссӕ.

7 Йеговӕ ’й лӕдӕруй, цӕй сӕрти дӕ хезун гъӕуй, уой ӕма имӕ ес еци хъаурӕ, цӕмӕй дин зин рӕстӕгути банхус кӕна. (Бакӕсӕ Псалом 147:5.) Ка ’й зонуй дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма ӕгӕр зин уавӕри бахаудтӕ ӕма нӕ бафӕраздзӕнӕ. Фал ӕй Хуцау зонуй, дӕ хъаурӕ цӕйбӕрцӕ ӕй, уой ӕма «сикъит ке ан, е си иронх нӕй» (Пс. 103:14). Ӕнӕнхӕст ке ан, уомӕ гӕсгӕ еци-еу гъуддаги еу хаттӕй иннӕ хатмӕ фӕррӕдуйӕн. Еуӕй-еухатт хъӕбӕр рафӕсмон кӕнӕн, ци загътан, уобӕл. Фӕууй уотӕ ӕма нӕхецӕй дӕр фефсӕрми уӕн, нӕ зӕрди ци лӕгъуз фӕндтӕ фӕззиннуй кенӕ ескӕмӕ соцъа кӕнун ке райдайӕн, уой туххӕй. Кӕд Йеговӕмӕ уӕхӕн ӕнкъарӕнтӕ некӕд фӕууй, уӕддӕр нӕ гъеууотӕ хуарз лӕдӕруй, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес (Ис. 40:28).

8 Ка ’й зонуй, ду дӕр ӕй дӕхецӕй зонис, Йеговӕ зин уавӕри ка бахауй, уонӕн ӕ федар къохӕй куд банхус кӕнуй, уой (Ис. 41:10, 13). Еу пионер-хуӕрӕ, Киоко, зӕгъгӕ, хъӕбӕр ӕрӕнкъард ӕй, ӕндӕр бунатмӕ ’й ку иснисан кодтонцӕ, уӕд. Цума Йеговӕ Киокойӕн куд бавдиста, ке ’й лӕдӕрдтӕй, уой? Ӕ нӕуӕг ӕмбурди ин адтӕй, хуарз ӕй ка лӕдӕрдтӕй, берӕ уӕхӕн хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕ. Уотӕ имӕ кастӕй, цума ин Йеговӕ дзоруй: «Пионерӕй ке лӕггадӕ кӕнис, айдагъ уой туххӕй дӕ нӕ уарзун, фал ма мӕ кизгӕ ке дӕ ӕма мин дӕ цард ке иснивонд кодтай, уой туххӕй дӕр. Фӕндуй мӕ, цӕмӕй цардбӕл цийнӕ кӕнай, уомӕн ӕма мӕ Ӕвдесӕн дӕ!» Дӕуӕн ба ’й Йеговӕ куд бавдиста, еугуремӕй хуӕздӕр дӕ ке лӕдӕруй, уой?

ЙЕГОВӔ НИН ДӔТТУЙ, ӔНӔМӔНГӔЙ НӔ ЦИ ГЪӔУЙ, УОЙ

9, 10. Йеговӕ нин фиццагидӕр цӕхуӕн гъуддаги банхус кӕнуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

9 Алли адӕймаги дӕр гъӕуй хуӕруйнаг, уӕледарӕс ӕма цӕрӕнбунат. Ӕвӕдзи, еуӕй-еухатт фӕттухсӕн, фагӕ хуӕруйнаг нин алкӕддӕр уодзӕй ӕви нӕ, уобӕл. Фал Йеговӕ зӕнхӕ уотӕ искодта, цӕмӕй хуӕруйнаг алке фагӕ дӕр дӕтта, сауӕнгӕ ма «халони бӕдӕлттӕн» дӕр, «хуӕруйнаг ку фӕййагорунцӕ, уӕд». (Бакӕсӕ Псалом 147:8, 9.) Кӕд ма Йеговӕ халӕнттӕбӕл дӕр тухсуй, уӕд нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, ӕнӕмӕнгӕй нӕ ци гъӕуа, уомӕй нӕ цох ке нӕ ниууадздзӕй (Пс. 37:25).

10 Фал нин фиццагидӕр Йеговӕ тухсуй не ’ууӕндундзийнадӕбӕл ӕма нин дӕттуй «Хуцауи фарнӕ, зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ» (Фил. 4:6, 7). Ӕркӕсӕн Японийӕй еу ӕнсувӕр Муцуо ӕма ӕ бийнойнаги хабармӕ. 2011 анзи Японибӕл цунами ку рацудӕй, уӕд Йегови ӕнхус сӕхебӕл бавзурстонцӕ. Сӕ хӕдзари сӕрмӕ ке исхизтӕнцӕ, уой фӕрци фӕййервазтӕнцӕ. Фал еци бон фесафтонцӕ, цидӕриддӕр сӕмӕ адтӕй, уой. Ӕхсӕвӕ рарвистонцӕ уазал ӕма талингӕ уати, сӕ ӕрдӕгпурхитӕ хӕдзари дуккаг уӕладзуги. Ку сӕбӕл ӕрсӕумӕ ’й, удта агорун райдӕдтонцӕ, ка сӕ бафедар кодтайдӕ, уӕхӕн ести публикацитӕ, фал 2006 анзи Ӕрвиланзон киунугӕй ӕндӕр неци иссирдтонцӕ. Муцуо си рауидта дӕлсӕргонд «Ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн мӕлӕтхӕссӕг цунами». Дзурд си цудӕй, 2004 анзи Суматри ци зӕнхинкъуст ӕрцудӕй, уой туххӕй. Зӕнхинкъусти туххӕй ба сӕбӕл рацудӕй, дуйней ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн устур цунами. Еци ӕрдзон бӕллӕхи ка фӕййервазтӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ма ӕнсувӕрти хабӕрттӕ кӕсгӕй Муцуо ӕма ӕ бийнойнаг кӕун райдӕдтонцӕ. Ба ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ сӕбӕл ке батухстӕй, ӕма син тӕккӕ еци рӕстӕг ӕхсидзгӕдӕр ци адтӕй, уой равардта. Йеговӕ ма сӕбӕл ӕндӕр гъуддӕгти дӕр батухстӕй. Японий ӕндӕр хӕйттӕй син ӕнсувӕртӕ хуӕруйнаг ӕма хъӕппӕл ӕрбаластонцӕ. Фал син уомӕй устурдӕр ӕнхус ба адтӕй, Хуцауи организаци син се ’мбурдмӕ, ка сӕ бафедар кодтайдӕ, уӕхӕн ӕнсувӕрти ке рарвиста. Муцуо зӕгъуй: «Раст цума Йеговӕ алке фарсмӕ дӕр адтӕй, ӕма алкӕбӕлдӕр хецӕнӕй батухстӕй. Е нин хъӕбӕр устур уодӕнцойнӕ ӕрхаста!» Куд ӕй уинӕн, уотемӕй нин Йеговӕ фиццагидӕр батухсуй не ’ууӕндундзийнадӕбӕл, уой фӕсте ба ӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл дӕр.

ХУЦАУ НИН ӔНХУС КӔНУЙ

11. Йегови ӕнхусмӕ ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕн сӕхецӕй ци кӕнгӕ ’й?

11 Йеговӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй «сабур адӕни» сӕрбӕл исдзорунмӕ ӕма сӕ бафедар кӕнунмӕ (Пс. 147:6а). Фал махӕй ба ци кӕнгӕ ’й? Гъӕуама имӕ алкӕддӕр хӕстӕг кӕнӕн. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй сӕрниллӕгдзийнадӕ (Соф. 2:3). Сӕрниллӕг адӕн фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсунцӕ, Йеговӕ хӕран гъуддӕгтӕн ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон кӕд искӕндзӕй, уомӕ. Уӕхӕн адӕн Йегови зӕрдӕ рохс кӕнунцӕ.

12, 13. а) Цӕмӕй нин Йеговӕ ӕнхус кӕна, уой туххӕй не ’сӕфт цӕмӕй гъӕуама уинӕн? б) Йегови зӕрдӕ цӕхуӕн адӕн рохс кӕнунцӕ?

12 Иннердиги ба Хуцау «фегадӕ кӕнуй фудгӕнгути» (Пс. 147:6б). Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар ӕрцӕуа, фал нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕ Хуцау ӕновуд уарзтӕй уарза. Уой туххӕй ба гъӕуама не ’сӕфт уинӕн, Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕйдӕриддӕр уинуй, уомӕй (Пс. 97:10). Зӕгъӕн, гъӕуама не ’сӕфт уинӕн ихӕлд гъуддӕгтӕй, удта еци гъуддӕгтӕмӕ цидӕриддӕр ӕркӕнуй, уонӕй. Уомӕ хауй порнографи дӕр (Пс. 119:37; Матф. 5:28). Уӕхӕн фӕндти хӕццӕ тох кӕнун ӕнцон нӕй, фал Йегови арфӕдзийнӕдтӕ уой аргъ ӕнцӕ.

13 Еци тохи нӕ зӕрдӕ гъӕуама Йеговӕбӕл дарӕн нӕхебӕл нӕ, фал. Цума ин ӕхцӕуӕн уодзӕй, нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл кенӕ ӕндӕр адӕнбӕл ку дарӕн? Йеговӕ нӕдӕр «бӕхти хъаурӕмӕ» кӕсуй, «нӕдӕр адӕймагӕн ӕ къӕхти цӕрдӕгдзийнадӕмӕ» (Пс. 147:10). Мах гъӕуама Йеговӕн лигъстӕ кӕнӕн ӕма си ӕнхус корӕн. Е адӕймаги хузӕн нӕй ӕма нин нӕ кувдтитӕй некӕд бафӕллайдзӕй, еу гъуддаги фӕдбӕл имӕ цалдӕр хатти ку ковӕн, уӕддӕр. Библий финст ес: «Йегови зӕрдӕн цийнӕдзийнадӕ хӕссунцӕ, ка си тӕрсуй, етӕ, е ’новуд уарзтмӕ ин ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, еци адӕн» (Пс. 147:11). Гъӕуама ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнӕн, Йеговӕ нӕ ӕновуд уарзтӕй ке уарзуй. Е нӕ некӕд ниууадздзӕй ӕма нин нӕ лӕгъуз фӕндти хӕццӕ тох кӕнунмӕ дӕр банхус кӕндзӕй.

14. Псаломзаргӕнӕг федарӕй цӕбӕл ӕууӕндтӕй?

14 Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, нӕ зиндзийнӕдти нӕ ке нӕ ниууадздзӕй. Израилӕгтӕ Йерусалиммӕ ку раздахтӕнцӕ, уӕд псаломзаргӕнӕг сагъӕс кодта, Йеговӕ син куд ӕнхус кӕндзӕй, уобӕл ӕма загъта: «Е дин дӕ дуарӕхгӕнӕн гъӕдтӕ исфедар кодта, райарфӕ дин кодта дӕ фурттӕн. Дӕ зӕнхӕбӕл дин фарнӕ ӕрцӕрун кодта» (Пс. 147:13, 14). Йеговӕ ӕ адӕни багъӕуай кӕнуни туххӕй горӕти колдуӕрттӕ ке исфедар кӕндзӕй, еци гъуди псаломзаргӕнӕги хъӕбӕр федар кодта!

Хуцауи Дзурд нин зин рӕстӕгути куд ӕнхус кӕнуй? (кӕсӕ 15–17 абзацтӕ)

15–17. а) Еуӕй-еухатт нӕ зиндзийнӕдти туххӕй куд бауӕн, фал нин Йеговӕ ӕ Дзурди фӕрци куд ӕнхус кӕнуй? б) Йегови Дзурд куд «тагъд тӕхуй», уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.

15 Еуӕй-еухатт нӕ зиндзийнӕдти туххӕй хъӕбӕр истухсӕн, фал Йеговӕн ӕ бон ӕй, цӕмӕй дин сӕ сӕрти рахезунмӕ зунд ратта. Псаломзаргӕнӕг загъта: «Зӕнхӕмӕ ӕрветуй ӕ дзурд, ӕ дзурд хъӕбӕр тагъд тӕхуй. Е дӕттуй цъоппи хузӕн мет, халас ниппурхӕ кӕнуй фунукау. Дзоли мортау дӕлӕмӕ калуй ех. Ӕ уазалӕн ка бафӕраздзӕй? Рарветуй ӕ дзурд, ӕма ратайунцӕ» (Пс. 147:15–18). Кӕд нӕ зундгин ӕма Алцигъон Хуцауӕн ех ӕма мет дӕр ӕ барӕ ’нцӕ, уӕд махӕн ба нӕ банхус кӕндзӕй нӕ зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ?

16 Абони нин Йеговӕ разамунд дӕттуй ӕ Дзурд Библий фӕрци. Ӕ Дзурд «хъӕбӕр тагъд тӕхуй», гъома нин багъӕуаги афойнадӕбӕл раттуй разамунд. Расагъӕс кӕнӕ, ци пайда нин хӕссуй Библи кӕсун, «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» ке цӕттӕ кӕнуй, еци публикацитӕ ӕртасун, нӕ интернет-телеуинунади программитӕмӕ кӕсун, хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ дзубанди кӕнун ӕма рӕстӕг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ ӕрветун (Матф. 24:45). Дӕуӕн ба ескӕд уотӕ адтӕй, ӕма ’й нӕ зудтай, ци дин кӕнгӕ ’й, уой, фал дин ӕй Йеговӕ уайтагъд байамудта?

17 Симонӕ ӕхебӕл бавзурста, Хуцауи Дзурдӕн ци хъаурӕ ес, уой. Ӕхемӕ хъӕбӕр нецӕййаг кастӕй ӕма си не ’руагӕс кодта, Хуцау ин ке аргъ кӕнуй, е. Уӕлдай зин ин ку уидӕ, уӕд Йеговӕмӕ ковун райдаидӕ ӕма си ӕнхус курдта. Уомӕй уӕлдай ма Библи лӕмбунӕг ӕртаста. Симонӕ зӕгъуй: «Уотӕ некӕдма адтӕй, цӕмӕй уӕхӕн рӕстӕги Йегови ӕнхус ма балӕдӕрдтайнӕ ӕма ин ӕ разамунд ма фӕууидтайнӕ». Уой фӕрци ӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ исӕфуй.

18. Йеговӕ дин ке аргъ кӕнуй, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндис? Нӕ бон цӕхуӕн гъуддӕгти туххӕй ӕй Йегови кадгин кӕнун?

18 Псаломзаргӕнӕг ӕй зудта, Йеговӕ ӕ адӕнӕн уӕлдай кадӕ ке искодта. Уонӕй ӕндӕр Хуцау некӕмӕн равардта «ӕ дзурд», удта «ӕ уагӕвӕрдтӕ ӕма ӕ тӕрхӕнттӕ». (Бакӕсӕ Псалом 147:19, 20.) Абони дӕр Хуцауи ном ӕрмӕстдӕр мах хӕссӕн ӕма нин е хъӕбӕр устур кадӕ ӕй. Йегови ке зонӕн ӕма ин ӕ Дзурди унаффитӕй ке пайда кӕнӕн, уой фӕрци ан е ’мбӕлттӕ. Мадта 147 псалом ка ниффинста, уой хузӕн мах бон дӕр берӕ гъуддӕгти туххӕй ӕй Йегови кадгин кӕнун.