Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Зудтай ӕй?

Зудтай ӕй?

Гъӕдӕбӕл ке рамариуонцӕ, еци адӕймаги Роми хецауадӕ ӕнӕуой адӕймаги хузӕн байвӕрун бауадзиуонцӕ?

БЕРЕТӔ ’й зонунцӕ, Киристей гъӕдӕбӕл дууӕ фудгӕнӕгей астӕу ке ниййауигътонцӕ (Матф. 27:35–38). Фал Библий уотӕ финст ке ес, ӕма уой фӕсте Киристей бауӕр багъуд кодтонцӕ ӕма ’й дзӕппази байвардтонцӕ, уобӕл ба еуӕй-еуетӕ гурусхӕ кӕнунцӕ (Мар. 15:42–46).

Евангелий критиктӕй еуӕй-еуетӕ уотӕ фӕззӕгъунцӕ, ӕма, дан, мӕлӕти тӕрхон кӕмӕн рахастонцӕ, еци фудгӕнӕги ӕнӕуой адӕймаги хузӕн байвӕрун нӕ бауагътайуонцӕ. Уӕхӕн уавӕри, дан, ӕндӕрхузи фӕккӕниуонцӕ. Еу журналист Ариэль Сабар журнали «Смитсониан» уӕхӕн дзурдтӕ ниффинста: «Гъӕдӕбӕл ниййауиндзиуонцӕ, адӕни астӕу нецӕййагбӕл нимад ка адтӕй, ӕрмӕстдӕр уони. Уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еу ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ уомӕн гӕнӕн н’ адтӕй, цӕмӕй уӕхӕн адӕймаги ромӕгтӕ, куд ӕмбӕлуй, уотӕ байвӕрун бауагътайуонцӕ». Ке рамариуонцӕ, еци адӕймаги ромӕгтӕ гъӕдӕбӕл ауигъдӕй ниууадзиуонцӕ. Уомӕй ӕвдистонцӕ, сӕ цӕсти цӕйбӕрцӕбӕл ӕгадӕ адтӕнцӕ, уой, уомӕн ӕма син сӕ бауӕр гъӕддаг сирдтӕ бахуӕриуонцӕ, ци ма си байзаидӕ, уой ба еумӕйаг ингӕни ниггӕлдзиуонцӕ.

Фал археологтӕ куд исбӕрӕг кодтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ ромӕгтӕ алкӕд уотӕ нӕ кодтонцӕ. 1968 анзи археологтӕ иссирдтонцӕ еу нӕлгоймаги стгутӕ. Ӕвӕрд адтӕнцӕ оссуариййи, гъома стгутӕ кӕми ниввӕриуонцӕ, уӕхӕн ящикки. Еци ящик ба адтӕй Йерусалиммӕ хӕстӕг, ӕнӕгъӕнӕ бийнонтӕ кӕми байвӕриуонцӕ, уӕхӕн дзӕппази. Стгути астӕу иссирдтонцӕ ӕфсӕйнаг зӕгӕлӕй (11,5 см) гъӕдӕбӕл худ ка адтӕй, уӕхӕн къели стӕг. Сабар зӕгъуй: «Стгутӕ адтӕнцӕ еу нӕлгоймаг Йехоханани. Еци къели стӕг зӕгӕлӕй худ ке адтӕй, уой фӕрци дзурддаг нӕбал адтӕй, Киристей дӕр дзӕппази ке байвардтонцӕ, е. Е ба уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма Киристей рӕстӕгути ке ниййауиндзиуонцӕ, уони ромӕгтӕ дзиуиттаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕвӕрун уагътонцӕ».

Йехоханани къели стӕгмӕ кӕсгӕй, бӕлвурдӕй зӕгъӕн нӕййес, Киристей бауӕр гъӕдӕбӕл ауигъд кутемӕй адтӕй, уой. Фал еу гъуддаг ба бӕрӕг ӕй: еуӕй-еу фудгӕнгути еумӕйаг ингӕнмӕ нӕ ниггӕлдзиуонцӕ, фал сӕ кадгин ивӕрд бакӕниуонцӕ. Мадта, Библий уотӕ финст ке ӕй, ӕма Киристей дзӕппази байвардтонцӕ, уобӕл ӕууӕндӕн ес, ӕма уой археологи дӕр исбӕрӕг кодта.

Фал алцӕмӕй ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма Йеговӕ ӕхуӕдӕг загъта, Киристей гъӕздуг лӕги дзӕппази ке байвӕрдзӕнцӕ. Ӕма Йеговӕ ци фӕззӕгъуй, е ба алкӕддӕр исӕнхӕст уй (Ис. 53:9; 55:11).