Кӕсгути фарстатӕ
Ӕдзӕрӕг будури израилӕгтӕн маннӕ ӕма уӕрццитӕй ӕндӕр ести хуӕруйнаг адтӕй?
Израилӕгтӕ 40 анзей дӕргъи ӕдзӕрӕг будури ку адтӕнцӕ, уӕд сӕйрагидӕр хуардтонцӕ маннӕ (Рац. 16:35). Уомӕй уӕлдай ма Библий финст ӕй, Йеговӕ син дууӕ хатти уӕрццитӕ ке равардта (Рац. 16:12, 13; Ним. 11:31). Фал ма сӕмӕ ӕндӕр хуӕруйнӕгтӕ дӕр адтӕй.
Зӕгъӕн, еуӕй-еухатт сӕ Йеговӕ ӕрбакӕнидӕ, кӕми ӕрлӕудтайуонцӕ, уӕхӕн бунӕттӕмӕ (Ним. 10:33). Уоми адтӕй дон ӕма ӕндӕр хуӕруйнӕгтӕ дӕр. Еу уӕхӕн бунат адтӕй оазис Елим. Адтӕй си «дууадӕс сауӕдони ӕма ӕвдай пальмӕбӕласи» (Рац. 15:27). Еу киунуги финст ӕй: «Финиктӕ кӕбӕл ирӕзуй, уӕхӕн бӕлӕстӕ берӕ рауӕнти ирӕзунцӕ... Ӕдзӕрӕг будури милиуангай адӕнӕн сӕйрагидӕр уой фӕрци ес хуӕруйнаг, сойнӕ ӕма цӕрӕнбунӕттӕ» (Plants of the Bible).
Ка ’й зонуй ма израилӕгтӕ ӕрлӕууиуонцӕ еу устур оазиси рази дӕр. Абони хуннуй Фаран a. Еци оазис ӕй, ка ниссор ӕй, уӕхӕн цӕугӕдони дӕлфӕзи (кенӕ вади). Еу киунуги финст ӕй: «Аци дӕлфӕзӕ еу кӕронӕй иннемӕ ӕй 130 километри. Ӕма ӕй Синаййи ӕрдӕгсакъадахбӕл ӕгасемӕй даргъдӕр, ӕгасемӕй рӕсугъддӕр ӕма ӕгасемӕй зундгонддӕр вадитӕй сӕ еу». Никкидӕр ма си финст ӕй: «Цӕугӕдон денгизи кӕми бакӕлуй, уордигӕй еу 45 километри идарддӕр ӕма денгизӕй еу 600 метремӕй уӕлдӕр ес рӕсугъд оазис Фаран, дӕргъӕмӕ ӕй 5 километрей бӕрцӕ. Ирӕзуй си мингай пальмӕбӕлӕстӕ. Е ӕй Синаййи Едеми дзӕхӕрадонӕ. Рагидзамантӕй фӕстӕмӕ адӕн ардӕмӕ цӕрунмӕ цудӕнцӕ, финиктӕ кӕбӕл ирӕзуй, еци пальмӕбӕлӕсти туххӕй» (Discovering the World of the Bible).
Египетӕй ку цудӕнцӕ, уӕд израилӕгтӕ сӕ хӕццӕ рахастонцӕ къинсӕ, ӕнгъезӕн кӕми кодтонцӕ, уӕхӕн дзаумӕуттӕ ӕма, ӕвӕдзи, хуар ӕма сойнӕ. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, етӕ син бери фагӕ ке н’ адтайуонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ хӕццӕ ракодтонцӕ «фустӕ ӕма се ’стортӕ дӕр – хъӕбӕр берӕ фонс» (Рац. 12:34–39). Фал ӕдзӕрӕг будури карз уавӕртӕ ке адтӕй, уой туххӕй берӕ фонс фӕццагъди ’нцӕ. Уомӕй уӕлдай ма си хуӕргӕ дӕр бакодтонцӕ, иннети ба, ӕвӕдзи, нивонди ӕрхастонцӕ, уой хӕццӕ ба ма мӕнгӕ хуцӕуттӕн дӕр (Гъуд. 7:39–43) b. Фал, уӕддӕр, цалинмӕ израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг будури цардӕнцӕ, уӕдмӕ сӕмӕ адтӕй фонс. Е бӕрӕг ӕй, Йеговӕмӕ ку нӕ байгъустонцӕ, уӕд син ци загъта, уомӕй: «Уӕ фурттӕ дууинсӕй анзи ӕдзӕрӕг будури уодзӕнцӕ фиййӕуттӕ» (Ним. 14:33). Уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ адтайдӕ ӕхсир дӕр ӕма еуӕй-еухатт фид дӕр. Фал ӕртӕ милиуан адӕймагей бӕрцӕ 40 анзей дӕргъи ӕфсадуни фагӕ ба кӕцӕй адтайуонцӕ c.
Цума израилӕгтӕн сӕ фонсӕн дон ӕма хуаллаг кӕми адтӕй? d Уӕди рӕстӕги ӕдзӕрӕг будури, ӕвӕдзи, уарунтӕ фулдӕр адтӕй, уомӕ гӕсгӕ си зайӕгойтӕ дӕр фулдӕр адтайдӕ. Киунуги «Понимание Писания», статьяй «Аравия» финст ӕй: «3 500 анзей размӕ нӕ рӕстӕги хӕццӕ рабаргӕй Аравий дон фулдӕр адтӕй. Берӕ сор вадитӕ кенӕ цӕугӕдони дӕлфӕзтӕ си ке ес, уомӕй базонӕн ес, кӕддӕр си цӕугӕдӕнттӕ ке адтӕй. Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма си рагидзаманти уарунтӕ ке адтӕй ӕма еци дӕлфӕзти гулфгӕнгӕ дон ке калдӕй». Фал уӕддӕр ӕдзӕрӕг будурӕн ӕ ном ӕ уӕле ӕй – адӕймагбӕл тас ка ӕфтауй, уӕхӕн сор бӕстӕ (Дук. з. 8:14–16). Йеговӕ израилӕгтӕн дессаги хузи дон ку нӕ лӕвардтайдӕ, уӕд сӕхуӕдтӕ дӕр ӕма сӕ фонс дӕр фӕццагъди адтайуонцӕ (Рац. 15:22–25; 17:1–6; Ним. 20:2, 11).
Моисей куд загъта, уотемӕй Хуцау израилӕгтӕн маннӕ лӕвардта, цӕмӕй балӕдӕрдтайуонцӕ: «Адӕймаг айдагъ дзолӕй нӕ цӕруй, фӕл цӕруй Йегови цъухӕй рацӕугӕ алли дзурдӕй дӕр» (Дук. з. 8:3).
a Кӕсӕ 1992 анзи 1 маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 24, 25 фӕрстӕ (урус.).
b Библий дууӕ хатти финст ӕй, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг будури Йеговӕн фонси нивӕндтӕ ке ӕрхастонцӕ. Фиццаг хатт уотӕ бакодтонцӕ, Аарон ӕма ӕ фурттӕ саугинтӕй ӕвӕрд ку цудӕнцӕ, уӕд, дуккаг хатт ба – Комуадзӕни рӕстӕг. Дууӕ хабари дӕр ӕрцудӕнцӕ нӕ эри размӕ 1512 анзи. Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уомӕй рацудӕй анзи бӕрцӕ (Лев. 8:14–9:24; Ним. 9:1–5).
c 40 анзи фӕуунтӕбӕл ку адтӕнцӕ, уӕд, тугъди ка адтӕй, еци израилӕгтӕ ратардтонцӕ хъӕбӕр берӕ фонс – цалдӕр сӕдӕ мини (Ним. 31:32–34). Фал уӕддӕр, цалинмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ нӕ бацудӕнцӕ, уӕдмӕ хуардтонцӕ маннӕ (Йес. Н. 5:10–12).
d Некӕми финст ӕй, фонс дӕр маннӕ ке хуардта. Йеговӕ адӕнӕн загъта, цӕмӕй маннӕ ӕрӕмбурд кодтайуонцӕ, алли адӕймаг дӕр цӕйбӕрцӕ бахуардтайдӕ, уойбӕрцӕ. Ӕма си фонси кой н’ адтӕй (Рац. 16:15, 16).