Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Кӕсгути фарстатӕ

Кӕсгути фарстатӕ

Исаййи 60:1 цӕхуӕн «силгоймаги» туххӕй дзурд цӕуй ӕма дзурдтӕ «исистӕ», удта «рохс кӕнӕ» ци нисан кӕнунцӕ?

Исаййи 60:1 финст ӕй: «Мӕнӕ уосӕ, уӕлӕмӕ исистӕ ӕма рохс кӕнӕ, уомӕн ӕма дӕ рохс ӕрцудӕй ӕма дӕбӕл Йегови кадӕ хорау искастӕй». Контекстмӕ гӕсгӕ «уосӕ» амонуй Сионмӕ, кенӕ Йерусалиммӕ (уӕди рӕстӕг Иудейи сӕйраг горӕт) (Ис. 60:14; 62:1, 2) a. Йерусалим ба амонуй ӕгас Израили адӕнмӕ. Исаййи дзурдтӕ кӕсгӕй ӕвзуруй дууӕ фарстай. Фиццаг: Йерусалим кӕд ӕма куд «исистадӕй» ӕма «рохс кӕнун» кӕд райдӕдта? Дуккаг: аци пахампарадӕ ма никкидӕр гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ?

Йерусалим кӕд ӕма куд «исистадӕй» ӕма «рохс кӕнун» кӕд райдӕдта? 70 анзей дӕргъи израилӕгтӕ Вавилони уацари адтӕнцӕ. Ӕгас еци рӕстӕг Йерусалим ӕма ковӕндонӕ пурхӕ адтӕнцӕ. Фал мидийӕгтӕ ӕма персӕгтӕ Вавилон ку байахӕстонцӕ, уӕд израилӕгтӕн барӕ равардтонцӕ, цӕмӕй сӕ райгурӕн бӕстӕмӕ раздӕхонцӕ ӕма раст дин ӕ къахбӕл ислӕуун кӕнонцӕ (Езд. 1:1–4). Нӕ эри размӕ 537 анзи Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ 12 муггагемӕй Йерусалиммӕ ӕрӕздахтӕнцӕ (Ис. 60:4). Израилӕгтӕ райдӕдтонцӕ Йеговӕн нивӕндтӕ хӕссун, бӕрӕгбӕнттӕ бӕрӕг кӕнун ӕма ковӕндонӕ нӕуӕгӕй амайун (Езд. 3:1–4, 7–11; 6:16–22). Уотемӕй Йегови кадӕ Йерусалимбӕл, гъома Хуцауи адӕнбӕл, рохс кӕнун райдӕдта. Ӕ адӕн ба «рохс кӕнун» райдӕдтонцӕ, сӕ алливарс ка цардӕй ӕма Йегови ка нӕ зудта, еци адӕнбӕл.

Фал аци пахампарадӕ Йерусалимбӕл кӕронмӕ не ’сӕнхӕст ӕй. Израилӕгтӕн сӕ фулдӕр Хуцаумӕ нӕбал игъустонцӕ (Неем. 13:27; Мал. 1:6–8; 2:13, 14; Матф. 15:7–9). Фӕстӕдӕр ба ма сауӕнгӕ Мессийӕбӕл, гъома Йесо Киристебӕл, нӕ баууӕндтӕнцӕ (Матф. 27:1, 2). Ӕма нӕ эри 70-аг анзи Йерусалим ӕма ковӕндонӕ дуккаг хатт пурхӕгонд ӕрцудӕнцӕ.

Уотӕ ке уодзӕй, уой туххӕй Йеговӕ рагацау загъта (Дан. 9:24–27). Мадта Йегови фӕндон уой медӕг н’ адтӕй, цӕмӕй, Исаййи 60 сӕри ци пахампарадӕ финст ес, е кӕронмӕ зӕнхон Йерусалимбӕл исӕнхӕст уа.

Аци пахампарадӕ ма никкидӕр гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ? Гъо, фал ӕндӕр «уосӕбӕл» – «уӕларвон Йерусалимбӕл». Апостол Павел ниффинста: «Е ӕй нӕ мадӕ» (Гал. 4:26). Уӕларвон Йерусалим ӕй Хуцауи организаций уӕларвон хай. Ес си еузӕрдон изӕдтӕ. Ӕ сувӕллӕнттӕ ба ӕнцӕ Йесо Киристе ӕма 144 000 исӕрст киристони. Еци киристӕнттӕн дӕр Павели хузӕн ес уӕлӕрвти цӕруни нифс. Исӕрст киристӕнттӕ ӕнцӕ «кӕдзос адӕн», гъома «Хуцауи Израил» (1 Пет. 2:9; Гал. 6:16).

Уӕларвон Йерусалим куд «исистадӕй» ӕма «рохс кӕнун» куд райдӕдта? «Исистадӕнцӕ» ӕма «рохс кӕнун» райдӕдтонцӕ ӕ сувӕллӕнттӕ – зӕнхӕбӕл ка цӕруй, еци исӕрст киристӕнттӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Исаййи 60 сӕри ци пахампарӕдтӕ ес, етӕ куд исӕнхӕст ӕнцӕ, уомӕ.

Исӕрст киристӕнтти «исистун» цӕмӕн гъудӕй? Нӕ эри дуккаг ӕноси, раст дин ка ниууагъта, етӕ исберӕ ӕнцӕ, ӕма «талингӕ» рӕстӕг ралӕудтӕй (Матф. 13:37–43). Уотемӕй бахаудтӕнцӕ Устур Вавилони уацари (Устур Вавилон амонуй ӕгас мӕнгӕ динтӕмӕ дӕр). Уацари адтӕнцӕ, «аци цардӕвӕрди кӕрон» ке хонунцӕ, еци рӕстӕг ку нӕма райдӕдта, уӕдмӕ (Матф. 13:39, 40). Еци рӕстӕг райдӕдта 1914 анзи. 1919 анзи исӕрст киристӕнттӕ уацарӕй исуӕгъдӕ ’нцӕ ӕма еци фӕдбӕл «рохс кӕнун» райдӕдтонцӕ – Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кодтонцӕ b. Уӕдӕй нурмӕ еци рохсмӕ адӕн аллихузи адӕнихӕттитӕй цӕунцӕ. Уони астӕу ӕнцӕ, Хуцауи Израилмӕ ка хауй ӕма Исаййи 60:3 ке туххӕй финст ӕй, еци «паддзӕхтӕ» дӕр (Рарг. 5:9, 10).

Федӕни исӕрст киристӕнттӕ никки хъӕбӕрдӕр рохс кӕндзӕнцӕ. Еугурӕйдӕр уӕларвон цардмӕ ку райгас уонцӕ, уӕд исуодзӕнцӕ «Нӕуӕг Йерусалим», кенӕ Киристей киндзӕ – 144 000 паддзахи ӕма саугини (Рарг. 14:1; 21:1, 2, 24; 22:3–5).

Исаййи 60:1 финст пахампарадӕ сӕйрагидӕр исӕнхӕст уодзӕй Нӕуӕг Йерусалими фӕрци. (Рабарӕ Исаййи 60:1, 3, 5, 11, 19, 20 ӕма Раргомадӕ 21:2, 9–11, 22–26.) Зӕнхон Йерусалим адтӕй, Израили паддзӕхтӕ кӕцӕй хецауеуӕг кодтонцӕ, еци горӕт. Нӕуӕг Йерусалим ба Киристей хӕццӕ исуодзӕй нӕуӕг дуйней хецауадӕ. Нӕуӕг Йерусалим «уӕларвӕй, Хуцауӕй, ке ӕрцудӕй» е цӕмӕ амонуй? Е амонуй, исӕрст киристӕнттӕ ке ӕнхус кӕндзӕнцӕ, зӕнхӕбӕл ка цӕрдзӕй, уонӕн. Хуцауӕй ка тӕрсуй, етӕ Нӕуӕг Йерусалими «рохси» цӕудзӕнцӕ. Етӕ ма сауӕнгӕ тӕрегъӕд ӕма мӕлӕтӕй дӕр иссӕребарӕ уодзӕнцӕ (Рарг. 21:3, 4, 24). Уотемӕй, Исай ӕма иннӕ пахампартӕ куд загътонцӕ, уотӕ «Хуцау... цӕй кой кодта, уони еугурейдӕр фӕстӕмӕ сӕ къахбӕл ислӕуун кӕндзӕй» (Гъуд. 3:21). Еци рӕстӕг райдӕдта, Киристе Паддзах ку иссӕй, уӕд ӕма фӕууодзӕй, ӕ Минанзон хецаудзийнадӕ ку фӕууа, уӕд.

a Еуӕй-еу Библий тӕлмацти Исаййи 60:1 дзурд «уоси» бӕсти ӕмбӕлуй дзурд «Сион» кенӕ «Йерусалим». Мадта «Нӕуӕг Дуйней тӕлмац»-и дзурд «уосӕ» цӕмӕн ӕмбӕлуй? Дзиуиттаг ӕвзаги нӕлгоймаги кой кӕнгӕй миуӕвдесӕги формӕ еу хузи фӕууй, силгоймаги кой кӕнгӕй ба – ӕндӕрхузи. Ӕма дзиуиттаг ӕвзаги аци стихи миуӕвдесгутӕ «исистӕ» ӕма «рохс кӕнӕ», удта номевӕг «дӕбӕл» амонунцӕ силгоймагмӕ.

b Раст дин ӕ къахбӕл ке гъӕуама ислӕудтайдӕ, уой кой ма цӕуй Йезекили 37:1–14 ӕма Раргомади 11:7–12. Ӕма е ӕрцудӕй 1919 анзи. Йезекил рагацау загъта, исӕрст киристӕнттӕ еугурӕйдӕр хъӕбӕр берӕ рӕстӕг уацари ке уодзӕнцӕ, фал фӕстӕдӕр ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ. Раргомади ци пахампарадӕ ес, е ба амонуй, Хуцауи адӕнӕн разамунд ка лӕвардта, еци ӕнсувӕрти минкъий къуар фӕстӕмӕ ӕ къахбӕл ке ислӕудтӕй, уомӕ. Уони цубур рӕстӕгмӕ ӕнӕфудӕй ахӕстдони исбадун кодтонцӕ, ӕма адтӕнцӕ марди хузӕн, гъома сӕ бон н ’адтӕй Йеговӕн, куд ӕмбӕлуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнун. Фал фӕстӕдӕр «цардмӕ раздахтӕнцӕ». 1919 анзи сӕ Киристе иснисан кодта «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъарӕй» (Матф. 24:45; кӕсӕ киунугӕ «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 118 фарс).