Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцауӕн ном ес?

Хуцауӕн ном ес?

Адӕймаги хӕццӕ дӕ базонгӕ ун ку фӕффӕндуй, уӕд ӕй бафӕрсис: «Дӕ ном куд ӕй?». Цума Хуцаумӕ аци фарста ку равардтайсӕ, уӕд дин цӕхуӕн дзуапп равардтайдӕ?

«Ӕз дӕн Йеговӕ. Е ӕй мӕ ном» (Исай 42:8).

Аци ном фиццаг хатт фегъустай? Е дессаг нӕй, уомӕн ӕма Библий берӕ тӕлмацти Хуцауи ном ефстагмӕ финст ӕй кенӕ ба ӕгириддӕр нӕй. Ӕ номи бӕсти арӕх ниффинсиуонцӕ «ХЕЦАУ», зӕгъгӕ. Фал Хуцауи ном тӕккӕ фиццаг Дзиуиттаг къохфинстити ӕмбӕлуй еу-7 000 хаттей бӕрцӕ. Еци ном цуппар дзиуиттаг ӕмгъӕлӕсон дамугъаемӕй финсгӕ ӕй ЙХВХ, зӕгъгӕ, дигоронау ӕй «Йеговӕ».

Хуцауи ном ӕмбӕлуй Дзиуиттаг къохфинстити ӕма берӕ Библий тӕлмацти

Псаломти киунугӕ Мард денгизи тухтӕнттӕ. Н. э. 1-аг ӕнос, ДЗИУИТТАГАУ

Тиндали тӕлмац. 1530 анз, АНГЛИСАГАУ

Рейнӕ-Валери тӕлмац. 1602 анз, ИСПАЙНАГАУ

«Юнион Вершн» тӕлмац. 1919 анз, КИТАЙАГАУ

ХУЦАУИ НОМ ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ

Хуцауӕн ӕ ном ӕхецӕн ӕхсидзгӕ ’й. Хуцауӕн ном неке равардта, ӕхецӕн ӕй ӕхуӕдӕг равзурста. Йеговӕ загъта: «Е ӕй мӕ ном ӕносмӕ, еци номӕй мӕ зондзӕнцӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацуд 3:15). Библий Хуцауи ном Йеговӕ е ’гас титултӕй дӕр, зӕгъӕн, Алцигъон, Фидӕ, Хецау кенӕ Хуцау, арӕхдӕр ӕмбӕлуй, ӕма Библий ци нӕмттӕ финст ес, зӕгъӕн, Авраам, Моисей, Давид кенӕ Йесо, уонӕй дӕр арӕхдӕр. Ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма Йегови ӕхе фӕндуй, цӕмӕй ин адӕн ӕ ном зононцӕ. Библи зӕгъуй: «Цӕмӕй ӕй адӕн зононцӕ, ду, ӕ ном Йеговӕ кӕмӕн ӕй, ӕрмӕстдӕр ду ке дӕ Еунӕг Устур Хуцау, Хецау ӕгас зӕнхӕн» (Псалом 83:18).

Хуцауи ном Киристейӕн ӕхсидзгӕ ’й. Хецауи кувд кенӕ Нӕ Фидӕ ке хонунцӕ, еци кувди, Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугути ахур кодта Хуцауӕй корун: «Исрохс уӕд дӕ ном» (Матфеййи 6:9). Киристе ӕхуӕдӕг Хуцаумӕ кувта: «Мӕ Фидӕ, искадгин кӕнӕ дӕ ном» (Иоанни 12:28). Киристейӕн ӕ царди сӕйрагдӕр адтӕй ӕ Фиди ном кадгин кӕнун ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕ бон адтӕй кувди зӕгъун: «Ӕз [син] дӕ ном раргом кодтон ӕма син ӕй никки дӕр раргом кӕндзӕн» (Иоанни 17:26).

Хуцауи ка зонуй, уонӕн ӕ ном ӕхсидзгӕ ’й. Рагидзаманти Хуцауи адӕн лӕдӕрдтӕнцӕ, сӕ ервӕзундзийнадӕ Хуцауи номи хӕццӕ баст ке адтӕй. «Йегови ном ӕй федар мӕсуг. Рӕстгӕнӕг уордӕмӕ баледзуй ӕма ин тӕссаг нецӕмӕй бал фӕууй» (Ӕмбесӕндтӕ 18:10). «Йеговӕмӕ ӕ номӕй кадӕриддӕр ковуй, е фӕййервӕздзӕй» (Иоил 2:32). Библийӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ иннетӕй ке хецӕн кӕнунцӕ, ӕ ном ин ке хӕссунцӕ, уомӕй: «Ӕгас адӕнтӕ дӕр цӕудзӕнцӕ сӕ хуцӕутти номӕй, мах ба цӕудзиан нӕ Хуцау Йегови номӕй ӕносӕй-ӕносмӕ, муггагмӕ» (Михей 4:5; Гъуддӕгтӕ 15:14).

ХУЦАУИ НОМ ЦИ НИСАН КӔНУЙ?

Хуцауи ном нин ӕргом кӕнуй, цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой. Берӕ ахургӕндти гъудимӕ гӕсгӕ ӕ ном нисан кӕнуй – «Е уотӕ бакӕнуй, ӕма исуй». Йеговӕ Хуцау нин, ӕ ном ци нисан кӕнуй, уой раргом кодта, Моисеййӕн ӕхе туххӕй уотӕ ку загъта: «Ӕз исуодзӕн, ка мӕ бафӕндӕуа, е» (Рацуд 3:14). Мадта нин Хуцауи ном ӕрмӕст уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма Сфӕлдесӕг ӕй, фал ма ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнуни туххӕй ӕхуӕдӕг дӕр ӕма, ке ӕма ци сфӕлдиста, етӕ дӕр ке исунцӕ, ка ӕма ци гъӕуама исуонцӕ, е. Хуцауӕн ӕ титултӕ ӕвдесунцӕ, цӕхуӕн бунат ахӕссуй, цӕхуӕн бартӕ ӕма имӕ цӕхуӕн хъаурӕ ес, уой. Фал нин ӕрмӕстдӕр ӕ ном, Йеговӕ, ӕргом кӕнуй, цӕхӕун ӕй ӕма ӕ бон ци ӕй, уой.

Хуцауи ном ци нисан кӕнуй, уомӕй бӕрӕг ӕй, ке нӕбӕл тухсуй. Хуцауи ном ци нисан кӕнуй, уомӕй бӕрӕг ӕй, махбӕл ӕма е ’гас сфӕлдистадӕбӕл дӕр ке тухсуй. Уомӕй уӕлдай нин, Хуцау ӕ ном ке раргом кодта, уомӕй бӕрӕг ӕй, ке ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕй зонӕн. Удта, Хуцауӕн ном ке ес, уой мах зонгӕ дӕр ку нӕма кодтан, уӕд нин ӕй ӕхуӕдӕг раргом кодта. Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕй зонӕн, уодӕгас Хуцау ке ӕй ӕма ӕ хӕццӕ балимӕн ун ке ӕнгъезуй, уой (Псалом 73:28).

Хуцаумӕ ӕ номӕй ку дзорӕн, уӕд уомӕй бавдесдзиан, ке ин кадӕ кӕнӕн, уой. Зӕгъӕн, балимӕн ун дӕ ке хӕццӕ фӕндуй, уомӕн загътай, цӕмӕй дӕмӕ дӕ номӕй дзора. Фал дӕмӕ барӕй дӕр дӕ номӕй ку нӕ дзора, уӕд дин куд уодзӕй? Уотӕ дӕмӕ нӕ фӕккӕсдзӕй, ӕма ’й дӕ хӕццӕ лимӕн кӕнун нӕ фӕндуй? Йеговӕ дӕр адӕнӕн ӕ ном раргом кодта ӕма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй имӕ ӕ номӕй дзорӕн. Уотемӕй бавдесдзиан, Йегови хӕццӕ балимӕн ун нӕ ке фӕндуй. Йеговӕ хъӕбӕр аргъ кӕнуй, «ӕ номбӕл ин ка сагъӕс кӕнуй», уонӕн! (Малахи 3:16).

Цӕмӕй Хуцауи хӕццӕ балимӕн уӕн, уой туххӕй ин ӕ ном гъӕуама базонӕн. Фал айдагъ е фагӕ нӕй. Гъӕуама базонӕн, Хуцау цӕхӕун ӕй ӕма цӕхуӕн менеугути хецау ӕй, уой.

ХУЦАУӔН НОМ ЕС? Хуцауи ном ӕй – Йеговӕ. Ӕ ном ӕвдесуй, цӕхуӕн Хуцау ӕй ӕма ӕ фӕндон кӕронмӕ исӕнхӕст кӕнун ӕ бон ке ӕй, уой.