Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Идарддӕр цӕрун цӕмӕн гъӕуй

Идарддӕр цӕрун цӕмӕн гъӕуй

Файзалӕн ӕ бийнойнаг ку рамардӕй, уомӕй анз ку рацудӕй, уӕд ин багъудӕй ӕ зӕрдӕн уӕззау операци кӕнун. Е загъта: «Иови киунугӕ ку кастӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдтӕн, Йеговӕ еци хабар Библий дзӕгъӕли ке нӕ ниффинсун кодта. Гъезӕмӕрттӕ ку февзарӕн ӕма Библий ку бакӕсӕн, кадӕр ма уӕхӕн уавӕри ке адтӕй, уӕд нин фенцондӕр уй». Удта ма загъта: «Куд фӕнди ма уа, уӕддӕр мӕ цард дзӕгъӕли нӕй».

Таршӕн ӕ мадӕ ку рамардӕй, уӕд ма ӕригон кизгӕ адтӕй. Е загъта: «Кӕд берӕ зиндзийнӕдтӕ ӕвзарун, уӕддӕр не Сфӕлдесӕги ке зонун, уой фӕрци ’й лӕдӕрун, мӕ цард дзӕгъӕли ке нӕй ӕма мин нифс ке ес, удта мӕ цийнӕдзийнадӕ дӕр нӕ исафун. Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин алли бон дӕр ке ӕнхус кӕндзӕй».

АЙРАЗИККОН статьяти фӕууидтан, адӕймагмӕ зин уавӕрти уотӕ кӕсун ке райдайуй, ӕма ӕ бон цӕрун нӕбал ӕй. Кӕд дӕ уаргъ еунӕгӕй хӕссис, уӕд дин, ӕвӕдзи, зин баууӕндӕн уодзӕй, кадӕр дӕбӕл ке тухсуй ӕма дӕ цард дзӕгъӕли ке нӕй, уобӕл. Фал ӕй зонӕ, зин дин ку фӕууй, уӕд Хуцауӕн дӕр зин ке фӕууй, уомӕн ӕма ин хъӕбӕр хъазар дӕ.

86 псалом ка ниффинста, е Хуцауи туххӕй загъта: «Зин сахат дӕмӕ ӕнхусмӕ фӕдздзордзӕн, ӕма мин дзуапп ратдзӕнӕ» (Псалом 86:7). Ка ’й зонуй, сагъӕс кӕнис: «Хуцау мин „зин сахат“ дзуапп куд ратдзӕй?»

Кӕд дӕ Хуцау зиндзийнӕдтӕй уайтагъд нӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй, уӕддӕр дин ӕ Дзурд Библий зӕрдӕ ӕвӕруй, дӕ зӕрди фарнӕ ке уодзӕй, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ зиндзийнӕдтӕн бухсун. «Мӕтӕ мацӕбӕл кӕнтӕ, фал алли уавӕри дӕр Хуцаумӕ коветӕ, лигъстӕ ин кӕнтӕ, арфӕ ин кӕнтӕ ӕма си уотемӕй коретӕ, ци уӕ гъӕуй, уой. Ӕма уин Хуцауи фарнӕ, зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ... багъӕуай кӕндзӕй уӕ зӕрдитӕ ӕма уӕ зунд» (Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7). Библийӕй дӕлдӕр ци стихтӕ финст ес, уонӕй бӕрӕг ӕй, Хуцау нӕбӕл зӕрдиагӕй ке тухсуй, е. Дӕ хуарзӕнхӕй, ба сӕ кӕсӕ ӕма сӕбӕл расагъӕс кӕнӕ.

Хуцау дӕбӕл тухсуй

«Хуцауӕй еу [сирдонцъеу] дӕр иронх нӕй... сумах ба берӕ сирдонцъеутӕй дӕр хъазардӕр айтӕ» (Лукай 12:6, 7).

РАСАГЪӔС КӔНӔ: Адӕнӕн сӕ фулдӕр сирдонцъеутӕмӕ се ’ргом ’здахгӕ дӕр нӕ ракӕнунцӕ, фал сӕбӕл Хуцау ба тухсуй ӕма си алкӕмӕдӕр ӕ гъос даруй. Уодӕгасӕй цидӕриддӕр ес, етӕ ин хъазар ӕнцӕ. Хуцау зӕнхӕбӕл ци сфӕлдиста, уонӕй адӕймагӕй дессагдӕр неци ес, уомӕн ӕма ’й «ӕхемӕ гӕсгӕ» сфӕлдиста. Ӕрмӕстдӕр адӕймаги бон ӕй Хуцауи дессаги менеугутӕ ӕ уодигъӕди федар кӕнун ӕма сӕ ӕвдесун (Райдайӕн 1:26, 27).

«О Йеговӕ, ду мин басгарстай мӕ зӕрдӕ ӕма мӕ зонис. [...] Мӕ гъудитӕ мин идардӕй дӕр базонис. [...] Никкӕсӕ мин мӕ зӕрдӕмӕ ӕма ’й базонӕ, ӕнцойнӕ мин ци нӕ дӕттуй» (Псалом 139:1, 2, 23).

РАСАГЪӔС КӔНӔ: Хуцау дӕ хуарз зонуй. Зонуй дин дӕ зиндзийнӕдтӕ, дӕ сагъӕстӕ ӕма дӕ тухститӕ. Кӕд дӕ иннетӕ кӕронмӕ нӕ лӕдӕрунцӕ, уӕддӕр дӕ Хуцау ба лӕдӕруй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй дин банхус кӕна. Уой цӕсти дӕ цард хъазар ӕй.

Дӕ цард дзӕгъӕли нӕй

«О Йеговӕ, фегъусӕд дӕмӕ мӕ кувд. Ӕнхус ди корун ӕма мӕ фегъосӕ. [...] Дӕ гъос мӕмӕ ӕрдарӕ. Ку дӕмӕ дзиназон, уӕд фӕттагъд кӕнӕ ӕма мин дзуапп раттӕ... Е е ’ргом раздахдзӕй, алцӕмӕйдӕр ӕнӕхай ка фӕцӕй, уони кувдмӕ» (Псалом 102:1, 2, 17).

РАСАГЪӔС КӔНӔ: Адӕн гъезӕмӕрттӕ ӕвзарун кӕдӕй райдӕдтонцӕ, уӕдӕй нурмӕ, зӕгъӕн ес, ӕма Йеговӕ алке цӕстисуг дӕр уинуй ӕма ’й ӕхемӕ финсуй (Псалом 56:8). Уой хӕццӕ ба ма дӕу цӕстисугтӕ дӕр. Хуцау дин де ’гас зиндзийнӕдтӕ ӕма дӕ цӕстисугтӕ еугурӕйдӕр гъуди кӕнуй, уомӕн ӕма ин хъазар дӕ.

«Тухсгӕ ма кӕнӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕ Хуцау дӕн. Ӕз дӕ бафедар кӕндзӕн... Ӕз дин банхус кӕндзӕн. [...] Ӕз, [дӕн] дӕ Хуцау Йеговӕ, ӕма дин дзорун: „Ма тӕрсӕ, ӕз дин банхус кӕндзӕн“» (Исай 41:10, 13).

РАСАГЪӔС КӔНӔ: Хуцау дин ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй. Дӕ нифс ку басӕтта, уӕд дӕ бафедар кӕндзӕй.

Хуарз федӕнӕй дин ес нифс

«Хуцау дуйне уотӕ хъӕбӕр уарзуй, ӕма ӕ еунӕг Фурти равардта, цӕмӕй ибӕл ка ӕууӕндуй, е ма фесӕфа, фал ӕносон цардӕй хайгин уа» (Иоанни 3:16).

РАСАГЪӔС КӔНӔ: Хуцауӕн уотӕ хъазар дӕ, ӕма ӕ Фурт Йесо Киристей цард дӕу туххӕй нивондӕн равардта. Еци нивонди фӕрци дин ес ӕносмӕ амондгунӕй цӕруни нифс *.

Кӕд зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис ӕма дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма дӕ бон нӕбал ӕй, уӕддӕр байархайӕ, цӕмӕй Библий ци финст ес, уой хуӕздӕр базонай, ӕма Хуцау зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уобӕл федарӕй ӕууӕндай. Уой фӕрци уодзӕнӕ амондгун ӕма ’й зондзӕнӕ, дӕ цард дзӕгъӕли ке нӕй.

^ Киристей нивонд дин ци пайда хӕссуй, уой базонуни туххӕй бакӕсӕ видеороликмӕ «Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр», иссерӕн ӕй ес сайти www.mr1310.com. Кӕсӕ МАХ ТУХХӔЙ > ИМИСӔН ИЗӔР.