Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хуцау дӕбӕл ке тухсуй, е дин цӕхуӕн пайда хӕссуй?

Хуцау дӕбӕл ке тухсуй, е дин цӕхуӕн пайда хӕссуй?

Хуцау адӕймаги бауӕр уотӕ искодта, цӕмӕй ӕхуӕдӕг ӕхе дзӕбӕх кӕна. Зӕгъӕн, ести ку ралух кӕнӕн кенӕ нӕхе ку ниццӕвӕн, уӕд «бауӕри цидӕр дессаги процесстӕ ӕркосунцӕ, ӕма минкъий цӕфтӕ дӕр, удта устур цӕфтӕ дӕр сӕхегъӕди исдзӕбӕх унцӕ» (Johns Hopkins Medicine). Ӕгас бауӕр дӕр архайун райдайуй, цӕмӕй тогцуд ӕрлӕууа, лух нихгӕд уа кенӕ цӕф дзӕбӕх кӕнун райдайа.

РАСАГЪӔС КӔНӔ. Кӕд Хуцау адӕймаги бауӕр уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй ӕхуӕдӕг ӕхе дзӕбӕх кӕна, уӕд нин цума нӕ зӕрди цӕфтӕ исдзӕбӕх кӕнунмӕ ба нӕ банхус кӕндзӕй? Псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Е дзӕбӕх кӕнуй, зӕрдӕсаст ка ӕй, уони, бӕттуй син сӕ гъӕдгинтӕ» (Псалом 147:3). Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ еугур цӕфтӕ ӕй, уӕд ӕй зонӕ, Хуцау сӕ дӕуӕн дӕр исдзӕбӕх кӕндзӕй. Цума цӕмӕн ес уобӕл ӕууӕндӕн?

ХУЦАУ НӔ КЕ УАРЗУЙ, УОЙ ТУХХӔЙ БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС?

Хуцау нин зӕрдӕ ӕвӕруй: «Ма тӕрсӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕ хӕццӕ дӕн. Тарст ракӕсӕ-бакӕсӕ ма кӕнӕ, уомӕн ӕма ӕз дӕ Хуцау дӕн. Ӕз дӕ бафедар кӕндзӕн. Ӕз дин банхус кӕндзӕн» (Исай 41:10). Адӕймаг ӕй ку фӕззонуй, Йеговӕ ’й ке уарзуй, уой, уӕд нӕбал фӕттухсуй ӕма имӕ ӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнунмӕ хъауритӕ фӕззиннуй. Зӕрдӕ ци фарнӕй байдзаг уй, уой апостол Павел исхудта, «Хуцауи фарнӕ, зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ». Павел ма загъта: «Алцидӕр мӕ бон ӕй, хъаурӕ мин ка дӕттуй, уой фӕрци» (Филиппӕгтӕмӕ 4:4–7, 9, 13).

Библий фӕрци нӕ бон ӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин федӕнӕй зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй, уобӕл. Зӕгъӕн, Раргомади 21:4, 5 финст дзурдтӕ (финст ӕнцӕ иннӕ фарсбӕл) лӕдӕрун кӕнунцӕ, Хуцау ци искӕндзӕй ӕма уобӕл ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй, уой.

  • Хуцау адӕнӕн «ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ». Йеговӕ нин не ’гас зиндзийнӕдтӕн ӕма катӕйттӕн кӕрон искӕндзӕй, кӕд кӕмӕдӕрти неци кӕсунцӕ, уӕддӕр.

  • Уӕлӕрвти «паддзахбадӕнбӕл ка бадуй», еци Алцигъон Паддзах ӕ хъауритӕ ӕма ӕ барти фӕрци зиндзийнӕдтӕн кӕрон искӕндзӕй ӕма нӕ, маст нин ка хӕссуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕй багъӕуай кӕндзӕй.

  • Йеговӕ нин зӕгъуй, ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ еугурӕйдӕр «раст ӕма ӕцӕг» ке ’нцӕ. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ӕ дзурд ӕнӕмӕнгӕй исӕнхӕст кӕндзӕй.

«„Ӕма син ниссӕрфдзӕй сӕ цӕстисугтӕ, ӕма нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист. Раздӕр ци адтӕй, е фӕййевгъудӕй“. Уӕд, паддзахбадӕнбӕл ка бадтӕй, е загъта: „Цидӕриддӕр кӕнун,– алцидӕр ӕй нӕуӕг!“ Ӕма мин уотӕ: «Ниффинсӕ, уомӕн ӕма аци дзурдтӕ ӕнцӕ раст ӕма ӕцӕг“» (Раргомадӕ 21:4, 5).

Дун-дуйне ӕма нин Библи ӕргом кӕнунцӕ нӕ уӕларвон Фиди менеугутӕ. Хуцауи ’сконд дуйнемӕ кӕсгӕй нӕ фӕффӕндуй Хуцауи хуӕздӕр базонун ӕма е ’мбӕлттӕ исун. Библи ба нин комкоммӕ дзоруй: «Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй» (Иакови 4:8). Гъуддӕгти 17:27 финст ӕй, Хуцау «махӕй алкӕмӕйдӕр идард нӕй», зӕгъгӕ.

Хуцауи куд хуӕздӕр зонгӕ цӕуай, уотӕ ди хъӕбӕрдӕр ӕруагӕс кӕндзӕй, ке дӕбӕл тухсуй, е (1 Петури 5:7). Цума дин уой зонун царди куд ӕнхус кӕндзӕй?

Ӕркӕсӕн Японийӕй еу нӕлгоймаг Торуй хабармӕ. Ӕ мадӕ киристон адтӕй, фал Тору уӕддӕр, якудзӕ ке хонунцӕ, еци япойнаг мафимӕ байеу ӕй. Тору зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй ӕма ми Хуцау е ’сӕфт уинуй. Ӕма мӕ зонгитӕй, уӕлдайдӕр ба мин хъазар ка адтӕй, уонӕй еске ку рамӕлидӕ, уӕд мӕмӕ уотӕ кӕсидӕ, цума мӕ Хуцау ӕфхуӕруй мӕ тӕрегъӕдти туххӕй». Тору ма никкидар загъта: «Ци адӕни астӕу адтӕн, уони фудгъуддӕгтӕ ӕма зундахаст уингӕй мӕхуӕдӕг дӕр ӕнӕхатир ӕма дорзӕрдӕ исдӕн». Ци фӕндтӕ имӕ адтӕй, уой туххӕй ба загъта: «Фӕндадтӕй мӕ ӕригонӕй рамӕлун, ӕрмӕст, мӕхецӕй зундгонддӕр ка адтӕй, уонӕй еске ку рамардтайнӕ, уой фӕсте, цӕмӕй мӕ ном райгъустайдӕ».

Фал Тору ӕма ӕ бийнойнаг Аннӕ Библи ахур кӕнун ку райдӕдтонцӕ, уӕд ӕ цард ӕма ӕ зундахаст цӕхгӕрмӕ раййивта. Аннӕ загъта: «Тору куд ӕййевгӕ цудӕй, уой мӕхе цӕститӕй, уидтон». Нур Тору федарӕй зӕгъуй: «Хуцау ес ӕма ни алкӕбӕлдӕр тухсуй. Уой нӕ фӕндуй, цӕмӕй адӕн мӕлонцӕ ӕма, ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл зӕрдиагӕй ка ӕрфӕсмон кӕнуй, уонӕн ниххатир кӕнуй. Хуцауӕн не ’гас сагъӕстӕ дӕр ӕнгъезуй радзорун, иннетӕ ке нӕ балӕдӕрдзӕнцӕ, уони дӕр. Е нӕмӕ фегъосуй, нӕ бон иннетӕн радзорун ке нӕй ӕма нӕ ци гъуддӕгти нӕ балӕдӕрдзӕнцӕ, уой ин ку фӕдздзорӕн, уӕд дӕр». Тагъд рӕстӕги Йеговӕ адӕни гъезӕмӕрттӕн кӕрон искӕндзӕй. Фал нин абони дӕр банхус кӕнуй, ӕнгъӕл дӕр куд нӕ фӕууӕн, уотӕ. Нифссаст ку фӕууӕн, уӕдта нӕмӕ уӕлдай хӕстӕгдӕр фӕууй» (Псалом 136:23).

Торуй хабарӕй куд зиннуй, уотемӕй адӕймаг абони дӕр амондгундӕр цард кӕндзӕй ӕма имӕ федӕнӕй дӕр нифс уодзӕй, тагъд Хуцау зиндзийнӕдтӕн кӕрон ке искӕндзӕй, уой ку зона, уӕд. Кӕд дуйне зиндзийнӕдтӕй идзаг ӕй, уӕддӕр нӕбӕл Хуцау ке тухсуй, е нин устур ӕнхус ӕй.