Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Сумах... хъазардӕр айтӕ» (МАТФЕЙЙИ 10:31)

Хуцау дӕмӕ ӕ гъос даруй?

Хуцау дӕмӕ ӕ гъос даруй?

СФӔЛДИСТАДӔЙ ЦИ ЕС БАЗОНӔН?

Сувӕллон ку райгуруй, уӕд хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ӕй, цӕмӕй ӕ царди фиццаг сахат ӕ мади фарсмӕ уа. Мади рӕвдуд, сувӕллон куд ирӕздзӕй, уобӕл хуарзӕрдӕмӕ рабӕрӕг уй *.

Цума мади ӕ нӕуӕгигурд сувӕллони рӕвдаун цӕмӕн фӕффӕндуй? Профессор Джаннет Креншоу уой фӕдбӕл еу журнали ниффинста, зӕгъгӕ, силгоймагӕн сувӕллон ку райгуруй, уӕд ӕ тоги исберӕ уй гормон окситоцин, ӕма ’й уой фӕрци фӕффӕндуй ӕ сувӕллонмӕ кӕсун, рӕвдаун ӕй ӕма ин реу дарун (The Journal of Perinatal Education). Еци рӕстӕги ма мади тоги исберӕ уй ӕндӕр гормон дӕр, ӕма уой фӕрци ба ӕ сувӕллони никки хъӕбӕрдӕр уарзун райдайуй ӕма ’й рӕвдауй. Аци хабӕрттӕбӕл цӕмӕн дзорӕн?

Нӕ уарзӕгой Сфӕлдесӕг Йеговӕ * Хуцау искодта уотӕ, цӕмӕй мадӕ ӕма сувӕллони астӕу уӕхӕн федар тӕгтӕ уа. Паддзах Давид Хуцауи кадгин кодта, ӕ мади губунӕй ӕй ке ракодта ӕма ӕ мади гъӕбеси ке нецӕмӕй тарстӕй, уой туххӕй. Давид кувта: «Дӕ барӕ мӕ бакодтонцӕ мӕ райгурцӕй. Мӕ мади губуни ку адтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ ду дӕ мӕ Хуцау» (Псалом 22:9, 10).

РАСАГЪӔС КӔНӔ. Кӕд Хуцау силгоймаги уотӕ сфӕлдиста, цӕмӕй ӕ сувӕллонбӕл тухса ӕма ’й рӕвдауа, уӕд цума ӕхуӕдӕг ба махбӕл – ӕ «цӕуӕтӕй» алкӕбӕл нӕ тухсуй? (Гъуддӕгтӕ 17:29).

ХУЦАУ НӔБӔЛ КУД ТУХСУЙ, УОЙ ТУХХӔЙ БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС?

Не Сфӕлдесӕги Йесо Киристейӕй хуӕздӕр неке зонуй, ӕма Киристе ба загъта: «Дууӕ сирдонцъеуи листӕг ӕхцабӕл нӕ уӕйӕ кӕнунцӕ? Фал уонӕй еу дӕр зӕнхӕмӕ, уӕ Фидӕ ’й ма зона, уотемӕй не ’рхаудзӕй. Сумахӕн ба уӕ сӕригъунтӕ дӕр еугурӕйдӕр нимад ӕнцӕ. Мадта ма тӕрсетӕ: сумах берӕ сирдонцъеутӕй дӕр хъазардӕр айтӕ» (Матфеййи 10:29–31).

Беретӕ ни минкъий цъеути гъуди дӕр не ’ркӕнунцӕ, мадта си ка кумӕ ӕрхауй, уой ба уингӕ дӕр нӕ фӕккӕнӕн. Фал си нӕ уӕларвон Фидӕ алкедӕр уинуй! Цъеутӕ ба цийфӕнди берӕ ма уонцӕ, уӕддӕр адӕймагӕй хъазардӕр нӕ ’нцӕ. Мадта «ма тӕрсӕ» – Хуцауӕй иронх нӕ дӕ. Е дӕбӕл зӕрдиагӕй тухсуй!

Хуцауи фӕндуй, цӕмӕй дзӕбӕхӕй цӕрӕн, ӕма куд уарзӕгой Фидӕ, уотӕ нӕбӕл тухсуй

Библи зӕгъуй:

  • «Йегови цӕстӕ хъӕртуй алкумӕдӕр, лӕмбунӕг кӕсуй лӕгъузтӕмӕ дӕр ӕма хуӕрзтӕмӕ дӕр» (ӔМБЕСӔНДТӔ 15:3).

  • «Йегови цӕститӕ ӕздӕхт ӕнцӕ рӕстгӕнгутӕмӕ, ӕма ӕ гъостӕ – сӕ дзиназунмӕ» (ПСАЛОМ 34:15).

  • «Мӕ зӕрдӕ цийнӕй ирайдзӕй ӕма цийнӕ кӕндзӕн де ’новуд уарзтбӕл, уомӕн ӕма мин фӕууидтай мӕ мӕститӕ, базудтай мин мӕ уоди гъезӕмарӕ» (ПСАЛОМ 31:7).

«УОТӔ МӔМӔ КАСТӔЙ, ӔМА МӔ ЙЕГОВӔ НӔ УАРЗУЙ»

Хуцау нӕбӕл зӕрдиагӕй ке тухсуй ӕма нӕ ке уарзуй, уой зонун ести пайда ӕй? Куд нӕ! Ӕркӕсӕн Английӕй еу силгоймаг, Анни * хабармӕ.

«Хъӕбӕр арӕх мӕмӕ уотӕ кӕсидӕ, ӕма мӕ Йеговӕ нӕ уарзуй ӕма мин мӕ кувдтитӕ нӕ игъосуй. Сагъӕс кодтон, зӕгъун, ӕвӕдзи, уотӕ уомӕн ӕй, ӕма мӕмӕ фагӕ ӕууӕндундзийнадӕ нӕййес. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума мӕ Хуцау естӕй туххӕй ӕфхуӕруй, удта цума уой аккаг нӕ дӕн, цӕмӕй мӕмӕ е ’ргом раздаха. Нӕ ми ’руагӕс кодта, Хуцау мӕбӕл ке тухсуй, е».

Фал ӕй нур Аннӕ федарӕй зонуй, Йеговӕ ’й ке уарзуй, уой. Цума ин ӕ гъуди раййевунмӕ ци банхус кодта? Аннӕ зӕгъуй: «Гъуди ма ’й кӕнун, кӕддӕр мин Киристей нивонди туххӕй еу радзубанди куд банхус кодта. Гъе уӕд мӕмӕ багъардта, Йеговӕ нӕ куд уарзуй, е. Йеговӕ мин мӕ кувдтитӕбӕл дзуапп ку раттидӕ, уӕд арӕх мӕ цӕстисугтӕ дӕр ӕруаиуонцӕ, уомӕн ӕма ’й балӕдӕринӕ, куд берӕ мӕ уарзуй, уой. Удта ма Библи ке ахур кодтон ӕма ӕмбурдтӕмӕ ке цудтӕн, уой фӕрци никки хуӕздӕр базудтон Йегови менеугутӕ ӕма нӕмӕ ци зӕрдӕ даруй, уой. Нур ӕй зонун, Йеговӕ ни алкедӕр ке уарзуй ӕма ни алкӕбӕл дӕр ке тухсуй».

Анни дзурдтӕ нин нифс дӕттунцӕ. Фал ӕй кӕцӕй зонӕн, Хуцау нӕ ке лӕдӕруй ӕма нӕ ке уарзуй, уой? Уобӕл ба дзурд цӕуй, иннӕ статьяй.

^ 3 абз. Еуӕй-еу силгоймӕгтӕмӕ сувӕллони райгурци фӕсте фӕууй, послеродовая депрессия ке хонунцӕ, уӕхӕн нез, ӕма сӕ сӕ сувӕллони рӕвдаун нӕ фӕффӕндуй. Фал е сӕхе фуд нӕ фӕууй. Америки Еугонд Штатти Психиатрийи институт куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, депресси фӕззиннуй, «бауӕри цидӕр ӕййивддзийнӕдтӕ ке ӕрцӕуй, ӕма е нервитӕбӕл дӕр ке рабӕрӕг уй, уой туххӕй... силгоймаг цидӕр ке кӕнуй кенӕ ке нӕ кӕнуй, уой туххӕй нӕ, фал». Уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес 2003 анзи 8 июни «Пробудитесь!», статьяй «Диагноз: послеродовая депрессия».

^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуцауи ном ӕй Йеговӕ (Псалом 83:18).

^ 15 абз. Аци статьяй еуӕй-еу нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.