Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

5 ХАЙ

Дони хъиамӕт. Хуцаумӕ ка байгъуста? Ка ба нӕ?

Дони хъиамӕт. Хуцаумӕ ка байгъуста? Ка ба нӕ?

Нойи рӕстӕги адӕмӕн сӕ фулдӕр кодтонцӕ лӕгъуздзийнадӕ. Райдайӕн 6:5

Адам ӕма Евӕн сувӕллӕнттӕ игурун райдӕттонцӕ ӕма зӕнхӕбӕл адӕм исберӕ ’нцӕ. Еци рӕстӕги Сайтанмӕ ӕрбаеу ӕнцӕ кӕцидӕр изӕдтӕ.

Етӕ зӕнхӕмӕ ӕрцудӕнцӕ, адӕймаги бауӕртӕ райстонцӕ ӕма силгоймӕгтӕй сӕхецӕн уоститӕ хастонцӕ. Силгоймӕгтӕн игурдӕй ӕнахур фурттӕ. Адтӕнцӕ фудзӕрдӕ ӕма хъаурӕгин.

Зӕнхӕ байдзаг ӕй, фудгъуддӕгтӕ ка кодта, уӕхӕн адӕмӕй. Библи зӕгъуй, адӕм зӕнхӕ фуддзийнадӕй ке байдзаг кодтонцӕ ӕма сӕ зӕрди гъудитӕ ӕрмӕстдӕр лӕгъуздзийнадӕмӕ здӕхт ке адтӕнцӕ.

Ной байгъуста Хуцаумӕ ӕма искодта ковчег. Райдайӕн 6:13, 14, 18, 19, 22

Ной адтӕй хуарз лӕг. Йеговӕ Нойӕн загъта, ке фӕндӕ кӕнуй лӕгъуз адӕми устур донивулди фесафун.

Йеговӕ ма ин никкидӕр загъта, цӕмӕй искодтайдӕ устур науӕ – ковчег. Уордӕмӕ ӕй гъудӕй бакӕнун ӕ бийнонти, уӕдта аллихузон цӕрӕгойти дӕр.

Ной адӕмӕн дзурдта Дони хъиамӕт ке ’рбахӕстӕг кӕнуй, фалӕ имӕ етӕ нӕ байгъустонцӕ. Еуетӕ ибӕл худтӕнцӕ, иннетӕ ба си уидтонцӕ сӕ еминӕ.

Ковчег арӕзт ку ’рцудӕй, уӕд Ной цӕрӕгойти медӕмӕ бакодта.