7 ХАЙ
Йесо Киристе ка адтӕй?
Йеговӕ Йесой зӕнхӕмӕ ӕрӕрвиста. 1 Иоанни 4:9
Кӕд нӕ фӕндуй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун, уӕд гъӕуамӕ ӕ фуртмӕ дӕр игъосӕн. Адами сфӕлдесунӕй бера раздӕр Йегова уӕлӕрвти искодта еу гъомусгин изӕди.
Нисангонд рӕстӕги Йеговӕ еци изӕди цард дессаги хузи бахаста зӕнхон ӕнӕвнӕлд силгоймаг Марийи губунмӕ. И сувӕллон райгурдӕй Вифлееми ӕма ин равардтонцӕ ном – Йесо (Иоанни 6:38).
Зӕнхӕбӕл, адӕймаг уогӕй, Йесо Хуцауи менеугутӕ ӕвдиста ӕнхӕстӕй. Адтӕй фӕлмӕнзӕрдӕ, адӕмуарзон ӕма сӕрниллӕг. Е нифсгунӕй Йегови туххӕй рӕстдзийнадӕ адӕмӕн амудта.
1 Петури 2:21–24
Йесо кодта хуарздзийнадӕ, фалӕ адӕмӕн адтӕй ӕнӕуинон.Дини разамонгутӕ Йесойӕй сӕ уодхӕссӕг уидтонцӕ, уомӕн ӕма син сӕ мӕнгӕ дини ахурадитӕ ӕма сӕ цъаммар гъуддӕгтӕ хормӕ калдта.
Йесо ма сӕйгити дӕр дзӕбӕх кодта, цалдӕри ба игас дӕр ракодта.
Дини разамонгутӕ Роми хецауади исахъилдтонцӕ, цӕмӕй Йесой фӕннадтайонцӕ ӕма ’й рамардтайонцӕ.