16 СӔР
Киристе ӕрцудӕй зӕнхӕмӕ
Йеговӕ бавдиста, назареттаг Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кенӕ Киристе, ке ӕй
КИРИСТЕ ка ӕй, уой Йеговӕ адӕмӕн куд балӕдӕрун кодта? Ӕркӕсӕн, Дзиуиттаг Финститӕ финст ку фӕцӕнцӕ, уомӕй цуппар ӕноси ку рацудӕй, уӕд цӕхуӕн хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Галилейи цӕгат горӕт Назаретти, еу ӕригон силгоймаг Марийӕмӕ фӕззиндтӕй изӕд Гавриил. Е ин загъта, Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци ин биццеу ке райгурдзӕй, кӕд ӕнӕвнӕлд кизгӕ адтӕй, уӕддӕр. Еци биццеу исуодзӕй, Хуцау зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци Паддзах ӕма ӕ Паддзахадӕ лӕудзӕй ӕносмӕ. Е уодзӕй Хуцауи Фурт. Хуцау ин ӕ цард уӕлӕрвтӕй Марийи хурфӕмӕ рахӕсдзӕй.
Марийӕ сӕрниллӕгӕй исарази ӕй еци кадгин ихӕс исӕнхӕст кӕнунмӕ. Лӕгмӕ кӕмӕ гъӕуама ӕрцудайдӕ, еци лӕхъуӕн хундтӕй Иосиф, ӕма адтӕй гъӕдиндзаумаугӕнӕг. Иосифмӕ изӕд фӕззиндтӕй ӕма ин балӕдӕрун кодта, Марийӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ке бауӕззау ӕй. Уой фӕсте Иосиф Марийи ракурдта. Фал Киристе Вифлееми ке гъӕуама райгура, еци пахампарадӕ куд исӕнхӕст уодзӕй, кӕд ӕма Назареттӕй еци минкъий горӕтмӕ адтӕй 140 километри? (Михей 5:2).
Роми паддзах бардзурд равардта, цӕмӕй алкедӕр ӕ райгурӕн бӕсти ӕхе ниффинсун кодтайдӕ. Ӕвӕдзи, Иосиф ӕма Марийӕ дӕр Вифлееми райгурдӕнцӕ, ӕма сӕ уордӕмӕ цӕун багъудӕй (Лукай 2:3). Иосиф ӕма Марийӕ ӕрлӕудтӕнцӕ, фонс кӕми фӕддарунцӕ, уӕхӕн бунати. Уоми Марийӕн сувӕллон райгурдӕй ӕма ’й кӕвдӕси ниввардта. Уой фӕсте Хуцау изӕдти рарвиста, цӕмӕй фиййӕуттӕн фегъосун кӕнонцӕ, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, кенӕ Киристе, ке райгурдӕй.
Фӕстӕдӕр ӕндӕр гъуддӕгтӕй дӕр рабӕрӕг ӕй, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ке ӕй. Пахампар Исаййи дзурдтӕмӕ гӕсгӕ гъӕуама фӕззиндтайдӕ, Киристейӕн над ка ӕрцӕттӕ кодтайдӕ, уӕхӕн адӕймаг (Исай 40:3). Е адтӕй Аргъауӕг Иоанн. Иоанн Йесой ку фӕууидта, уӕд загъта: «Уӕртӕ Хуцауи Уӕриккӕ, е дуйней тӕрегъӕдтӕ фӕххӕсдзӕй!». Уӕд Иоанни ахуркӕнуйнӕгтӕй кадӕртӕ Йесой фӕдбӕл рацудӕнцӕ. Сӕ еу загъта: «Мах иссирдтан Мессийи» (Иоанни 1:29, 36, 41).
Йесо Хуцауӕй ӕрвист ке ӕй, уомӕн ма адтӕй еу бӕрӕггӕнӕн дӕр. Иоанн Йесойӕн донаргъуд ку лӕвардта, уӕд ибӕл Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ӕрцудӕй, ӕма Йеговӕ ӕхуӕдӕг уӕлӕрвтӕй ӕрдзурдта: «Айӕ ӕй мӕ Фурт, берӕ ке уарзун ӕма арази кӕмӕй дӕн, еци Фурт» (Матфеййи 3:16, 17). Аци дзурдтӕй рабӕрӕг ӕй, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ ке ӕй!
Еци хабар кӕд ӕрцудӕй? Н. э. 29-аг анзи, Данел ци 483 анзей туххӕй дзурдта, етӕ ку райевгъудӕнцӕ, уӕд. Уомӕй рабӕрӕг ӕй, Йесо Мессийӕ, кенӕ Киристе, ке ӕй. Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд цӕхуӕн хабар игъосун кодта?
Матфеййи, 1–3 сӕртӕ; Марки, 1 сӕр; Лукай, 2 сӕр; Иоанни, 1 сӕр.