27 СӔР
Паддзахади зали библиотекӕ нин ци пайда ӕй?
Ка ’й зонуй, ӕма дӕ Библийӕй фӕндуй цидӕр фарста кенӕ цидӕр стих лӕмбунӕгдӕр равзарун кенӕ, Библи ци адӕми кой кӕнуй, ци бунӕтти ӕма ци хабӕртти туххӕй дзоруй, уони хуӕздӕр базонун. Гӕнӕн ес, ӕма цидӕр зин уавӕри дӕ, ӕма дӕ фӕндуй, Хуцауи Дзурд уой фӕдбӕл ци дзоруй, уой базонун. Уомӕн дин ӕнхус уодзӕй, Паддзахади зали ци библиотекӕ ес, е.
Ес си хуарз «косӕндзаумау» Библи ӕртасунмӕ. Йегови Ӕвдесӕнти публикацитӕй дӕмӕ ӕвӕдзи алкӕци дӕхе ӕвзагбӕл нӕййес. Паддзахади зали библиотеки ба ес, фӕстаг ӕнзти ци публикацитӕ рацудӕй, уонӕн сӕ фулдӕр. Уомӕй уӕлдай ма си фӕууй Библи аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл, дзурдуӕттӕ ӕма аллихузи энциклопедитӕ. Еци библиотекӕй дӕ бон ӕй ӕмбурди разӕй кенӕ ӕмбурди фӕсте еститӕ бакӕсун. Кӕд си компьютер ес, уӕд си, ӕвӕдзи, ӕвӕрд уодзӕй нӕ библиотекӕ дӕр (Watchtower Library). Е ӕй, берӕ аллихузи публикацитӕ кӕми ес, уӕхӕн компьютери программӕ. Ӕма дӕ ести фарста, дзурд кенӕ стих рартасун ку фӕндӕуа, уӕд си ӕрмӕг ӕнцонтӕй иссердзӕнӕ.
Устур ӕнхус ӕй, Нӕ киристон цард ӕма лӕггади фембӕлди ихӕслӕвӕрд кӕмӕн фӕууй, уонӕн. Кӕд дӕуӕн дӕр „Нӕ киристон цард ӕма лӕггади фембӕлд“-и ихӕслӕвӕрд фӕууй, уӕд дӕхе цӕттӕ кӕнгӕй Паддзахади зали библиотеки хуарз ӕрмӕг иссердзӕнӕ. Библиотекӕбӕл дзуапп дӕттуй Скъолай цӕстӕдарӕг. Е ӕ цӕстӕ даруй, цӕмӕй си уонцӕ фӕстаг публикацитӕ, удта си алцидӕр ӕ бунати ӕвӕрд уа. Скъолай цӕстӕдарӕг кенӕ, дӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, е дин байамондзӕй, ести фарстай фӕдбӕл си ӕрмӕг дӕ бон куд ӕй иссерун, уой. Ци киунугутӕ си ес, уони Паддзахади залӕй ӕндӕмӕ хӕссӕн нӕййес. Удта киунугутӕ скъудтӕ кӕнӕн ӕма си хӕнхитӕ кӕнӕн дӕр нӕййес.
Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, «Хуцауи туххӕй зонундзийнӕдтӕ» иссерун ке фӕндуй, е сӕ гъӕуама агора «римӕхст хӕзнати хузӕн» (Ӕмбесӕндтӕ 2:1–5). Ӕма дин уомӕн ба устур ӕнхус уодзӕй Паддзахади зали библиотекӕ.
-
Паддзахади зали библиотекӕ цӕмӕн гъӕуй?
-
Еци библиотекӕй дӕ бон куд ӕй пайда кӕнун?