2 СӔРГОНД
Хуцау ка ӕй?
1. Хуцауӕн ковун цӕмӕн гъӕуй?
Ӕцӕг Хуцау ӕй, Дуйне ка сфӕлдиста, е. Уомӕн нӕдӕр райдайӕн ес, нӕдӕр кӕрон (Псалом 90:2). Библий ци хуарз хабар финст ес, е дӕр Хуцауӕй ӕй (1 Тимофеймӕ 1:11). Цард нин Хуцау ке равардта, уомӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр гъӕуама уомӕн ковӕн. Бакӕсӕ Раргомадӕ 4:11.
2. Хуцау цӕхуӕн ӕй ӕма имӕ цӕхуӕн менеугутӕ ес?
Еунӕг адӕймаг дӕр Хуцауи некӕд фӕууидта, уомӕн ӕма ин фӕууинӕн нӕййес. Ӕ бауӕр зӕнхон адӕймаги бауӕри хузӕн нӕй – е адӕймагӕй берӕ уӕлдӕр ӕй (Иоанни 1:18; 4:24). Фал кӕд нӕ бон Хуцауи фӕууинун нӕй, уӕддӕр ибӕл е сфӕлдистадӕй берӕ цидӕртӕ ес базонӕн. Зӕгъӕн, зӕнхӕбӕл ци берӕ аллихузи рӕзӕ ӕма дидингутӕ ес, етӕ ӕ зунд ӕма ӕ уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ. Ци ӕнӕкӕрон Дун-дуйне сфӕлдиста, уомӕй ба бӕрӕг ӕй, ци устур хъаурӕ имӕ ес, е. Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:20.
Хуцауи туххӕй ма фулдӕр базондзинан, Библи ку кӕсӕн, уӕд. Зӕгъӕн, финст си ес, Хуцауи зӕрдӕмӕ ци цӕуй ӕма ци нӕ цӕуй, адӕммӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй ӕма аллихузи уавӕрти куд фӕййархайуй, уой туххӕй. Бакӕсӕ Псалом 103:7–10.
3. Хуцауӕн ном ес?
Киристе загъта: «Нӕ уӕларвон Фидӕ, исрохс уӕд дӕ ном» (Матфеййи 6:9). Хуцауи аллихузи фӕххонунцӕ, фал ин ном ба еунӕг ес. Еци ном алли ӕвзагбӕл дӕр аллихузи игъусуй. Дигоронау ба ӕй «Йеговӕ». Бакӕсӕ Псалом 83:18.
Библий берӕ тӕлмацтӕй Хуцауи ном рандӕ кодтонцӕ ӕма ин ӕ бӕсти ӕндӕр дзурдтӕ ниффинстонцӕ, зӕгъӕн, «Дуйнедарӕг» кенӕ «Хуцау». Фал Библи фиццаг финст ку ӕрцудӕй, уӕд си Хуцауи ном финст адтӕй еу-7 000 хаттей бӕрцӕ. Киристе дӕр адӕмӕн Хуцауи туххӕй ку дзоридӕ, уӕд ин ӕ ном ӕргом кӕнидӕ. Бакӕсӕ Иоанни 17:26.
Бакӕсӕ видеороликмӕ «Хуцауӕн ном ес?»
4. Цума нӕбӕл Йеговӕ тухсуй?
Цума абони адӕм гъезӕмӕрттӕ ке ӕвзарунцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Хуцаумӕ ӕппундӕр мах сагъӕс нӕййес? Беретӕ уотӕ ӕнгъӕлунцӕ, цума нин Хуцау гъезӕмӕрттӕ барӕй ӕвзарун кӕнуй, цӕмӕй нӕ бафӕлвара. Фал е уотӕ нӕй. Бакӕсӕ Иакови 1:13.
Хуцау адӕймагӕн балӕвар кодта сӕребарӕдзийнадӕ, гъома нин барӕ дӕттуй, цӕмӕй нӕхуӕдтӕ ӕвзарӕн, лӕггадӕ ин кӕндзинан ӕви нӕ. Ӕма си уой туххӕй боз куд гъӕуама ма уӕн! (Йесо Навин 24:15). Фал беретӕ сӕ царди лӕгъуз над равзарунцӕ ӕма ма иннетӕ дӕр уони фудӕй гъезӕмарӕ кӕнунцӕ. Йеговӕн хъӕбӕр зин ӕй еци гъуддӕгтӕмӕ кӕсун. Бакӕсӕ Райдайӕн 6:5, 6.
Йеговӕ нӕ берӕ уарзуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй нӕ цардӕй зӕрдӕрохс уӕн. Тагъд рӕстӕги кӕрон искӕндзӕй гъезӕмӕрттӕн, удта ке фудӕй цӕунцӕ, уонӕн дӕр. Нури уӕнгӕ дӕр син цӕмӕдӕр гӕсгӕ бухсуй. Уой туххӕй фулдӕр базондзӕнӕ 8-аг сӕргондӕй. Бакӕсӕ 2 Петури 2:9; 3:7, 13.
5. Хуцаумӕ цӕй фӕрци бахӕстӕг уодзинан?
Йегови фӕндуй, цӕмӕй имӕ бахӕстӕг уӕн. Уомӕ гӕсгӕ ба имӕ гъӕуама зӕрдиагӕй ковӕн ӕма ин нӕ сагъӕстӕ дзорӕн. Йеговӕн алли адӕймаг дӕр хъазар ӕй (Псалом 65:2; 145:18). Е алкӕддӕр цӕттӕ ӕй хатир кӕнунмӕ. Йеговӕ ’й уинуй, ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун нӕ ке фӕндуй, ӕма ин е хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй. Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма махӕн нӕ бон ӕй Хуцаумӕ хӕстӕг кӕнун, кӕд ӕнӕрӕдуйгӕ нӕ ан, уӕддӕр. Бакӕсӕ Псалом 103:12–14; Иакови 4:8.
Йеговӕ нин цард ке балӕвар кодта, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама ӕгасемӕй фулдӕр уой уарзӕн (Марки 12:30). Ӕма цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ бӕрӕг уа, уой туххӕй ба ибӕл гъӕуама фулдӕр базонӕн ӕма ин ӕ фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнӕн. Гъе уотемӕй имӕ хӕстӕгдӕр кӕндзинан. Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 2:4; 1 Иоанни 5:3.