25 ЗАР
Хуцауи ’взурст адӕн
-
1. Не ’Стур Хуцау ӕхецӕн
Нӕуӕг адӕн равзурста.
Ӕнцӕ хайгин ӕ фарнӕй,
Аргъ сӕбӕл бафиста.
БАЗАРД
Дӕ номбӕл ’взурст адӕн –
Ес син де ’стур кадӕй хай.
Сӕ уарзт ма лӕггадӕй
Дӕ кадгин ном райгъусдзӕй идард.
-
2. Етӕ ’нцӕ сугъдӕг адӕн,
Рӕстдзийнади фарс ӕнцӕ.
Дуйней талингӕй рохсмӕ
Етӕ рацудӕнцӕ.
БАЗАРД
Дӕ номбӕл ’взурст адӕн –
Ес син де ’стур кадӕй хай.
Сӕ уарзт ма лӕггадӕй
Дӕ кадгин ном райгъусдзӕй идард.
-
3. Загъд син куд адтӕй, уотӕ
Ӕндӕр фусти хонунцӕ.
Ӕнхӕст алкӕд кӕнунцӕ
Киристей амундтӕ.
БАЗАРД
Дӕ номбӕл ’взурст адӕн –
Ес син де ’стур кадӕй хай.
Сӕ уарзт ма лӕггадӕй
Дӕ кадгин ном райгъусдзӕй идард.
(Кӕсӕ ма Ис. 43:20б, 21; Мал. 3:17; Кол. 1:13.)