Йегови Ӕвдесӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ цӕмӕн цӕунцӕ?
Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн загъта: «Цотӕ ӕма мин ӕгас адӕмихӕттитӕй дӕр цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ» (Матфейи 28:19, 20). Ӕ фиццаг ахуркӕнуйнӕгти ку рарвиста, уӕд син загъта, цӕмӕй адӕммӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ цӕуонцӕ (Матфейи 10:7, 11–13). Йесой мӕлӕти фӕсте фиццаг ӕноси цӕрӕг киристӕнттӕ идарддӕр хуарз хабар игъосун кодтонцӕ «адӕми рази дӕр ӕма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ дӕр» (Гъуддӕгтӕ 5:42; 20:20). Мах дӕр уони фӕнзӕн, уомӕн ӕма хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосунгӕнгӕй фулдӕр адӕми хӕццӕ ес радзубанди кӕнӕн.