Чи у антихрист?
Дзуапп Библийӕ
Дзырд «антихрист» цы грекъаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «Чырыстийы ныхмӕ [кӕнӕ йӕ бӕсты]». Антихрист, кӕнӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг, иу адӕймаг кӕнӕ иу адӕмы къорд нӕу. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ» ис (1 Иоанны 2:18). Кӕмӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ антихрист у? Мӕнӕ ацы хъуыддӕгтӕ чи аразы, уымӕй:
Зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, Йесо нӕу Чырысти (ома Мессийӕ) стӕй, дам, Хуыцауы Фырт дӕр нӕу (1 Иоанны 2:22).
Цӕуы Чырыстийы ныхмӕ, ома Хуыцауы Сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ (Псалом 2:1, 2; Лукайы 11:23).
Йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма Чырысти у (Матфейы 24:24).
Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты фӕдыл зилы, ӕмӕ Йесо та уый афтӕ нымайы, цыма йын йӕхи фӕдыл зилы (Хъуыддӕгтӕ 9:5).
Йӕхи хоны чырыстон, афтӕмӕй та у фыдгӕнӕг ӕмӕ сайыны куыст кӕны (Матфейы 7:22, 23; 2 Коринфӕгтӕм 11:13).
Куыд федтам, афтӕмӕй, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны тыххӕй Библи дзуры бирӕон нымӕцы, фӕлӕ сӕ кой ӕмткӕй райсгӕйӕ кӕм цӕуы, уым та сӕ хоны «Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг», цыма иу чидӕр у, афтӕ (2 Иоанны 7). Антихрист фыццаг хатт фӕзынд апостолты рӕстӕджы ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ йӕ куыст кӕны. Ӕмӕ уый Библийы рагацау загъд дӕр уыди (1 Иоанны 4:3).
Антихристты куыд ис базонӕн
Уыдон Йесойы тыххӕй мӕнгахуырӕдтӕ парахат кӕнынц (Матфейы 24:9, 11). Зӕгъӕм, афтӕ чи дзуры, ӕмӕ, дам, Хуыцау Троицӕ у кӕнӕ Йесо Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, уый ӕцӕгӕй дӕр цӕуы Йесойы ахуырӕдты ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28).
Антихристтӕ раст не ’мбарын кӕнынц, Хуыцауы Паддзахад куыд архайы, уый фӕдыл Чырысти цы загъта, уый. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр дины разамонджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Чырысти зӕххон хицауӕдты уылты архайы. Фӕлӕ Чырысти та афтӕ загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоанны 18:36).
Уыдон Чырыстийы хонынц сӕ Хицау, фӕлӕ йын йӕ фӕдзӕхстыттӕ та не ’ххӕст кӕнынц, зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ хъусын кӕнынц (Матфейы 28:19, 20; Лукайы 6:46; Хъуыддӕгтӕ 10:42).