Библи чи ныффыста, уый исчи зоны?
Дзуапп Библийӕ
Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Библи чи ныффыста, уый бӕлвырдӕй ничи зоны. Фӕлӕ Библийы бирӕ рӕтты ӕргом фыст ис, чи йӕ фыста, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, иуӕй-иу скъуыддзӕгтӕ дзы райдайынц ахӕм ныхӕстӕй: «Неемийы ныхӕстӕ», «Исайы цӕстылуайӕн» кӕнӕ «Йегъовӕ... Иоилы уылты загъта» (Нееми 1:1; Исай 1:1; Иоил 1:1).
Библийы фысджытӕн сӕ фылдӕр ӕргом дзырдтой, иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы номӕй кӕй фыстой ӕмӕ, цы фыстой, уый сын Хуыцау кӕй амыдта. Дзуттаг Фыстытӕ чи фыста, уыцы пехуымпартӕ 300 хаттӕй фылдӕр ныффыстой ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ» (Амос 1:3; Михей 2:3; Наум 1:12). Иннӕтӕм та-иу Хуыцау йӕ ныхас фӕхӕццӕ кодта зӕдты уылты (Захари 1:7, 9).
Библи фыстой 40 нӕлгоймаджы бӕрц 1 600 азӕй фылдӕр. Иуӕй-иутӕ дзы ныффыстой цалдӕр чиныджы дӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Библи у гыццыл библиотекӕ, ис дзы 66 чиныджы. 39 чиныджы ис Дзуттаг Фыстыты, хонынц ма сӕ Рагон Фӕдзӕхст дӕр. 27 чиныджы та ис Чырыстон Грекъаг Фыстыты, арӕх сӕ фӕхонынц Ног Фӕдзӕхст.