Марийӕ Хуыцауы мад у?
Дзуапп Библийӕ
Нӕ, Библи афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ Марийӕ Хуыцауы мад у, стӕй дзы афтӕ фыст дӕр нӕй, ӕмӕ йын чырыстӕттӕ хъуамӕ кувой кӕнӕ йын кад кӕной a. Ахъуыды-ма кӕнӕм:
Марийӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ Хуыцауы мад у. Библи ӕмбарын кӕны, Марийӕйӕн Хуыцау кӕй нӕ райгуырд, фӕлӕ «Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт» кӕнӕ «Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:32, 35).
Чырысти афтӕ никуы загъта, ӕмӕ Марийӕ Хуыцауы мад у, кӕнӕ йын уӕлдай кад кӕнын кӕй хъӕуы. Иу сылгоймаг ын йӕ мад Марийӕйы амондджын куы схуыдта, уӕд ын загъта: «Нӕ, амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:27, 28).
Ныхӕстӕ «Хуыцауы мад» ӕмӕ «Теото́кос» (Хуыцауы ныййарӕг) Библийы фыст никуы сты.
Библийы ӕмбӕлы дзырдбаст «уӕлӕрвты ус-паддзах», фӕлӕ Марийӕмӕ нӕ амоны. Уый амоны, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыцы израилӕгтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы ус-хуыцаумӕ (Йереми 44:15–19). «Уӕлӕрвты ус-паддзах» ма, гӕнӕн ис, амыдта Вавилоны ус-хуыцау Иштармӕ (Астартӕ).
Фыццаг чырыстӕттӕ Марийӕйӕн нӕ куывтой ӕмӕ йын уӕлдай кад дӕр нӕ кодтой. Иу ахуыргонд куыд загъта, афтӕмӕй фыццаг чырыстӕттӕ «никӕмӕн куывтой ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тарстысты Марийӕмӕ се ’ргом ӕгӕр куы здахой, уӕд исчи афтӕ куы ахъуыды кӕна, ӕмӕ йӕ ус-хуыцауыл нымайынц» (In Quest of the Jewish Mary).
Библийы фыст ис, Хуыцау алкӕддӕр кӕй уыд (Псалом 90:1, 2; Исай 40:28). Хуыцауӕн райдиан кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йын мад дӕр нӕ уыд. Стӕй Марийӕйӕн йӕ бон нӕ уыд Хуыцауы йӕ гуыбыны хӕссын, уымӕн ӕмӕ Библийы бӕлвырд фыст ис, Хуыцау уӕлӕрвты дӕр нӕ цӕуы, зӕгъгӕ (1 Паддзӕхты 8:27).
Марийӕ Чырыстийы мад уыд, «Хуыцауы мад» нӕ уыд
Марийӕ уыди дзуттаг, паддзах Давиды байзӕддаг (Лукайы 3:23–31). Йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй «Хуыцауӕн уарзон адӕймаг» уыди (Лукайы 1:28). Хуыцау ӕй равзӕрста, цӕмӕй Чырыстийы мад суыдаид (Лукайы 1:31, 35). Марийӕ ӕмӕ йӕ лӕг Иосифӕн ӕндӕр сывӕллӕттӕ дӕр уыд (Марчы 6:3).
Кӕд Библийӕ бӕрӕг у, Марийӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй сси, уӕддӕр дзы йӕ кой бирӕ нӕй (Хъуыддӕгтӕ 1:14).
a Иуӕй-иу динтӕ дзурынц, Марийӕ Хуыцауы мад кӕй у. Хонынц ма йӕ «Уӕлӕрвты ус-паддзах» кӕнӕ Теото́кос, ацы грекъаг дзырд нысан кӕны «Хуыцауы ныййарӕг».