Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?
Дзуапп Библийӕ
Нӕ. Хуыцауы Паддзахад, чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕйы цы ис, ахӕм цыдӕр нӕу a. Библи Хуыцауы Паддзахад хоны «уӕларвон паддзахад», ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ӕцӕгӕй кӕм ис, уый (Матфейы 4:17). Библийӕ базонӕн ис, уыцы паддзахад хицауад кӕй у ӕмӕ разамынд уӕлӕрвтӕй кӕй дӕтты.
Хуыцауы Паддзахады ис хицӕуттӕ, ис ын дӕлбар цӕрджытӕ, закъӕттӕ ӕмӕ бартӕ, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕна уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр (Матфейы 6:10; Раргомад 5:10).
Хуыцауы хицауадӕн, кӕнӕ Паддзахадӕн, йӕ дӕлбар уыдзысты «адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр» ӕмӕ сын разамынд дӕтдзӕн (Данел 7:13, 14). Хицауы бартӕ йын адӕм нӕ радтой, фӕлӕ Хуыцау (Псалом 2:4–6; Исай 9:7).
Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн загъта, уӕларвон Паддзахады йемӕ паддзахбадӕнтыл кӕй баддзысты (Лукайы 22:28, 30).
Хуыцауы Паддзахадӕн ис знӕгтӕ ӕмӕ сӕ фесафдзӕн (Псалом 2:1, 2, 8, 9; 110:1, 2; 1 Коринфӕгтӕм 15:25, 26).
Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ, адӕймаг Хуыцауы коммӕ куы фӕкӕсы, уӕд Хуыцауы Паддзахад йӕ зӕрдӕйы кӕй вӕййы. Фӕлӕ дзы базонӕн ис, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй «Паддзахады тыххӕй дзырд», кӕнӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар», адӕймаджы зӕрдӕйыл ӕндава ӕмӕ йыл хъуамӕ ӕндавгӕ дӕр кӕна (Матфейы 13:19; 24:14).
Куыд ӕмбаргӕ сты ныхӕстӕ, «Хуыцауы Паддзахад уӕ мидӕг ис», зӕгъгӕ?
Хуыцауы Паддзахад кӕм ис, уый иуӕй-иутӕ не ’мбарынц, Библийы кӕцыдӕр тӕлмацты Лукайы 17:21 стих куыд ратӕлмац кодтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир»-ы у афтӕ: «Хуыцауы Паддзахад уӕ мидӕг ис». Цӕмӕй ацы стих раст бамбарӕм, уый тыххӕй йын хъӕуы йӕ контекстмӕ ӕркӕсын.
Ацы ныхӕстӕ Йесо загъта фарисейтӕн, йӕ ныхмӕ чи цыд ӕмӕ йӕ чи амарын кодта, уыцы дзуттаг дины разамонджытӕн (Матфейы 12:14; Лукайы 17:20). Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны схъӕлзӕрдӕты уыдаид? Йесо сын загъта: «Мидӕгӕй... йедзаг стут цӕстмӕми ӕмӕ фыддзинадӕй» (Матфейы 23:27, 28).
Ӕндӕр тӕлмацы бӕлвырддӕр у, Лукайы 17:21 стихы Йесо цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый: «Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис» (Ног дунейы тӕлмац). Уӕларвон Паддзахад фарисейты ’хсӕн уыцы хуызы уыд, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фидӕны Паддзах Йесо сӕ разы лӕууыд (Лукайы 1:32, 33).
a Бирӕ аргъуанты дзурынц, Хуыцауы Паддзахад адӕймагӕн йӕ мидӕг, кӕнӕ йӕ зӕрдӕйы, кӕй ис. Зӕгъӕм, иу энциклопедийы фыст ис: «Хуыцауы Паддзахад фенын нысан кӕны, нӕ мидӕг паддзах Хуыцау кӕй у, уый фенын» (Православная энциклопедия). Ромаг папӕ Бенедикт XVI дӕр йӕ чиныджы «Назаретаг Йесо» ныффыста: «Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуы коммӕгӕс зӕрдӕйы уылты».