Галатӕгтӕм 1:1—24

1  Ӕз, апостол+ Павел+, нӕдӕр адӕмы уынаффӕмӕ гӕсгӕ сдӕн апостол, нӕдӕр мӕ адӕймаг сӕвӕрдта апостолӕй – мӕн апостолӕй сӕвӕрдтой Йесо Чырысти+ ӕмӕ нӕ Фыд+, Хуыцау, Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, уый+.  Гъемӕ ӕз, мемӕ чидӕриддӕр ис, уыцы ӕфсымӕртимӕ+ фыссын Галатийы ӕмбырдтӕм+.  Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй+ хайджын ут.  Уый йӕхи радта нӕ тӕригъӕдты тыххӕй+, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы ӕвзӕр дунейӕ+, нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды фӕндонмӕ+ гӕсгӕ.  Хуыцауӕн кад уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ!+ Аммен.  Диссаг мӕм кӕсы, Чырыстийы стыр хорзӕхы+ фӕрцы уӕ йӕхимӕ+ чи ӕрхуыдта, уый уӕ куыд тагъд райдыдта рох кӕнын ӕмӕ уе ’ргом куыд тагъд аздӕхтат ӕндӕр хорз хабармӕ+.  Уӕвгӕ, уый хорз хабар дӕр нӕу, фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ уӕ чидӕртӕ къуылымпы кӕнынц+ ӕмӕ сӕ фӕнды Чырыстийы тыххӕй хорз хабар сзыгъуыммӕ кӕнын+.  Фӕлӕ уын махӕй исчи, йе та уӕларвӕй зӕд дӕр, цы хорз хабар уӕм ӕрхастам, уымӕй уӕлдай хорз хабары ӕфсон ӕндӕр исты куы хъусын кӕна, уӕд ӕлгъыст фӕуӕд+.  Уӕлдӕр уын цы загътам, уый ма уын ноджыдӕр иу хатт зӕгъын: цӕуыл баууӕндыдыстут, уымӕй уӕлдай уын+ хорз хабары ӕфсон ӕндӕр исты чи дзуры, уый чифӕнды ма уа,– ӕлгъыст фӕуӕд. 10  Цымӕ ӕз адӕмы хорзӕх агурын ӕви Хуыцауы хорзӕх? Кӕнӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын?+ Ӕз ныр дӕр ма адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин+, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин+. 11  Сымахӕн мӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ уӕм ӕз цы хорз хабар ӕрхастон, уый адӕмӕй нӕу+, 12  уымӕн ӕмӕ уыцы хорз хабар ӕз нӕдӕр адӕмӕй фехъуыстон, нӕдӕр ӕй адӕмӕй базыдтон, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта+. 13  Куыннӕ фехъуыстаиккат, раздӕр, дзуттаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цытӕ кодтон, уый тыххӕй+: Хуыцауы ӕмбырд куыд карзӕй ӕфхӕрдтон+ ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон+. 14  Дзуттаг дины мӕнӕн цы бантыст, уый мӕ адӕмы ’хсӕн ме ’мгӕрттӕй бирӕтӕн нӕ бантыст+, ӕз бирӕ ӕнувыддӕр уыдтӕн+ мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттыл+. 15  Фӕлӕ мын царды рухс чи фенын кодта ӕмӕ мӕ йе стыр хорзӕхы+ фӕрцы чи ӕрхуыдта+, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд 16  йӕ Фырты мӕн уылты раргом кӕнын+, цӕмӕй йӕ Фырты тыххӕй хорз хабар иннӕ адӕмтӕн хъусын кӕнон+, уӕд ӕз адӕмӕй никӕмӕ ацыдтӕн уынаффӕ кӕнынмӕ+. 17  Ӕмӕ, мӕнӕй раздӕр чи сси апостол+, уыдонмӕ дӕр Иерусалиммӕ нӕ ацыдтӕн, фӕлӕ ацыдтӕн Аравимӕ, стӕй фӕстӕмӕ Дамаскмӕ ӕрыздӕхтӕн+. 18  Ӕртӕ азы фӕстӕ та ацыдтӕн Иерусалиммӕ+ Кифӕйы+ фенынмӕ ӕмӕ йемӕ баззадтӕн фынддӕс боны. 19  Фӕлӕ иннӕ апостолтӕй нӕ Хицауы ӕфсымӕр+ Иаковы+ йеддӕмӕ никӕй федтон. 20  Хуыцау мын ӕвдисӕн: цы уӕм фыссын, уыдон гӕдыныхӕстӕ не сты+. 21  Уый фӕстӕ ацыдтӕн+ Сиримӕ ӕмӕ Киликимӕ. 22  Фӕлӕ мӕ Иудейӕйы чырыстон ӕмбырдты+ лӕгӕй-лӕгмӕ нӕ зыдтой. 23  Ӕрмӕст иннӕтӕй хъуыстой, раздӕр, дам, нӕ ӕфхӕргӕ чи кодта+, уый, дам, ныр хъусын кӕны хорз хабар, кӕддӕр фесафынмӕ кӕй хъавыд, уыцы дины тыххӕй+. 24  Гъемӕ, мӕ хабӕрттӕ базонгӕйӕ, Хуыцауы кадджын кодтой+.

Фиппаинӕгтӕ