Данел 9:1—27
9 Дарийы+, мидиаг+ Ахашверошы фырты, сӕвӕрдтой халдейты паддзахады паддзахӕй+.
2 Ӕмӕ фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд ӕз, Данел, чингуытӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кодтон, Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн+ цы загъта, уымӕ гӕсгӕ Иерусалим ӕдзӕрӕгӕй цал азы хъуамӕ лӕууа, уый+ – бӕлвырдӕй ӕвдай азы+.
3 Ӕмӕ ме ’ргом аздӕхтон+ Йегъовӕмӕ, ӕцӕг Хуыцаумӕ: куывтон+ ӕм, лӕгъстӕ йын кодтон ӕмӕ ком дардтон, мӕ уӕлӕ хъисын скодтон ӕмӕ мӕ сӕрыл фӕнык байзӕрстон, афтӕмӕй+.
4 Ӕз мӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кувын райдыдтон, нӕ тӕригъӕдтӕ йын ӕргом кодтон ӕмӕ йын дзырдтон+:
«О Йегъовӕ, ӕцӕг Хуыцау, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы стыр Хуыцау!+ Чи дӕ уарзы ӕмӕ дын дӕ фӕдзӕхстытӕ+ чи ’ххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй ды ӕххӕст кӕныс дӕ бадзырд+ ӕмӕ сын де ’нувыд уарзтӕй хай кӕныс+.
5 Мах тӕригъӕды бафтыдыстӕм+, кодтам ӕвзӕр митӕ, фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтам ӕмӕ дӕ ныхмӕ цыдыстӕм+. Дӕ фӕдзӕхстытӕй ӕмӕ дын дӕ закъӕттӕй аздӕхтыстӕм+.
6 Нӕ дын хъуыстам дӕ лӕггадгӕнджытӕм, пехуымпартӕм+, дӕ номӕй нӕ паддзӕхтӕн, нӕ кънйӕзтӕн, нӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ нӕ бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн дӕ ныхас чи дзырдта, уыдонмӕ+.
7 О Йегъовӕ, дӕумӕ ис рӕстдзинад, махӕн та абон фырхудинагӕй нӕ цӕсгӕмттӕ судзынц+ – Иудӕйы адӕмӕн дӕр, Иерусалимы цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн дӕр, гадзрахатӕй дыл кӕй цыдысты, уый тыххӕй алы бӕстӕтыл кӕй ныппырх кодтай, хӕстӕг чи цӕры ӕмӕ дард чи цӕры, уыдонӕн+.
8 О Йегъовӕ, дӕ разы тӕригъӕд кӕй ракодтам, уый тыххӕй фырхудинагӕй нӕ цӕсгӕмттӕ судзынц – махӕн дӕр, нӕ кънйӕзтӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕн дӕр+.
9 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ хатыргӕнаг+ Хуыцау, мах та дӕ ныхмӕ рацыдыстӕм+.
10 Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, мах дӕм нӕ хъуыстам ӕмӕ нын дӕ лӕггадгӕнджыты уылты, пехуымпарты уылты, цы закъӕттӕ радтай, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ цардыстӕм+.
11 Израилӕгтӕ иууылдӕр дӕ закъоны сӕрты ахызтысты, дӕ ныхасмӕ дын нӕ хъуыстой+ ӕмӕ адзӕгъӕл сты. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ӕлгъысты хай бакодтай – сомыйы+ фӕрцы кӕй сфидар кодтай ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Моисейы закъоны фыст чи ис, уыцы ӕлгъысты хай, уымӕн ӕмӕ дӕ разы тӕригъӕд ракодтам.
12 Ды сӕххӕст кодтай, нӕ ныхмӕ+ ӕмӕ нӕ тӕрхонгӕнджыты ныхмӕ, тӕрхон нын чи кодта, уыдоны ныхмӕ+ кӕй дзырдтай, уыцы ныхӕстӕ – стыр бӕллӕхы хай нӕ бакодтай, ӕмӕ, Иерусалимы цы ’рцыд, ахӕм хабар арвы бын никуыма ӕрцыд+.
13 Моисейы закъоны куыддӕриддӕр фыст ис+, афтӕ нӕ уыцы бӕллӕх баййӕфта+, фӕлӕ дын мах, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, дӕ зӕрдӕ не ’рфӕлмӕн кодтам – нӕ фыдхъуыддӕгтӕ нӕ ныууагътам+ ӕмӕ, алкӕддӕр дӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕныс, уымӕ нӕ хъус не ’рдардтам+.
14 Йегъовӕ, ды дӕхи цӕттӕйӕ дардтай ӕмӕ нӕ ӕппынфӕстаг уыцы бӕллӕхы хай бакодтай+, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст, мах та дын дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстам+.
15 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фидар къухӕй+ дӕ адӕмы Египеты зӕххӕй ракодтай ӕмӕ дӕ ном скадджын кодтай, ӕмӕ дын ӕй абоны онг дӕр зонынц!+ Мах тӕригъӕд ракодтам+, фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтам.
16 О Йегъовӕ, дӕ раст+ хъуыддӕгты номыл дӕ курын, дӕ горӕт Иерусалимыл, дӕ сыгъдӕг хохыл+, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдӕх мауал кал, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлты+ тӕригъӕдты ӕмӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй Иерусалим дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр, нӕ алыварс чи цӕры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр фидиссаг фесты+.
17 О нӕ Хуыцау, байхъус дӕ лӕггадгӕнӕджы куывдмӕ ӕмӕ лӕгъстӕтӕм, ӕмӕ дӕ номы тыххӕй, Йегъовӕ, дӕ цӕсгомы рухс+ раздах дӕ кувӕндонмӕ, ныр пырхӕй чи лӕууы, уымӕ+.
18 Дӕ хъус мӕм ӕрдар, мӕ Хуыцау, фехъус мӕ+. Дӕ цӕстытӕ байгом кӕн ӕмӕ ӕркӕс, дӕ ном дын чи хӕссы+, уыцы горӕт ӕдзӕрӕгӕй куыд лӕууы, уымӕ. Раст кӕй стӕм, уый тыххӕй дын нӕ лӕгъстӕ кӕнӕм+, фӕлӕ ды фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау кӕй дӕ, уый тыххӕй.
19 О Йегъовӕ, фехъус мӕ+. О Йегъовӕ, ныххатыр нын кӕн+. О Йегъовӕ, дӕ хъус ӕрдар ӕмӕ архайын райдай+. Фӕстиат ма кӕн+, мӕ Хуыцау, дӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ горӕт ӕмӕ дӕ адӕм дӕ ном хӕссынц»+.
20 Афтӕ дзырдтон ӕмӕ куывтон, мӕ тӕригъӕд+ ӕмӕ мӕ адӕм Израилы тӕригъӕд ӕргом кодтон+ ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг хохы+ тыххӕй мӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон.
21 Ӕмӕ куыд куывтон, афтӕ мӕ разы ӕрлӕууыд Гавриил*+, уый размӕ цӕстылуайӕны+ фӕлладӕй ӕмӕ тыхсастӕй кӕй федтон, уый. Уый уыд, изӕры-иу кувинаг куы хастой, уыцы афон+.
22 Гавриил мӕ схайджын кодта ӕмбарындзинадӕй ӕмӕ мын загъта:
«Данел, ӕз дӕм ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕнон, ӕмӕ алцыдӕр арфдӕр уынай ӕмӕ хуыздӕр ӕмбарай+.
23 Кувын ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнын куы райдыдтай, уӕд мын загъд уыди ныхас, ӕмӕ ӕз дӕр ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон, уымӕн ӕмӕ ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ+. Уӕдӕ ацы хъуыддагыл ахъуыды кӕн+ ӕмӕ, цы уыныс, уый бамбар.
24 Дӕ адӕмӕн+ ӕмӕ дӕ сыгъдӕг горӕтӕн+ нысангонд ӕрцыд ӕвдай къуырийы, цӕмӕй фыдхъуыддӕгтӕн+ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдӕн дӕр кӕрон ӕвӕрд ӕрцӕуа+, цӕмӕй фыдракӕндтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+, ӕнустӕм фидаргонд ӕрцӕуа рӕстдзинад+, цӕмӕй цӕстылуайӕныл ӕмӕ пехуымпар-ныхасыл мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕуа+ ӕмӕ сӕрст ӕрцӕуа Сыгъдӕджыты сыгъдӕг+.
25 Уӕдӕ йӕ базон ӕмӕ йӕ бамбар: Иерусалим фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕныны тыххӕй ӕмӕ йӕ ногӕй саразыны тыххӕй+ бардзырд+ куы рацӕуа, уӕдӕй Разамонӕг+ Мессийӕйы+ фӕзындмӕ рацӕудзӕн авд къуырийы ӕмӕ ӕхсай дыууӕ къуырийы+. Иерусалим фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзысты ӕмӕ йӕ ногӕй сараздзысты, скӕндзысты йын йӕ фӕз ӕмӕ йӕ къанау, фӕлӕ уый уыдзӕн уӕззау рӕстӕджыты.
26 Ӕхсай дыууӕ къуырийы фӕстӕ Мессийӕйы амардзысты+, ӕмӕ йын ницы баззайдзӕн+.
Горӕт ӕмӕ сыгъдӕг бынат+ та, чи ӕрцӕудзӕн, уыцы разамонӕджы адӕм зӕххӕмвӕз скӕндзысты+. Ӕмӕ йӕ кӕрон уыдзӕн донивылды хуызӕн. Суанг кӕронмӕ уыдзӕн хӕст. Ӕмӕ мӕнӕ цы уынаффӕ ӕрцыд хаст – бӕстӕ хъуамӕ хӕлддзӕгтӕ феста+.
27 Уый фӕрцы бадзырд+ къуырийы+ дӕргъы бирӕты тыххӕй уыдзӕн йӕ тыхы, ӕмӕ къуырийы астӕу нывӕндтӕ ӕмӕ кувинӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн+.
Ӕлгъагдзинӕдты базырыл уыдзӕн, бӕстӕ чи сафы, уый+. Цы уынаффӕ ӕрцыд хаст, уый баййафдзӕн, ӕдзӕрӕгӕй чи лӕудзӕн, уый дӕр, цалынмӕ бынтондӕр нӕ фесӕфа»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «адӕймаг Гавриил».