Екклесиаст 5:1—20

5  Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзармӕ куы цӕуай, уӕд-иу дӕхимӕ кӕс+. Уырдӕм уый тыххӕй ма цу, цӕмӕй нывонд ӕрхӕссай, ӕнӕзӕндтӕ куыд кӕнынц, афтӕ+, фӕлӕ цӕмӕй лӕмбынӕг байхъусай+. Уыдон не ’мбарынц, кӕй рӕдийынц+.  Дӕ дзыхӕй ӕнӕрхъуыды ныхас ма схауӕд+, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы раз исты зӕгъыныл тагъд ма кӕн+. Уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау уӕлӕрвты ис+, ды та – зӕххыл. Уӕдӕ дӕ ныхӕстӕн бӕрц зон+.  Адӕймаг бирӕ сагъӕстӕй фынтӕ куыд фӕуыны+, афтӕ бирӕ дзурын дӕр ӕнӕзонд ныхас расайы+.  Хуыцауӕн дзырд куы раттай, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы+. Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн+.  Цӕйнӕфӕлтау дзырд раттай+ ӕмӕ йӕ ма сӕххӕст кӕнай, фӕлтау дзырд ӕппындӕр ма ратт+.  Ма бауадз, цӕмӕй дӕ дӕ дзых фӕрӕдийын кӕна+, стӕй зӕды раз дӕр ма зӕгъ+, фӕрӕдыдтӕн+, зӕгъгӕ. Цӕмӕн дӕ хъӕуы, ӕмӕ дӕм дӕ ныхӕсты тыххӕй ӕцӕг Хуыцау смӕсты уа ӕмӕ, цы сарӕзтай, уый дын фехала?+  Адӕймаг бирӕ сагъӕстӕй фӕуыны фынтӕ+, бафты ӕнӕпайда хъуыддӕгтыл ӕмӕ дзӕгъӕлдзырдыл. Фӕлӕ ды тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй+.  Искӕцы бӕстӕйы куы фенай, ӕмӕ мӕгуырты ӕфхӕрынц, рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон зыгъуыммӕ кӕнынц+, уӕд-иу дӕм диссаг ма фӕкӕсӕд+, уымӕн ӕмӕ хицауы сӕрмӕ дӕр ис+ чидӕр+, ӕмӕ алкӕй сӕрмӕ дӕр ис, йӕхицӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм.  Ӕмӕ уыдоны се ’ппӕты дӕр зӕхх дары+, ӕмӕ паддзах йӕхӕдӕг дӕр, зӕхх цы дӕтты, уымӕй цӕры+. 10  Ӕвзист чи уарзы, уый никуы бафсӕддзӕн ӕвзистӕй, ӕмӕ хъӕздыгдзинад чи уарзы, уый – мулкӕй+. Ӕмӕ уый дӕр у дзӕгъӕлы+. 11  Адӕймагӕн йӕ фӕллӕйттӕ куы сбирӕ вӕййынц, уӕд сбирӕ вӕййынц, уыцы фӕллӕйттӕй чи цӕры, уыдон дӕр+. Ӕмӕ дзы сӕ хицауӕн та цы пайда ис? Сбада ӕмӕ сӕм кӕса, ӕндӕр ницы+. 12  Кусӕг лӕг адджын фынӕй фӕкӕны+ – уӕлдай нӕу, бирӕ бахӕра ӕви гыццыл. Хъӕздыг та йӕ бирӕ фӕллӕйтты мӕтӕй ӕгъуыссӕг фӕвӕййы. 13  Хуры бын ма федтон ахӕм стыр бӕллӕх дӕр: адӕймаг ӕмбырд кӕны хъӕздыгдзинӕдтӕ, фӕлӕ йе ’намондӕн+. 14  Иу бон йӕ хъуыддӕгтӕ фехӕлынц+, ӕмӕ йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ фесӕфынц. Ӕмӕ йын фырт куы райгуыры, уӕд ӕм ӕппындӕр ницыуал вӕййы+. 15  Адӕймаг йӕ мады гуыбынӕй бӕгънӕгӕй куыд рацыд, афтӕ ацӕудзӕн фӕстӕмӕ дӕр+, куыддӕриддӕр ӕрбацыд, афтӕ. Ӕмӕ йӕ фӕллӕйттӕй йемӕ ницы ахӕсдзӕн+. 16  Ӕмӕ уый дӕр у стыр бӕллӕх: адӕймаг куыд ӕрбацыд, афтӕ аздӕхдзӕн фӕстӕмӕ дӕр. Ӕмӕ ма уӕд дзӕгъӕлы* цӕмӕн фыдӕбон кӕны?+ 17  Цӕрӕнбонты йӕ къӕбӕр адджынӕн никуы бахордта, ӕдзухдӕр кӕны мӕт+, вӕййы рынчын ӕмӕ мӕсты. 18  Царды уымӕй хуыздӕр, уымӕй рӕсугъддӕр ницы федтон, адӕймаг куы хӕра ӕмӕ куы нуаза ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау кӕй радта, уыцы царды бонты хуры бын цы уӕззау фыдӕбон кӕны, уымӕй хорзӕй исты куы уына+. Уый йын у лӕвар. 19  Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ исбон кӕмӕн радта+, уымӕн радта уый бар дӕр, цӕмӕй дзы йӕхи ӕфсада+ ӕмӕ йӕм цы хай ӕмбӕлы, уый иса ӕмӕ йӕ фыдӕбонӕй йӕ зӕрдӕ райа+. Уый у Хуыцауы лӕвар+. 20  Ахӕм адӕймаг арӕх нӕ хъуыды кӕндзӕн, йӕ цард куыд тагъд тӕхы ӕмӕ куыд катайаг у, ууыл, уымӕн ӕмӕ йын ӕцӕг Хуыцау йӕ зӕрдӕ дзаг кӕны циндзинадӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «дымгӕйӕн».