Ефесӕгтӕм 1:1—23
1 Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ Йесо Чырыстийы апостол+, фыссы, Ефесы чи ис, уыцы сыгъдӕджытӕм ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады+ чи ис ӕмӕ иузӕрдион+ чи у, уыдонмӕ.
2 Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх+ ӕмӕ фарнӕй+ хайджын ут.
3 Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн+. Уый нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты+ алы хорздзинадӕй схайджын кодта+,
4 уымӕн ӕмӕ нӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд*+ равзӕрста+, цӕмӕй Чырыстиимӕ иудзинады уӕм, цӕмӕй йӕ уарзӕм+ ӕмӕ йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау+ уӕм.
5 Ӕхсызгон ын цы у ӕмӕ йӕ фӕндон+ куыд у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бирӕ раздӕр+ равзӕрста+, цӕмӕй нӕ Йесо Чырыстийы уылты йӕхицӕн фырттӕ скӕна+,
6 цӕмӕй йӕ иууылдӕр кадджын кӕной+, йӕ уарзон Фырты+ руаджы нын цӕстуарзонӕй кӕмӕй бахай кодта, йӕ уыцы стыр хорзӕхы+ тыххӕй.
7 Йӕ Фырт нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта*+, уый фӕрцы ссӕрибар стӕм – о, нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты+, йе стыр хорзӕх ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ+.
8 Уыцы стыр хорзӕхӕй нӕ рӕдауӕй схайджын кодта ӕмӕ нын йемӕ иумӕ радта зонд+ ӕмӕ ӕмбарындзинад дӕр:
9 раргом нын кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад+. Уыцы сусӕгдзинад у, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ – йӕхӕдӕг сфӕнд кодта+,
10 афон куы ’рцӕуа, уӕд+ хъуыддӕгтӕн разамынд сфидар кӕнын+, цӕмӕй ӕппӕт дӕр Чырыстийы+ фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕна+ – уӕларвыл цы ис+ ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон+. О, уый фӕрцы,
11 ӕмӕ йемӕ иумӕ мах дӕр ӕвзӕрст ӕрцыдыстӕм бындартӕй+, уымӕн ӕмӕ нӕ равзӕрста бирӕ раздӕр ӕмӕ уый у йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уый ӕппӕт дӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ+ аразы.
12 Ӕвзӕрст уый тыххӕй ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йӕ мах – Чырыстийыл йӕ ныфс ӕппӕты фыццаг чи сӕвӕрдта+, уыдон,– кадджын кӕнӕм+ ӕмӕ йӕ бӕрзонд кӕнӕм.
13 Фӕлӕ рӕстдзинады* дзырд+, Хуыцау уӕ кӕй ирвӕзын кӕны, уый тыххӕй хорз хабар, куы фехъуыстат+, уӕд ыл сымах дӕр уӕ ныфс сӕвӕрдтат. Ӕмӕ куы баууӕндыдыстут, уӕд сымахыл дӕр Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мыхуыр сӕвӕрдта+, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй*+,–
14 сыгъдӕг тых у, Хуыцау нын цы бынтӕ скодта+, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн+. Мыхуыр уый тыххӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй Хуыцауы адӕм*+, ӕлхӕд кӕй ӕрцыдысты+, уый фӕрцы* ссӕрибар уой, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уа йе стыр кадӕн.
15 Гъемӕ ӕз дӕр, нӕ Хицау Йесойыл куыд ӕууӕндут ӕмӕ уӕ уырнындзинад, ӕппӕт сыгъдӕджытӕн куыд стут+, уымӕй куыд ӕвдисут, уый тыххӕй куы фехъуыстон, уӕдӕй фӕстӕмӕ
16 сымах тыххӕй Хуыцауӕн ӕнӕрынцойӕ арфӕ кӕнын. Ӕдзухдӕр сымах тыххӕй фӕкувын+,
17 цӕмӕй уын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау, нӕ кадджын Фыд, радта зонд+ ӕмӕ уын йӕхи тыххӕй цы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ӕргом кӕны+, уыдон ӕмбарат.
18 Уый уын уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ+ байгом кодта+, цӕмӕй ӕмбарат, цы цардмӕ*+ уӕ ӕрхуыдта, сыгъдӕджытӕн+ бынӕн цы диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ+ ӕрцӕттӕ кодта
19 ӕмӕ мах, уырнджыты, кӕмӕй схайджын кодта, йӕ уыцы тых+ куыд ӕмбисонды стыр у, уый. Уыцы тых куыд стыр у, уый рабӕрӕг, йӕ хъаруйӕ куыд архайдта+, уымӕй:
20 йӕ хъару равдыста, Чырыстийы мӕрдтӕй куы райгас кодта+ ӕмӕ йӕ уӕлӕрвты+ йӕ рахиз фарс куы ӕрбадын кодта+,
21 цыдӕриддӕр хицауад, хицаудзинад, барджынтӕ, сӕргълӕуджытӕ+ ӕмӕ ном ис+, уыдонӕй йӕ се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр куы сӕвӕрдта, уӕд, ӕмӕ канд ацы цардӕвӕрды+ нӕ, фӕлӕ, чи ӕрцӕуа, уым дӕр+.
22 Стӕй йын Хуыцау ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта йӕ къӕхты бын+ ӕмӕ йӕ ӕмбырды тыххӕй ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта+.
23 Ӕмбырд та у йӕ буар+, уым зыны йӕ удыхъӕд ӕгасӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт дӕр+ алы хуызы дӕр дзаг кӕны йӕхицӕй+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы нӕма ӕрцыд, уӕд». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.
^ Комк. «ахӕсты аргъ кӕй бафыста».
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
^ Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Комк. «ахӕсты аргъы фӕрцы».
^ Комк. «исбон».
^ Комк. «ныфсмӕ».