Ефесӕгтӕм 3:1—21

3  Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ сымах, ӕндӕр адӕмты сӕрвӕлтау+ ахст лӕг...*+  Сымах, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыстат, ахӕм хӕс мын лӕвӕрд кӕй ӕрцыд+, цӕмӕй уын баххуыс кӕнон ӕмӕ уын Хуыцауы стыр хорзӕх пайда ӕрхӕсса:  кӕй мын раргом йӕ фӕндоны сусӕгдзинад+ – уый тыххӕй ма уӕм уӕлдӕр цыбыртӕй ныффыстон.  Гъемӕ ацы фыстӕг куы кӕсат, уӕд ӕй уӕхӕдӕг фендзыстут, Чырыстийы тыххӕй сусӕгдзинад+ цӕй мидӕг ис, уый ӕцӕгдӕр кӕй ӕмбарын+.  Ацы сусӕгдзинад+ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй йӕ сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн+ ныр куыд раргом+, афтӕ раздӕры фӕлтӕртӕн нӕ уыд ӕргом.  Уыцы сусӕгдзинад та уый мидӕг ис, ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи сты, уыдон дӕр, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады ӕмӕ хорз хабары фӕрцы, йемӕ иумӕ кӕй суыдзысты бындартӕ, уыцы иу буары уӕнгтӕ+ ӕмӕ сын немӕ иумӕ кӕй уыдзӕн хай зӕрдӕвӕрдӕй+.  Ӕз уыцы сусӕгдзинад хъусынгӕнӕг+ сдӕн Хуыцауы лӕвары фӕрцы, йе стыр хорзӕхы фӕрцы. Уыцы лӕвар мын кӕй радта, уымӕй равдыста йӕ тых+.  Мӕнӕн, сыгъдӕджытӕй се ’ппӕты къаддӕрӕй дӕр къаддӕрӕн+, уыцы стыр хорзӕх+ уый тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд, цӕмӕй ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кӕнон+ Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинӕдты+ тыххӕй хорз хабар  ӕмӕ цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕнон, ӕппӕт сфӕлдисӕг+ Хуыцау ӕнусты дӕргъы кӕй ӕмбӕхста, уыцы сусӕгдзинад+ куыд ӕргом кӕны, уый+. 10  Уый уымӕн афтӕ уыд, цӕмӕй ныр, уӕлӕрвты хицауад ӕмӕ хицаудзинадӕй+ цы ис, уыдонӕн ӕмбырды уылты раргом уа+, алы ӕмӕ алыхуызӕтты чи зыны, Хуыцауы уыцы зонд+. 11  Уый у, фидарӕй кӕй аскъуыддзаг кодта ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ+ баст чи у, йӕ уыцы ӕнусон фӕндмӕ гӕсгӕ. 12  Чырыстийы фӕрцы ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы нӕ бон у Хуыцауимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын*+ ӕмӕ йӕ разы ныфсджынӕй ӕрлӕууын. 13  Ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ курӕг дӕн: сымах сӕрвӕлтау цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын+, уыдоны тыххӕй уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн кад хӕссынц. 14  Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз мӕ зонгуытыл лӕууын+ нӕ Фыды раз+,– 15  арвыл ӕмӕ зӕххыл алы бинонтӕн+ дӕр номӕвӕрӕг+ чи у, уый раз,– 16  ӕмӕ йӕм кувын, цӕмӕй йе стыр кадмӕ+ гӕсгӕ йӕ сыгъдӕг тыхы хъаруйӕ+ сфидар кӕна, уӕ мидӕг цы адӕймаг+ ис, уый, 17  ӕмӕ уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты цӕра уарзондзинадимӕ+ иумӕ, уидӕгтӕ куыд ауадзат+ ӕмӕ фидар бындурыл фидар куыд лӕууат+. 18  Афтӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ иумӕ уӕ бон кӕронмӕ бамбарын уыдзӕн+, цы у рӕстдзинадӕн* йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф+, 19  ӕмӕ базондзыстут Чырыстийы уарзт+, цыфӕнды зонындзинӕдтӕй дӕр уӕлдӕр чи у, уый, цӕмӕй, Хуыцауӕй цыдӕриддӕр миниуджытӕ цӕуы, уыдонӕй ӕххӕстӕй хайджын уат+. 20  Хуыцау нӕ мидӕг цы тыхӕй архайы+, уый фӕрцы йӕ бон у, цы дзы курӕм йе та ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын+. 21  Гъемӕ уымӕн ӕмбырды уылты ӕмӕ Йесо Чырыстийы уылты кад уӕд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, ӕнустӕм!+ Аммен.

Фиппаинӕгтӕ

Куыд зыны, афтӕмӕй ацы хъуыды адарддӕр кодта 14 ст.
Кӕнӕ «адӕмимӕ сӕрибарӕй ныхас кӕнын».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕн».