Захари 8:1—23
8 Ӕмӕ та ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ загъта:
2 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ+: „Сионы тыххӕй мӕ маст ссудздзӕн+, о, Сионы тыххӕй ссудздзӕн ме стыр маст“»+.
3 «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз Сионмӕ ӕрыздӕхдзынӕн+ ӕмӕ цӕрдзынӕн Иерусалимы+. Ӕмӕ Иерусалим схондзысты иузӕрдион горӕт+, ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хох+ та – сыгъдӕг хох“»+.
4 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Иерусалимы фӕзты та зӕронд лӕгтӕ ӕмӕ зӕронд устытӕ баддзысты+. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ къухы уыдзӕн лӕдзӕг+, уымӕн ӕмӕ сыл бирӕ цӕудзӕн.
5 Горӕты фӕзтӕ гыццыл лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕй байдзаг уыдзысты ӕмӕ-иу уым хъаздзысты“»+.
6 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ацы адӕмӕй ма уыцы рӕстӕгмӕ чи баззайа, уыдонмӕ, чи зоны, уый тынг зын хъуыддаг фӕкӕса, фӕлӕ цымӕ мӕнмӕ дӕр тынг зын фӕкӕсдзӕн?“+ – зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ».
7 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕз мӕ адӕмы ракӕндзынӕн, хур кӕм скӕсы, уырдыгӕй дӕр ӕмӕ, кӕм аныгуылы, уырдыгӕй дӕр+.
8 Иерусалиммӕ сӕ ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ уым цӕрдзысты+. Уыдон суыдзысты мӕ адӕм+, ӕз та суыдзынӕн сӕ иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау“»+.
9 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Абон пехуымпарты дзыхӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы+, уе ’ппӕт дӕр ныфсджын ут+, цӕмӕй кувӕндон арӕзт ӕрцӕуа. Пехуымпартӕ ацы ныхӕстӕ дзырдтой, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы цыд, уӕд+.
10 Уӕды онг адӕм сӕ фыдӕбоны тыххӕй мызд нӕ истой+, нӕ уыди мызд хӕдзарон фосӕн дӕр. Ӕмӕ ацӕуӕг дӕр ӕмӕ ӕрбацӕуӕг дӕр знӕгтӕй ӕнцой нӕ зыдтой+, уымӕн ӕмӕ-иу ӕз адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ скодтон“+.
11 „Фӕлӕ ма ацы адӕмӕй чи баззад, уыдонӕн, раздӕр куыд уыдтӕн, афтӕ нал уыдзынӕн+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.–
12 Фарны мыггаг байтаудзысты+, сӕнӕфсир дыргъ ратдзӕн+, зӕхх ратдзӕн тыллӕг+ ӕмӕ уӕлӕрвтӕ дӕр ратдзысты ӕртӕх+. Ӕз ӕппӕт ацы хорздзинӕдтӕ бынӕн ратдзынӕн+, ацы адӕмӕй ма чи баззад, уыдонӕн+.
13 Иудӕйы адӕм ӕмӕ Израилы адӕм+, сымах адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг фестут+, фӕлӕ уӕ ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ ныр та уыдзыстут арфӕдзинад+. Ма тӕрсут+. Ныфсджын ут“+.
14 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уӕ фыдӕлтӕ мӕ куы смӕсты кодтой, уӕд ӕнцад куыд нӕ бадтӕн ӕмӕ сыл бӕллӕх куыд ӕруагътон+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– ӕмӕ сын куыд нӕ фӕтӕригъӕд кодтон+,
15 афтӕ ныр дӕр ӕнцад нӕ баддзынӕн, ӕрмӕст ныр Иерусалимӕн ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн хорздзинад ракӕндзынӕн+. Ма тӕрсут“+.
16 „Мӕнӕ цы хъуамӕ аразат+: кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут+. Уӕ кулдуӕртты раз рӕстӕй тӕрхон кӕнут ӕмӕ, фарнмӕ чи кӕны, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссут+.
17 Кӕрӕдзийы ныхмӕ уӕ зӕрдӕты фыдвӕндтӕ ма кӕнут+ ӕмӕ мӕнг сомытӕ кӕнын ма уарзут+, уымӕн ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕз ме сӕфт уынын“+,– зӕгъы Йегъовӕ».
18 Ӕмӕ та мын ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ногӕй загъта:
19 «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Цыппӕрӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ, фӕндзӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ, ӕвдӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ ӕмӕ дӕсӕм+ мӕйы комдарӕнтӕ Иудӕйы адӕмӕн уыдзысты циндзинады, хъӕлдзӕгдзинады ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг+. Уӕдӕ уарзут рӕстдзинад* ӕмӕ фарн“+.
20 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Нырма ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕмтӕ ӕмӕ бирӕ горӕтты цӕрджытӕ ӕрцӕудзысты+,
21 ӕмӕ иу горӕты цӕрджытӕ иннӕ горӕты цӕрджытӕм бацӕудзысты ӕмӕ сын зӕгъдзысты: „Цомут+ ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕнӕм+ ӕмӕ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ӕрцагурӕм. Мах нӕхӕдӕг дӕр ацӕудзыстӕм“+.
22 Ӕмӕ бирӕ адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ тыхджын адӕмтӕ Иерусалиммӕ ӕрцӕудзысты, цӕмӕй ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ӕрцагурой+ ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн кӕной“.
23 Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Уыцы рӕстӕг алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы+ ныххӕцдзысты+ иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл+ ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм+, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».