Иоанны 11:1—57

11  Уыцы рӕстӕг иу адӕймаг, Лазӕр, зӕгъгӕ, уыди рынчын. Лазӕр уыд Вифанийӕ, Марийӕ ӕмӕ йӕ хо Марфӕ+ кӕм цардысты, уыцы хъӕуӕй.  Марийӕ та уыди, Хицау Йесойы хӕрздӕф сойӕ+ чи байсӕрста ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй+ чи ныссӕрфта, уыцы сылгоймаг. Гъемӕ уымӕн йе ’фсымӕр Лазӕр фӕрынчын.  Ӕмӕ йӕ хотӕ Йесомӕ арвыстой: «Хицау, ды кӕй уарзыс+, уый рынчын у».  Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Ацы низ мӕлӕтмӕ нӕу, фӕлӕ у Хуыцауы кадӕн+, цӕмӕй уый фӕрцы скадджын уа Хуыцауы Фырт».  Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры.  Фӕлӕ, Лазӕр рынчын у, уый куы фехъуыста, уӕд ма дыууӕ боны баззад, кӕм уыди, уым.  Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цомут ногӕй Иудейӕмӕ».  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та йын афтӕ зӕгъынц: «Ахуыргӕнӕг+, ӕрӕджы дӕр ма дӕ Иудейӕйы адӕм дуртӕй куы мардтой+, уӕд та ногӕй уырдӕм цӕуыс?»  Йесо сын дзуапп радта: «Боны мидӕг дыууадӕс сахаты рухс нӕ вӕййы? Боныгон+ чи цӕуы, уый йӕхи ницӕуыл скъуыры, уымӕн ӕмӕ уыны дунейы рухс. 10  Ӕхсӕвыгон+ чи цӕуы, уый та йӕхи скъуыры, уымӕн ӕмӕ ис талынджы». 11  Ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ма сын загъта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон»+. 12  Уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Хицау, кӕд бафынӕй, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн». 13  Фӕлӕ Йесо, Лазӕр мӕлгӕ кӕй акодта, уый кой кодта. Уыдон та йӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ ӕнӕуи бафынӕй ӕмӕ сын уый кой кӕны. 14  Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: «Лазӕр амард+, 15  ӕмӕ ӕз цин кӕнын, уым кӕй нӕ уыдтӕн, ууыл, уымӕн ӕмӕ ныр уӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн. Фӕлӕ цомут, ацӕуӕм ӕм». 16  Ӕмӕ уӕд, Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Цомут мах дӕр, ӕмӕ йемӕ амӕлӕм»+. 17  Йесо уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд базыдта, Лазӕр ныр цыппар боны зӕппадзы кӕй ис+. 18  Вифанийӕ та Иерусалиммӕ ӕртӕ километры бӕрц йеддӕмӕ нӕ уыд. 19  Ӕмӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы се ’фсымӕры мӕлӕты фӕстӕ бафидар кодтаиккой+. 20  Гъемӕ Марфӕ, Йесо ӕрбацӕуы, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ размӕ рацыди. Марийӕ+ та хӕдзары баззад. 21  Ӕмӕ Марфӕ Йесойӕн загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид+. 22  Фӕлӕ йӕ ныр дӕр зонын: ды Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурай+,– сӕххӕст ӕй кӕндзӕн». 23  Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн»+. 24  Уӕд ын Марфӕ загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн+ фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд». 25  Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард+. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн+. 26  Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый та никуы амӕлдзӕн+. Уырны дӕ уый?» 27  Марфӕ йын дзуапп радта: «Уырны мӕ, Хицау. Мӕн уырны, ды кӕй дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт, дунемӕ чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый»+. 28  Ӕмӕ ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ацыд, йӕ хо Марийӕмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын сусӕгӕй афтӕ зӕгъы: «Ахуыргӕнӕг+ ам ис ӕмӕ дӕм дзуры». 29  Марийӕ уый куы фехъуыста, уӕд уайтагъд фестад ӕмӕ йӕм ацыд. 30  Йесо та хъӕумӕ нӕма бацыд, фӕлӕ уыди, Марфӕ йӕ размӕ кӕдӕм рацыд, уым. 31  Ӕмӕ Марийӕимӕ хӕдзары чи уыди+ ӕмӕ йын ныфсытӕ чи ӕвӕрдта, уыцы дзуттӕгтӕ куы федтой, Марийӕ уайтагъд кӕй фестад ӕмӕ хӕдзарӕй кӕй рацыд, уӕд уыдон дӕр йӕ фӕдыл рацыдысты, кӕд зӕппадзмӕ+ ацыд кӕуынмӕ, зӕгъгӕ. 32  Марийӕ та, Йесо кӕм уыд, уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ йӕ куы ауыдта, уӕд йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид»+. 33  Йесо, Марийӕйы ӕмӕ, йемӕ чи ’рбацыд, уыцы дзуттӕгты кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхицӕн дӕр йӕ зӕрдӕ* суынгӕг ӕмӕ нынкъард+, 34  ӕмӕ сӕ бафарста: «Кӕм ӕй бавӕрдтат?» Уыдон ын загътой: «Хицау, рацу ӕмӕ йӕ фен». 35  Ӕмӕ Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты+. 36  Ӕмӕ уӕд дзуттӕгтӕ дзурын райдыдтой: «Кӕс-ма, куыд тынг ӕй уарзта!»+ 37  Чидӕртӕ та сӕ загътой: «Куырм лӕджы цӕстӕй куы ракӕсын кодта+, уӕд йӕ бон нӕ уыди, ӕмӕ ацы адӕймаджы мӕлын ма бауагътаид?» 38  Йесойӕн та ногӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг, афтӕмӕй бацыд зӕппадзы размӕ+. Уыцы зӕппадз уыд лӕгӕт, ӕмӕ йӕ бахизӕныл фӕлдӕхт уыди дур+. 39  Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Дур-ма+ иуварс айсут». Чи амард, уымӕн йӕ хо Марфӕ та йын афтӕ зӕгъы: «Хицау, афонмӕ стӕф кодта, ныр ыл цыппар боны рацыд». 40  Уӕд ын Йесо загъта: «Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ?»+ 41  Гъемӕ дур айстой. Ӕмӕ Йесо арвмӕ скаст+ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай+. 42  Ӕниу ӕй ӕз зыдтон, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс, фӕлӕ афтӕ, мӕ алыварс цы адӕм+ ис, уыдоны тыххӕй загътон, цӕмӕй баууӕндой, ды мӕ кӕй рарвыстай, ууыл»+. 43  Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!»+ 44  Ӕмӕ мард рацыд, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ хӕцъилтӕй тыхт+, йӕ цӕсгом дӕр хъуымацы гӕбазӕй тыхт, афтӕмӕй. Ӕмӕ сын Йесо загъта: «Райхалут ын йӕ хӕцъилтӕ, цӕмӕй йӕ бон цӕуын уа». 45  Гъемӕ Марийӕмӕ чи ’рцыд ӕмӕ, Йесо цы сарӕзта, уый чи федта, уыцы дзуттӕгтӕй йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты+. 46  Чидӕртӕ та сӕ ацыдысты фарисейтӕм ӕмӕ сын радзырдтой, Йесо цы сарӕзта, уый+. 47  Ӕмӕ уӕд сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтӕ Сӕйраг тӕрхондон*+ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ афтӕ зӕгъынц: «Ныр куыд кӕнӕм? Ацы адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ аразы+. 48  Ӕмӕ йӕ афтӕ куы ныууадзӕм, уӕд ыл адӕм иууылдӕр баууӕнддзысты+, ӕмӕ ромӕгтӕ+ ӕрцӕудзысты ӕмӕ нын нӕ кувӕндон*+ дӕр сӕхи бакӕндзысты, ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр». 49  Фӕлӕ сын уӕд сӕ иу, Кайафӕ, уыцы аз хистӕр сауджын чи уыди, уый+, афтӕ зӕгъы: «Сымах ӕппындӕр ницы зонут. 50  Нӕ йӕ ’мбарут, цӕйнӕфӕлтау ӕгас адӕм фесӕфой+, фӕлтау иу адӕймаг куы амӕла адӕмы сӕрвӕлтау, уӕд уын хуыздӕр кӕй уыдзӕн?»+ 51  Афтӕ та йӕхи зондӕй нӕ загъта, фӕлӕ, уыцы аз хистӕр сауджын кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ загъта пехуымпар-ныхас, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла дзуттӕгты тыххӕй, 52  стӕй ӕрмӕст дзуттӕгты тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕна ӕмӕ баиу кӕна Хуыцауы хъӕбулты+, алы рӕтты чи ныппырх, уыдоны+. 53  Ӕмӕ уыцы бон бауынаффӕ кодтой, амарӕм ӕй, зӕгъгӕ+. 54  Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо дзуттӕгты+ ’хсӕн ӕргом нал цыди+, фӕлӕ ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ хӕстӕг, Ефрем+ кӕй хуыдтой, уыцы горӕтмӕ, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ иуцасдӕр уым фӕци. 55  Уӕдмӕ ӕрхӕстӕг дзуттӕгты Куадзӕн+, ӕмӕ Куадзӕны размӕ алы рӕттӕй бирӕ адӕм ӕрцыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй закъонмӕ гӕсгӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтаиккой+. 56  Гъемӕ Йесойы агуырдтой ӕмӕ кувӕндоны кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Куыд уӕм кӕсы, бӕрӕгбонмӕ ӕппындӕр не ’рбацӕудзӕн?» 57  Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ фарисейтӕ та ахӕм бардзырд радтой, зӕгъгӕ, кӕм ис, уый чи базона, уый нын фӕхабар кӕнӕд, цӕмӕй йӕ ’рцахсӕм.

Фиппаинӕгтӕ

Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «Синедрион».
Комк. «нӕ бынат».