Иов 14:1—22

14  Сылгоймагӕй чи райгуырд, уыцы адӕймагӕн+Йӕ цард у цыбыр+ ӕмӕ мастӕй дзаг+.   Дидинӕгау фӕзыны, ӕмӕ йӕ ралыг кӕнынц+.Аууонау аивгъуыйы+, ӕмӕ нал вӕййы.   Ӕмӕ ды уымӕ аздӕхтай де ’ргом,Тӕрхоны+ раз мӕ дӕ ныхмӕ ӕрлӕууын кодтай.   Сыгъдӕг чи нӕу, уыдонӕй искӕмӕй сыгъдӕг райгуырдзӕн?+Никӕмӕй.   Йӕ царды бонтӕ нымад сты+,Ӕмӕ йӕ царды мӕйтӕ дӕ къухы сты.Ды йын радтай закъон, цӕмӕй йӕ сӕрты ма хиза.   Дӕ цӕстӕнгас дзы иуварс аздах, цӕмӕй сулӕфа+,Цӕмӕй бацин кӕна, ӕххуырст кусӕг боны кӕрон куыд фӕцин кӕны, афтӕ.   Бӕласӕн дӕр ма ис ныфс.Куы йӕ акъуырой, уӕд та ногӕй тау суадздзӕн+Ӕмӕ йӕ къалиу нӕ бахус уыдзӕн.   Йӕ уидаг зӕххы бын куы базӕронд уаӔмӕ йӕ бындзӕфхад сыджыты куы амӕла,   Уӕд, куыддӕр доны хъӕстӕ фӕуа, афтӕ тау суадздзӕн+Ӕмӕ ногсагъд талайау къалиутӕ рауадздзӕн+. 10  Адӕймаг та амӕлы ӕмӕ фӕхуыссы, йӕ бон ницыуал вӕййы, афтӕмӕй.Зӕххон адӕймаг йӕ цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ кӕм ис?+ 11  Денджызӕн йӕ дон фӕцыдӕр вӕййы,Цӕугӕдон байсысы ӕмӕ бахус вӕййы+. 12  Афтӕ адӕймаг дӕр: ӕрхуыссы ӕмӕ нал сысты+.Цалынмӕ арв нӕ фесӕфа, уӕдмӕ уыдон нӕ сыстдзысты+,Ничи сӕ райхъал кӕндзӕн+. 13  Тӕхуды, ингӕны* мӕ куы бамбӕхсис+,Ӕмбӕхстӕй мӕ куы дарис, цалынмӕ дӕ маст не ’рсабыр уа, уӕдмӕ!Ӕмгъуыд мын куы снысан кӕнис+ ӕмӕ мӕ куы ’рхъуыды кӕнис!+ 14  Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?+Мӕ цагъарады* ӕппӕт бонты дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн+,Цалынмӕ не ссӕрибар уон, уӕдмӕ+. 15  Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн+.Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ. 16  Ныр та мын мӕ къахдзӕфтӕ нымайыс+,Мӕ тӕригъӕд йеддӕмӕ ӕндӕр ницы уыныс+. 17  Мӕ фыдракӕнд дӕм хызыны мыхуырӕвӕрдӕй лӕууы+,Мӕ рӕдыд мын баныхӕстай. 18  Фӕлӕ ма хох дӕр куы ныппырх вӕййы ӕмӕ куы фесӕфы,Къӕдзӕх дӕр ма йӕ бынатӕй иуварс ист куы ’рцӕуы. 19  Дон дуртӕ дӕр фехалы,Куы раивылы, уӕд зӕххӕн йӕ рыг аласы.Афтӕ ды дӕр зӕххон адӕймагӕн йӕ ныфс фесафыс. 20  Ӕнустӕм ыл фӕтых вӕййыс, ӕмӕ аивгъуыйы+.Йӕ цӕсгом ын фӕивыс ӕмӕ йӕ арвитыс. 21  Йӕ фырттӕ скадджын вӕййынц, фӕлӕ йӕ уый нӕ фӕзоны+.Ницӕуыл сӕ фӕнымайынц, фӕлӕ йӕм уый нымады дӕр нӕу. 22  Цалынмӕ удӕгас у, уӕдмӕ йӕ буар рисдзӕн.Цалынмӕ йӕ уд йӕ мидӕг ис, уӕдмӕ йӕ уд маст кӕндзӕн».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Фӕсномыгӕй амоны мӕлӕты цагъарадмӕ.