Исай 26:1—21
26 Уыцы бон+ Иудӕйы зӕххыл+ зардзысты ахӕм зарӕг+: «Махӕн ис фидар горӕт+. Хуыцау дӕтты ирвӕзындзинад – уыцы ирвӕзындзинад у къулты ӕмӕ сыджытӕй конд быруйы хуызӕн+.
2 Кулдуар байгом кӕнут+, цӕмӕй, иузӕрдион чи у, уыцы рӕстаг адӕм мидӕмӕ бацӕуой+.
3 Фидар зондыл хӕст чи у, уыцы адӕймаджы ды схайджын кӕндзынӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ+, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ+.
4 Уӕ зӕрдӕ алкӕддӕр дарут Йегъовӕйыл+, уымӕн ӕмӕ Йагъ Йегъовӕ у уӕ Къӕдзӕх+ ӕнустӕм.
5 Уый ныппырх кодта, бӕрзонд ран чи цард, уыдоны+, бӕрзондыл чи лӕууыд, уыцы горӕт+. Фегад ӕй кодта, йӕ кад ын ӕрӕппӕрста зӕхмӕ, рыгмӕ+.
6 Къӕхты бын ӕй ссӕнддзысты – ссӕнддзысты йӕ ӕфхӕрд адӕймаджы къӕхтӕ, мӕгуыр адӕмы къахы бынтӕ»+.
7 Рӕстгӕнӕгӕн йӕ фӕндаг у раст+. Ды дӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау, ды слӕгъз кӕндзынӕ рӕстгӕнӕджы фӕндаг+.
8 Дӕ рӕстдзинады фӕндаг агургӕйӕ мах нӕ ныфс дӕуыл дардтам, о Йегъовӕ+. Нӕ уд бӕллы+ дӕ номмӕ ӕмӕ дӕ коймӕ+.
9 Ӕхсӕвы дӕумӕ бӕллы мӕ уд+, мӕ зӕрдӕ агуры дӕу+, уымӕн ӕмӕ зӕххӕн тӕрхон куы фӕкӕныс+, уӕд зӕххы цӕрджытӕ сахуыр+ вӕййынц рӕстдзинадыл+.
10 Фыдгӕнӕгӕн куы фӕтӕригъӕд кӕнай, уӕддӕр рӕстдзинадыл нӕ сахуыр уыдзӕн+. Рӕстдзинады бӕстӕйы хӕрамӕй+ архайдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы стыр кад нӕ фендзӕн+.
11 О Йегъовӕ, дӕ къух бӕрзонд систай+, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц+. Фӕлӕ дӕ адӕмы куыд уарзыс ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕныс, уый фендзысты ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты+. О, дӕ арт+ аныхъуырдзӕн де знӕгты.
12 О Йегъовӕ, ды нын ратдзынӕ фарн+, уымӕн ӕмӕ нын нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ды аразыс+.
13 О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды нӕ уыдтӕ нӕ хицау – ӕндӕртӕ нын уыдысты хицӕуттӕ+. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр дӕу фӕрцы кадджын кӕндзыстӕм дӕ ном+.
14 Уыдон сты мард, нал цӕрдзысты+. Мард чи у+, уыдон нал сыстдзысты+. Де ’ргом дӕр сӕм уый тыххӕй аздӕхтай, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдай ӕмӕ сын сӕ кой дӕр фесафай+.
15 Ды адӕмы сбирӕ кодтай. Ды адӕмы сбирӕ кодтай+, о Йегъовӕ, дӕхи скадджын кодтай+. Зӕххы арӕнтыл алырдыгӕй фӕйнӕрдӕм ахӕцыдтӕ+.
16 Сӕ зын сахат-иу се ’ргом дӕумӕ аздӕхтой, о Йегъовӕ+. Куы-иу сӕ ӕфхӕрдтай*, уӕд-иу дӕм сабыр хъӕлӕсӕй куывтой, сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дын дзырдтой+.
17 Сывӕрджын сылгоймагӕн йӕ арыны афон куы ’рхӕццӕ вӕййы, уӕд куыд фӕтухӕн кӕны, фыррыстӕй куыд фӕхъӕр кӕны, раст нын ахӕм ми бакодтай, о Йегъовӕ+.
18 Сывӕрджын сылгоймаджы хуызӕн уыдыстӕм, арӕг сылгоймагау тухӕн кодтам+, фӕлӕ нын райгуырд дымгӕ. Мах уыцы зӕхх нӕ фервӕзын кӕндзыстӕм+, ӕмӕ адӕм нӕ гуыры, цӕмӕй зӕххыл ӕрцӕрой+.
19 «Чи дын амард, уыдон цӕрдзысты+. Мард мын чи у, уыдон сыстдзысты+. Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты чи ис, уыдон!+ Де ’ртӕх+ у, кӕрдӕгыл*+ цы ӕртӕх вӕййы, уый хуызӕн, ӕмӕ зӕхх йӕ хуылфӕй раппардзӕн, йӕ мидӕг чи ис, уыцы мӕрдты+.
20 Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут+. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа+.
21 Мӕнӕ, Йегъовӕ йӕ бынатӕй рацӕуы, цӕмӕй зӕххы цӕрджытӕй дзуапп ӕрдома, йӕ разы цы тӕригъӕд ракодтой, уый тыххӕй+. Ӕмӕ зӕхх раргом кӕндзӕн, цы туг ыл ныккалд, уый+, йӕ мӕрдты нал ӕмбӕхсдзӕн»+.