Исай 41:1—29
41 «Ӕнцад мӕм байхъусут, сакъадӕхтӕ+, ӕмӕ адӕмыхӕттыты+ ногӕй тыхтӕ бацӕуӕд. Ӕрбацӕуӕнт+ ӕмӕ стӕй дзурӕнт. Тӕрхонмӕ ӕрӕмбырд уӕм+.
2 Хурыскӕсӕнӕй уыцы лӕджы чи рацӕуын кодта?+ Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕ йӕ размӕ* чи ’рбацӕуын кодта, цӕмӕй йын адӕмты йӕ разы ӕрӕвӕра ӕмӕ цӕмӕй уый паддзӕхты дӕр йӕ дӕлбар бакӕна?+ Йӕ хъамайы амӕттаг ын сӕ чи бакодта, цӕмӕй сӕ рыгау ныппырх кӕна ӕмӕ сӕ йе ’рдынӕй хъӕмпау ныххӕлиу кӕна?+
3 Фӕстейӕ сӕ чи сырдта? Раздӕр кӕуыл нӕ цыд, уыцы фӕндагыл йӕхицӕн ӕнцад чи фӕцӕйцыд?
4 Чи архайдта+ ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕ чи сарӕзта? Суанг райдианӕй алы фӕлтӕрмӕ дӕр чи дзырдта?+
Ӕз, Йегъовӕ, Фыццаг+. Ӕмӕ, фӕстагмӕ чи уа, уыдонимӕ дӕр афтӕ уыдзынӕн»+.
5 Сакъадӕхтӕ+ уый федтой ӕмӕ старстысты. Зӕххы кӕрӕттӕ дӕр базыр-зыр кодтой+. Адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ ӕрбацыдысты.
6 Иу иннӕмӕн ӕххуыс кодта, йе ’фсымӕрӕн дзырдта: «Фидар у»+.
7 Ӕрмгуыстгӕнӕг ныфсытӕ ӕвӕрдта зӕрингуырдӕн+, дзӕбугӕй ӕфсӕйнаг чи хоста, уый ныфсытӕ ӕвӕрдта, хъӕсдарӕгыл* чи куыста, уымӕн. Ӕмӕ, ӕфсӕйнаджы гӕбӕзтӕ кӕрӕдзийыл кӕм баныхӕста, уымӕй йын загъта: «Хорз у». Фӕстагмӕ та йӕ зӕгӕлтӕй ныххостой, цӕмӕй фидар лӕууа+.
8 «Фӕлӕ ды та, Израил, ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг+ – ды, Иаков, кӕй равзӕрстон+, уый, мӕ хӕлар+ Авраамы+ байзӕддаг.
9 Ӕз дӕ ракодтон зӕххы кӕрӕттӕй+, фӕдзырдтон дӕм зӕххы дард къуымтӕй+. Ӕмӕ дын загътон: „Ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг+, ӕз дӕ равзӕрстон+ ӕмӕ дӕ нӕ ныууагътон+.
10 Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн+. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн+. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн+. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн+. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй+, рӕстдзинады къухӕй“+.
11 Чи дӕм мӕсты кӕны, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты ӕмӕ фегад уыдзысты+. Демӕ чи быцӕу кӕны, уыдон фӕцыдӕр уыдзысты, фесӕфдзысты+.
12 Демӕ чи тох кӕны, уыдоны агурдзынӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзынӕ+. Демӕ чи хӕцы, уыдон ӕрбайсӕфдзысты, цыма уӕвгӕ дӕр никуы уыдысты, афтӕ+.
13 Ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл+, ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ дын дзурын: „Ма тӕрс+, ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн“+.
14 Ма тӕрс, уаллон+ Иаков, Израилы адӕм+. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ, дӕ Ӕлхӕнӕг+, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау.–
15 Ӕз дӕ скодтон найгӕнӕн дзоныгъ+, ног найгӕнӕн дзаума цыргъ дӕндӕгтимӕ. Ды хӕхтӕ ныссӕнддзынӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кӕндзынӕ, къуыбыртӕ зыгуым фестын кӕндзынӕ+.
16 Ды сӕ дымгӕмӕ сдардзынӕ+, ӕмӕ сӕ дымгӕ аскъӕфдзӕн+, тыхдымгӕ сӕ алырдӕмты фӕхӕсдзӕн+. Ӕмӕ Йегъовӕ уыдзӕн дӕ цин+. Израилы Сыгъдӕг Хуыцауӕй уыдзынӕ сӕрыстыр»+.
17 «Ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕм агурынц дон+, фӕлӕ дон никуы ис. Фырдойныйӕ+ сӕ ком ныххус+. Ӕз, Йегъовӕ, ӕз сын ратдзынӕн дзуапп+. Ӕз сӕ нӕ ныууадздзынӕн, ӕз, Израилы Хуыцау+.
18 Лӕгуын къуыбыртыл ауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, быдырты астӕу – суадӕттӕ+. Ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн цад, ӕнӕдон бӕстӕ – доны гуылфӕнтӕ+.
19 Ӕдзӕрӕг быдыры ныссадздзынӕн кедр, акъаци, мирт, стӕй, сой чи дӕтты, ахӕм бӕлас+. Хус бӕстӕйы ныссадздзынӕн ӕхсӕлыбӕлас, кӕрз ӕмӕ кипарис+,
20 цӕмӕй адӕм иууылдӕр феной, базоной, сӕ хъус ӕрдарой ӕмӕ бамбарой, уый Йегъовӕйы къух кӕй сарӕзта, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау ӕй йӕхӕдӕг кӕй бакодта»+.
21 «Уӕ хъуыддаг тӕрхонмӕ рахӕссут»+,– зӕгъы Йегъовӕ. «Уӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссут+,– зӕгъы Иаковы Паддзах+.–
22 Ӕрхӕссут сӕ ӕмӕ нын радзурут, цы ’рцӕудзӕн, уый. Райдианы цы уыд, уыдӕттӕ радзурут, цӕмӕй сӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый базонӕм. Кӕнӕ нын радзурут, бӕлвырдӕй цы уыдзӕн, уыдӕттӕ+.
23 Радзурут нын, уый фӕстӕ цы уыдзӕн, уый, цӕмӕй йӕ базонӕм, хуыцӕуттӕ кӕй стут+. О, исты саразут, хорз уа ӕви ӕвзӕр, цӕмӕй йӕ не ’ппӕт дӕр фенӕм ӕмӕ бадис кӕнӕм+.
24 Фӕлӕ сымах уӕвгӕ дӕр не стут, ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ницы сты+. Чидӕриддӕр уӕ ӕвзары, уый у ӕлгъаг+.
25 Ӕз уыцы лӕджы цӕгатӕй рацӕуын кодтон, ӕмӕ уый ӕрбацӕудзӕн+. Хурыскӕсӕнӕй чи у+, уый мын мӕ ном кадджын кӕндзӕн. Уый йӕ къӕхты бын дӕлбар хицӕутты ӕлыгау ныссӕнддзӕн+, дурынгӕнӕг уымӕл ӕлыг йӕ къӕхты бын куыд ссӕнда, афтӕ.
26 Райдианӕй исчи исты загъта, цӕмӕй йӕ базонӕм, науӕд рагзамантӕй фӕстӕмӕ исты дзырдта, цӕмӕй зӕгъӕм, раст дзырдта, зӕгъгӕ?+ Ничи ницы загъта, ничи ницы фехъусын кодта. Уӕ ныхӕстӕ уын ӕппындӕр ничи хъусы»+.
27 Ӕз дӕн фыццаг, ӕз дзурын Сионӕн: «Кӕс-ма, мӕнӕ сты!»+ Иерусалимӕн ӕз ратдзынӕн, хорз хабар чи ’рбахӕсдзӕн, ахӕм адӕймаджы+.
28 Ӕз кастӕн, ӕмӕ дзы ничи уыд. Ӕмӕ се ’хсӕн иу дӕр нӕ уыд, уынаффӕ чи раттаид+. Ӕз сӕ фарстон, цӕмӕй исты дзуапп раттаиккой.
29 Уыдон се ’ппӕт дӕр уӕвгӕ дӕр не сты. Сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ницы сты. Се ’фсӕйнаг хуыцӕуттӕ дымгӕйӕ уӕлдай не сты, ницы сты+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «йӕ къӕхты размӕ».
^ Ӕфсӕйнаг кӕуыл цагътой, ахӕм стыр, уӕззау ӕфсӕйнаг мигӕнӕн; уырыс. «наковальня».