Исай 44:1—28
44 Ныр байхъус, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаков+, кӕй равзӕрстон, уыцы Израил+.
2 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, де Сфӕлдисӕг+ ӕмӕ де Скӕнӕг+, дӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ дын чи ӕххуыс кодта+, уый: „Ма тӕрс+, мӕ лӕггадгӕнӕг Иаков, ма тӕрс, Йешурун*+, кӕй равзӕрстон, уый.
3 Дойны адӕймагӕн ӕз ратдзынӕн дон+, хус зӕххы рауадздзынӕн сабыр суадӕттӕ+. Дӕ байзӕддагыл дын ӕруадздзынӕн мӕ тых*+, дӕ цотыл – мӕ арфӕдзинад.
4 Уыдон цъӕх кӕрдӕджы ’хсӕн сзайдзысты+, гӕдыбӕлӕстӕ+ доны къанӕутты цур куыд фӕзайынц, афтӕ.
5 Иу зӕгъдзӕн: „Ӕз Йегъовӕйы дӕн“+. Иннӕ йӕхи схондзӕн Иаковы номӕй+, аннӕ та йӕ къухыл ныффысдзӕн: „Йегъовӕйы дӕн“. Чидӕр та йӕхиуыл сӕвӕрдзӕн Израилы ном“+.
6 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, Израилы Паддзах+, йӕ Ӕлхӕнӕг+, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕз дӕн фыццаг ӕмӕ фӕстаг+, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.
7 Чи у мӕн хуызӕн?+ Йӕхи схъӕр кӕнӕд, зӕгъӕд ӕй ӕмӕ мын йӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссӕд+. Рагон адӕмы куы скодтон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕз куыд дзырдтон+, афтӕ уыдон дӕр радзурӕнт, тагъд цы уыдзӕн, стӕй уый фӕстӕ дӕр цы уыдзӕн, уыдӕттӕ.
8 Ма тӕрсут ӕмӕ ма дис кӕнут+. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ сымахӕй алкӕмӕн дӕр нӕ хъусын кодтон, нӕ уын ӕй дзырдтон?+ Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ+. Мӕн йеддӕмӕ ма ӕндӕр Хуыцау ис?+ Ӕндӕр Къӕдзӕх нӕй+, ӕз иу дӕр нӕ зонын“».
9 Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницы сты+, ӕмӕ сын сӕ уарзон хуыцӕуттӕ дӕр ницы пайда уыдзысты+. Уыдон сты се ’вдисӕнтӕ, ӕмӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц+. Уый тыххӕй сӕ аразджытӕ фӕхудинаг уыдзысты+.
10 Йӕхицӕн хуыцау чи скодта, ӕфсӕйнагӕй хуыцау чи сарӕзта+, уымӕн уыдон ӕппындӕр ницы пайда сты+.
11 Йе ’мбӕлттӕ иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты+, уымӕн ӕмӕ ӕрмгуыстгӕнджытӕ дӕр адӕм йеддӕмӕ ницы сты. Уыдон иууылдӕр ӕрӕмбырд уыдзысты+ ӕмӕ ӕрлӕудзысты. Тас сӕ бацӕудзӕн ӕмӕ иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты+.
12 Куырд йӕ кусӕнгӕрзтӕ райсы, зынгтыл ӕфсӕйнаг стӕвд кӕны. Стӕй йӕ йӕ тыхджын къухтӕй дзӕбугӕй хойын райдайы ӕмӕ дзы скӕны хуыцау+. Сӕххормаг вӕййы ӕмӕ йӕм тых нал вӕййы, дон дӕр нӕ фӕнуазы ӕмӕ бафӕллайы.
13 Хъӕдгуыстгӕнӕг барӕн бӕндӕнӕй хъӕдӕрмӕг абары, сырх мелӕй йыл ӕрхахх кӕны, сартӕй кусын райдайы, зиллакхахгӕнӕнӕй йыл ӕрхахх кӕны ӕмӕ дзы скӕны адӕймаджы ныв+, адӕймаджы хуызӕн ӕй срӕсугъд кӕны, цӕмӕй йӕ йӕ хӕдзары сӕвӕра+.
14 Кедртӕ чи калы, уый та йӕхицӕн равзары иу кӕцыдӕр бӕлас, стыр бӕласы мыггаг, ӕмӕ йӕм хъӕды бӕлӕсты ’хсӕн фӕзилы, цӕмӕй йын сыстыр уа+. Уый лаврбӕлас ныссагъта, ӕмӕ къӕвдаты донӕй рӕзы.
15 Уый адӕймагӕн у арт кӕнынӕн. Йӕ иу хай йын райсы, цӕмӕй йӕхи хъарм кӕна. Арт дзы скӕны ӕмӕ йыл дзул сфыцы. Стӕй дзы скӕны, кӕмӕн кува, ахӕм хуыцау дӕр+. Скӕны дзы гуымиры+ ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауы.
16 Йе ’мбис ын басудзы арты. Йе ’мбис ын басудзы, физонӕг ыл скӕны, ӕмӕ бахӕры ӕмӕ бафсӕды. Стӕй йӕхи батавы ӕмӕ фӕзӕгъы: «Гъеныр схъарм дӕн ӕмӕ, арт куыд судзы, уымӕ кӕсын».
17 Цы ма дзы баззайы, уымӕй та скӕны хуыцау, гуымиры. Ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауы ӕмӕ йӕм фӕкувы: «Фервӕзын мӕ кӕн, ды мӕ хуыцау куы дӕ»+.
18 Уыдон ницы зонынц+ ӕмӕ ницы ӕмбарынц+, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сты ӕхгӕд, цӕмӕй ма уыной+, сӕ зӕрдӕтӕ сты ӕхгӕд, цӕмӕй ма ӕмбарой+.
19 Йӕ зӕрдӕйы мидӕг хъуыды дӕр ничи акӕны+, уыйбӕрц зонд ӕмӕ йӕм уыйбӕрц ӕмбаргӕдзинад нӕй+, цӕмӕй афтӕ зӕгъа: «Йе ’мбис ын басыгътон арты, йӕ зынгтыл ын сфыхтон дзул, скодтон физонӕг ӕмӕ бахордтон. Ӕмӕ йын уӕд йӕ иннӕ ’мбисӕй та ӕлгъаг цыдӕр саразон?+ Хус къодахы раз хъуамӕ мӕ зонгуытыл хауон?»
20 Уымӕн йӕ хӕринаг у фӕнык+. Йӕ зӕрдӕ фӕсайды ӕмӕ йӕ фӕрӕдийын кодта+. Ӕмӕ йӕ уд фервӕзын кӕныныл нӕ архайы ӕмӕ афтӕ нӕ зӕгъы: «Цымӕ мӕ рахиз къухы мӕнгдзинад нӕй?»+
21 «Адӕттӕ дӕ зӕрдыл дар, о Иаков+, ды, о Израил, уымӕн ӕмӕ ды мӕ лӕггадгӕнӕг дӕ+. Ӕз дӕ скодтон+. Ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг. О Израил, ӕз дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн+.
22 Дӕ фыдракӕндтӕ дын ныххатыр кӕндзынӕн*, нал зындзысты, цыма мигъӕй ӕмбӕрзт сты+, уыйау, дӕ тӕригъӕдтӕ дын бамбӕрздзынӕн бӕзджын мигътӕй. Раздӕх мӕм+, ӕмӕ дӕ ӕз балхӕндзынӕн+.
23 Уӕлӕрвтӕ, фырцинӕй хъӕр кӕнут+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ архайын райдыдта!+ Фырцинӕй зарут+, зӕххы ӕрфытӕ!+ Цин кӕнут, хӕхтӕ!+ Цины хъӕр кӕнут, хъӕд ӕмӕ йӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр! Йегъовӕ Иаковы балхӕдта, Израилыл ӕвдисы йӕ рӕсугъддзинад»+.
24 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ, дӕ Ӕлхӕнӕг+, дӕ мады гуыбыны ма куы уыдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ де Скӕнӕг чи у, уый: «Ӕппӕт дӕр ӕз аразын, ӕз, Йегъовӕ. Ӕз айтыгътон арв+, ӕрӕвӕрдтон зӕхх+. Ӕмӕ мемӕ исчи уыди?
25 Афтид ныхӕстӕ чи кӕны, уыдонӕн афтӕ бакӕнын, ӕмӕ сӕ нысӕнттӕй ницы рауайы. Дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ саразын+. Зондджынты схӕццӕтӕ кӕнын, сӕ зонындзинӕдтӕ сын ӕнӕзонддзинад фестын кӕнын+.
26 Ӕз афтӕ бакӕнын, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕджы ныхас ӕрцӕуы, мӕ минӕвӕртты ныхӕстӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнын+. Ӕз Иерусалимӕй зӕгъын: „Адӕм дзы ӕрцӕрдзӕн“+; ӕмӕ Иудӕйы горӕттӕй: „Ногӕй арӕзт ӕрцӕудзысты+, ӕмӕ йын йӕ хӕлддзӕгтӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн“+.
27 Арф донӕн зӕгъын: „Дӕ дон байсысӕд. Ӕз дын дӕ цӕугӕдӕттӕ иууылдӕр бахус кӕндзынӕн“+.
28 Кирӕй+ зӕгъын: „Уый у мӕ фыййау, ӕмӕ мӕн цыдӕриддӕр фӕнды+ – иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзӕн“. Уый сӕххӕст кӕндзӕн, Иерусалимы тыххӕй кӕй загътон, уыцы ныхас дӕр: „Ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн“; ӕмӕ кувӕндоны тыххӕй цы загътон, уый дӕр: „Дӕ бындур ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Нысан кӕны «рӕстзӕрдӕ». У Израилы буц ном.
^ Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Комк. «ныссӕрфдзынӕн».