Йезекил 7:1—27
7 Ӕмӕ мын Йегъовӕ афтӕ загъта:
2 «Адӕймаджы фырт, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы Израилы зӕххӕн: „Ӕрцыд кӕрон, ӕрцыд кӕрон ацы зӕххы цыппар кӕронӕн+.
3 Кӕрон дын ӕрцыд+. Ӕз дыл мӕ маст ныккалдзынӕн ӕмӕ дын тӕрхон кӕндзынӕн дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+, ӕмӕ дын де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ иууылдӕр дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн.
4 Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн, фӕлӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ куы бафхӕрон, уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“+.
5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Бӕллӕх, ӕнахуыр бӕллӕх ӕрцӕуы!+
6 Кӕрон ӕрцӕудзӕн+. Кӕрон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ дыл ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы. Мӕнӕ ӕрцӕуы!+
7 Бӕллӕх* дӕм ӕрцӕудзӕн, о зӕххыл цӕрӕг адӕймаг. Уыцы рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, уыцы бон хӕстӕг у+. Алырдыгӕй катайы бацыдысты, хӕхтӕй цины хъӕр нал хъуысы.
8 Тагъд дыл мӕ судзгӕ маст ныккалдзынӕн+, мӕ маст дыл иууылдӕр ныккалдзынӕн+, ӕмӕ дын тӕрхон кӕндзынӕн дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+, ӕмӕ дын де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ иууылдӕр дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн.
9 Нӕ дын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ дыл нӕ бацауӕрддзынӕн+. Дӕ хъуыддӕгтӕ дын дӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ куы бафхӕрон, уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, де ’лгъаг хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ’ркӕндзысты, уый+. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз уӕ кӕй цӕвын, ӕз, Йегъовӕ+.
10 Мӕнӕ уыцы бон! Мӕнӕ ӕрцӕуы!+ Бӕллӕх фӕндагыл ис+. Лӕдзӕг ракалдта дидинӕг+. Сӕрбӕрзонддзинад* йӕ къабӕзтӕ айвӕзта+.
11 Тыхми сси, фыддзинады тыххӕй чи ’фхӕры, ахӕм лӕдзӕг+. Ӕфхӕрдӕй сӕ ницы фервӕзын кӕндзӕн: нӕдӕр сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ, нӕдӕр сӕхӕдӕг сӕхи, нӕдӕр сӕ кад.
12 Уыцы рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, уыцы бон ӕрхӕццӕ уыдзӕн. Ӕлхӕнӕг цин ма кӕнӕд+ ӕмӕ уӕйгӕнӕг маст ма кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы маст ссыгъд ӕппӕт ацы адӕммӕ.
13 Уӕйгӕнӕг, цы ауӕй кодта, уымӕ нал аздӕхдзӕн, удӕгасӕй куы баззайа, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ цӕстылуайӕн хауы ӕппӕт ацы адӕммӕ. Иу дӕр нӕ раздӕхдзӕн ӕмӕ йӕ фыдракӕндты фӕрцы йӕ цард иу дӕр нӕ бахъахъхъӕндзӕн.
14 Уадындзӕй ныууасыдысты+, ӕмӕ иууылдӕр сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой, фӕлӕ хӕцынмӕ ничи цӕуы, уымӕн ӕмӕ мӕ маст ссыгъд ӕппӕт ацы адӕммӕ+.
15 Ӕддейӕ – хъама+, мидӕгӕй – фыдниз ӕмӕ ӕххормагдзинад+. Быдыры чи ис, уый йӕ мӕлӕт ссардзӕн хъамайӕ, горӕты чи ис, уый бауыдзӕн ӕххормагдзинад ӕмӕ фыднизы амӕттаг+.
16 Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон алидздзысты+ ӕмӕ хӕхтыл уыдзысты дӕлвӕзты цӕрӕг бӕлӕтты хуызӕн+ – иууылдӕр хъӕрздзысты, алчи йӕ фыдракӕнды тыххӕй.
17 Иууылдӕр сӕ къухтӕ ӕруагътой+, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ уӕрджытӕ ныххуылыдз сты*+.
18 Сӕ уӕлӕ скодтой хъисынтӕ+, фыртӕссӕй ризынц+. Сӕ цӕсгӕмттӕ фырхудинагӕй судзынц+, сӕ сӕртӕ сты даст+.
19 Се ’взист уынгтӕм калдзысты, сӕ сызгъӕрин сын фенад уыдзӕн. Йегъовӕйы судзгӕ масты бон сӕ нӕдӕр се ’взист фервӕзын кӕндзӕн, нӕдӕр сӕ сызгъӕрин+. Сӕ удтӕ нӕ бафсаддзысты ӕмӕ сӕ хуылф нӕ байдзаг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын уыдон систы, чи сӕ рӕдийын кӕны, ахӕм цӕлхдур+.
20 Сӕ рӕсугъд аивгӕнӕнтӕй сты хъал. Ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй скодтой се ’лгъаг гуымирытӕ+, сӕ ӕнаккаг хуыцӕуттӕ+. Уый тыххӕй сын фенад кӕндзынӕн се ’взист ӕмӕ сӕ сызгъӕрин+.
21 Ӕз сын сӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕм ратдзынӕн, цӕмӕй сын сӕ фӕхӕссой, ратдзынӕн сӕ, зӕххыл цы фыдгӕнджытӕ ис, уыдонӕн, цӕмӕй сын дзы мацыуал ныууадзой+, ӕмӕ сӕ уыдон фӕхынджылӕг кӕндзысты.
22 Ӕз сӕ мӕхи иннӕрдӕм азилдзынӕн+, ӕмӕ мын уыдон*, зынаргъ мын чи у, уыцы бынатӕй* фӕхынджылӕг кӕндзысты. Абырджытӕ йӕм бацӕудзысты ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты+.
23 Сараз рӕхыс+, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг тугӕйдзаг тӕрхӕттӕй+, горӕт байдзаг тыхмийӕ+.
24 Ӕз адӕмтӕй сӕ тӕккӕ фыддӕрты ӕрбакӕндзынӕн+, ӕмӕ сын уыдон сӕ хӕдзӕрттӕ байсдзысты+. Тыхджынты сӕрбӕрзонддзинадӕн ӕз кӕрон скӕндзынӕн+, ӕмӕ сын сӕ кувӕндӕттӕй фӕхынджылӕг кӕндзысты+.
25 Уыдон хъизӕмарӕй мӕлдзысты, агурдзысты фарн, фӕлӕ фарн не ссардзысты+.
26 Фыдбылыз фыдбылызы фӕдыл цӕудзӕн+, хабар хабары фӕдыл хъуысдзӕн. Адӕм пехуымпарӕй курдзысты цӕстылуайӕн+, ӕмӕ сауджынмӕ нал уыдзӕн закъон, хистӕр лӕгтӕм – уынаффӕ+.
27 Паддзах хъыг кӕндзӕн+, адӕмы хистӕртӕ фыртӕссӕй, цы акӕной, уый нал зондзысты+, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы къухтӕ зыр-зыр кӕнын райдайдзысты. Ӕз сын бакӕндзынӕн, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ сын цы ’мбӕлы, уый+, ӕмӕ сын тӕрхон кӕндзынӕн сӕхи тӕрхӕттӕй+. Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ“»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «Дидинджытӕй быд худ». Кӕс 10 ст. дӕр.
^ Кӕнӕ «Хиуылӕрвӕссондзинад».
^ Ома фыртӕссӕй сӕ бынтӕ ныххуылыдз кодтой.
^ Ома знӕгтӕ.
^ Кӕнӕ «ме ’мбӕхст бынатӕй».