Йезекил 9:1—11
9 Ӕмӕ мын уӕд хъӕрӕй загъта: «Горӕт ныппырх кӕнынмӕ чи цӕуы, уыдон хӕстӕг ӕрбацӕуӕнт, алкӕмӕн дӕр йӕ мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз йӕ къухы, афтӕмӕй!»
2 Ӕмӕ дын уӕртӕ, цӕгатырдӕм чи кӕсы, уыцы уӕллаг+ кулдуары ’рдыгӕй ӕрбацӕуы ӕхсӕз лӕджы, алкӕмӕн дӕр йӕ къухы, пырх кӕмӕй кӕндзӕн, ахӕм хӕцӕнгарз. Семӕ ма уыди иу лӕг кӕттаг дарӕсы+, йӕ астӕуыл уыд писыры фыссӕнгӕрзтӕ. Уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрлӕууыдысты ӕрхуы нывондхӕссӕны раз+.
3 Израилы Хуыцауы кад+, херувимты сӕрмӕ чи уыди+, уыцы кад бацыд кувӕндоны бахизӕнмӕ+. Ӕмӕ Хуыцау, кӕттаг дарӕсы чи уыд+ ӕмӕ йӕ астӕуыл писыры фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕн уыди, уыцы лӕгмӕ радзырдта.
4 Йегъовӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ горӕтыл ӕрзил, ӕрзил Иерусалимыл, ӕмӕ йӕ мидӕг цы ӕлгъаг митӕ кӕнынц+, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ чи маст кӕны ӕмӕ чи дзыназы+, уыцы адӕмы ныхтыл нысан сӕвӕр».
5 Иннӕтӕн та загъта: «Йӕ фӕдыл цӕут, горӕтыл ӕрзилут ӕмӕ марут адӕмы. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сыл ма бацауӕрдут+.
6 Марут зӕрӕдты дӕр, ӕрыгон лӕппуты дӕр ӕмӕ чызджыты дӕр, сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр+ – ныццӕгъдут сӕ. Фӕлӕ, нысан кӕуыл ис, уыдонӕй иумӕ дӕр ма бавналут+. Ӕмӕ райдайут мӕ кувӕндонӕй»+. Ӕмӕ уыдон дӕр райдыдтой, хӕдзары раз чи лӕууыд, уыцы зӕронд лӕгтӕй+.
7 Уый фӕстӕ сын загъта: «Хӕдзар фегад кӕнут ӕмӕ кӕртытӕ мӕрдтӕй байдзаг кӕнут+. Ацӕут!» Уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ горӕты адӕмы марын райдыдтой.
8 Уыдон адӕмы куы мардтой ӕмӕ ӕз удӕгасӕй куы баззадтӕн, уӕд дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн+ ӕмӕ ныхъхъӕр кодтон: «О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ!+ Иерусалимыл дӕ судзгӕ маст ныккалдтай, ӕмӕ ма Израилӕй чи баззад, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдынмӕ хъавыс?»+
9 Уӕд мын уый загъта: «Израил ӕмӕ Иудӕйы адӕмы+ фыдракӕнд тынг стыр у, зӕгъӕн дӕр ын нӕй+. Зӕхх байдзаг тугӕй+, горӕт байдзаг мӕнгарддзинадӕй+, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: „Йегъовӕ ацы зӕхх ныууагъта+, Йегъовӕ нӕ нӕ уыны“+.
10 Ӕмӕ сын ӕз дӕр нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн+ ӕмӕ сыл нӕ бацауӕрддзынӕн+. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи сӕрӕн баййафын кӕндзынӕн»+.
11 Уӕд, кӕттаг дарӕсы чи уыд ӕмӕ йӕ астӕуыл фыссӕнгӕрзтӕ кӕмӕн уыди, уыцы лӕг фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ загъта: «Куыддӕриддӕр мын загътай, афтӕ бакодтон»+.