Йесо Навин 12:1—24
12 Израилы фырттӕ Иорданы фаллаг фарс, скӕсӕнырдыгӕй+, Арноны+ дӕлвӕзӕй суанг Ермоны+ хохы онг цы зӕххытӕ ис, уыдон, стӕй Аравӕйы+ дӕлвӕз ӕгасӕй дӕр бацахстой, сӕ паддзӕхты та сын ныддӕрӕн кодтой. Мӕнӕ уыцы паддзӕхтӕ:
2 аморейты паддзах Сигон+ – царди Есевоны+, йӕ дӕлбар та уыд Ароер+, Арноны+ дӕлвӕзы был чи ис, уыцы горӕт, стӕй ма дӕлвӕзы астӕу ӕмӕ Галаады ӕмбис, суанг Иавокы+ дӕлвӕзы онг. Иавок та уыд Аммоны фыртты зӕххы арӕн.
3 Йӕ дӕлбар ма уыд Аравӕ+ дӕр: скӕсӕнырдыгӕй – Киннерефы+ денджызы онг, скӕсӕнырдыгӕй Беф-Йешимофы+ ’рдӕм та – Аравӕйы денджызы онг, ома Цӕхджын денджызы+ онг, хуссарырдыгӕй та – Фасгӕйы+ хохрӕбыны онг.
4 Иннӕ паддзах та уыд Васаны паддзах Ог+, рефаимтӕй+ фӕстаг. Ог царди Астарофы+ ӕмӕ Едрейы+.
5 Йӕ дӕлбар уыд Ермоны+ хох, Салхӕ ӕмӕ ӕгас Васан+, суанг гессурӕгты+ ӕмӕ маахӕйӕгты+ зӕххыты арӕнты онг, ӕмӕ Галаады ӕмбис, Есевоны+ паддзах Сигоны+ зӕххыты онг.
6 Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей ӕмӕ сӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей уыцы зӕххытӕ радта Рувимы+ мыггагӕн, Гады+ мыггагӕн ӕмӕ Манассийы+ мыггаджы ӕмбисӕн.
7 Иорданы ныгуылӕн фарс та Йесо ӕмӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой, Ливаны+ дӕлвӕзы Ваал-Гадӕй+ суанг, Сеиры+ ’рдӕм чи кӕсы, уыцы хох Халакы+ онг цы паддзӕхтӕ уыди, уыдоны. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесо Израилы мыггӕгтыл байуӕрста уыцы зӕхх+:
8 хӕхбӕстӕ, Шефелӕ, Аравӕ, хӕхты фӕхстӕ, ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ Негев+,– хетты, аморейты+, ханаайнӕгты, ферезейты, евейты ӕмӕ йевусейты+ зӕххытӕ. Мӕнӕ уыцы паддзӕхтӕ:
9 Иерихоны+ паддзах, Гайы+ паддзах – Гай уыд Вефилмӕ хӕстӕг,
10 Иерусалимы+ паддзах, Хевроны+ паддзах,
11 Иармуфы+ паддзах, Лахисы+ паддзах,
12 Еглоны+ паддзах, Газеры+ паддзах,
13 Давиры+ паддзах, Гадеры паддзах,
14 Хормӕйы паддзах, Арады паддзах,
15 Ливнӕйы+ паддзах, Одолламы паддзах,
16 Македы+ паддзах, Вефилы+ паддзах,
17 Таппуахы паддзах, Хеферы+ паддзах,
18 Афекы паддзах, Шароны паддзах,
19 Мадоны+ паддзах, Асоры+ паддзах,
20 Шимрон-Мероны паддзах, Ахсафы+ паддзах,
21 Фаанахы паддзах, Мегиддойы+ паддзах,
22 Кедесы паддзах, Иокнеамы+ паддзах Кармилы,
23 Доры паддзах Доры+ хӕхты, Гоимы паддзах Галгалы,
24 Фирцӕйы паддзах –ӕдӕппӕтӕй ӕртын иу паддзахы+.