Йесо Навин 13:1—33
13 Йесо базӕронд, азтӕ йыл сӕ уӕз ӕруагътой+. Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ды базӕронд дӕ, азтӕ дыл сӕ уӕз ӕруагътой, байсын кӕй хъӕуы, уыцы зӕххытӕ та нырма бирӕ сты+.
2 Мӕнӕ ма дзы ацы зӕххытӕ баззад+: филистимӕгты+ ӕмӕ гессурӕгты+ зӕххытӕ иууылдӕр,–
3 Египеты раз Нилы къабазӕй цӕгатырдӕм Екроны арӕны онг цы зӕххытӕ ис+, уыдон нымад уыдысты ханаайнӕгты зӕххытыл+,– стӕй фондз филистимаг цӕдисон паддзахы+ зӕххытӕ: газӕйӕгты+, азотӕгты+, аскалойнӕгты+, гефӕгты+ ӕмӕ екройнӕгты+ зӕххытӕ, ӕмӕ ма аввейты+ зӕххытӕ дӕр.
4 Хуссарырдыгӕй – ханаайнӕгты зӕхх иууылдӕр, сидойнӕгты+ бӕстӕ Меарӕ, суанг Афекы онг, аморейты арӕны онг,
5 стӕй гевалӕгты+ зӕххытӕ ӕмӕ ӕгас Ливан скӕсӕнырдӕм, Ермоны хохрӕбын Ваал-Гадӕй+ суанг Хаматы+ арӕнты онг,
6 хӕхбӕсты цӕрджытӕ иууылдӕр, Ливанӕй+ Мисрефоф-Маимы+ онг, сидойнӕгтӕ+ иууылдӕр. Ӕз сӕ мӕхӕдӕг фӕсурдзынӕн Израилы фыртты разӕй+. Ӕрмӕст дын куыд загътон, афтӕ бакӕн – ацы зӕхх Израилӕн бынӕн ратт+.
7 Зӕхх адих кӕн ӕмӕ йӕ бынӕн ратт фараст мыггагӕн ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн»+.
8 Манассийы мыггаджы иннӕ ’мбис, Рувимы мыггаг ӕмӕ Гады мыггаг та бынӕн райстой, Моисей сын Иорданы скӕсӕн фарс кӕй радта, уыцы зӕхх, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Моисей сын ӕй куыд байуӕрста, уымӕ гӕсгӕ+:
9 Арноны+ дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ фалӕмӕ, стӕй, дӕлвӕзы астӕу цы горӕт ис, уый ӕмӕ Медевӕйы+ уӕлвӕз ӕгасӕй дӕр, суанг Дивоны+ онг,
10 Есевоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы аморейаг паддзах Сигоны горӕттӕ иууылдӕр, Аммоны фыртты зӕххыты арӕны онг+,
11 Галаад, гессурӕгты+ ӕмӕ маахӕйӕгты зӕххытӕ, Ермоны+ хох ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ ӕгас Васан+, суанг Салхӕйы+ онг,
12 Астарофы ӕмӕ Едрейы+ чи хицауиуӕг кодта, уыцы васайнаг паддзах Огы+ зӕххытӕ иууылдӕр – Ог уыди рефаимтӕй+ фӕстаг. Уыдоны се ’ппӕты дӕр Моисей басаста ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ байста+.
13 Фӕлӕ Израилы фырттӕ гессурӕгты ӕмӕ маахӕйӕгты нӕ басастой+, ӕмӕ Гессур+ ӕмӕ Маахӕ абоны онг дӕр цӕрынц Израилы адӕмы ’хсӕн.
14 Ӕрмӕстдӕр Левийы мыггагӕн нӕ радта бынтӕ+. Уыдонӕн сӕ бынтӕ+ сты, Израилы Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕ+, зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ+.
15 Стӕй Моисей бынтӕ радта Рувимы мыггагӕн, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
16 Сӕ зӕххытӕ уыдысты: Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ фалӕмӕ цы зӕххытӕ ис, уыдон, стӕй, дӕлвӕзы астӕу цы горӕт ис, уый ӕмӕ, Медевӕйы раз цы уӕлвӕз ис, уый ӕгасӕй дӕр+,
17 Есевон+ ӕмӕ йын уӕлвӕзыл цы горӕттӕ+ ис, уыдон иууылдӕр, Дивон+, Вамоф-Ваал+, Беф-Ваал-Меон+,
18 Иаацӕ+, Кедемоф+, Мефааф+,
19 Кириафаим+, Сивмӕ+ ӕмӕ Цереф-Шахар, дӕлвӕзы цур хохыл чи ис, уый,
20 Беф-Фегор, Фасгӕйы+ хохрӕбын ӕмӕ Беф-Йешимоф+,
21 уӕлвӕзы горӕттӕ иууылдӕр+ ӕмӕ, Есевоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы аморейаг паддзах Сигоны зӕххытӕ иууылдӕр+. Моисей басаста Сигоны+ ӕмӕ Мадиамы хистӕрты: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревӕйы+ – Сигоны кънйӕзты, уыцы зӕххыл чи цард, уыдоны.
22 Израилы фырттӕ карды комӕй кӕй фӕцагътой, уыдоны ’хсӕн уыди Веоры фырт Валаам+ дӕр, дӕсныфӕрсӕг+.
23 Рувимы фыртты арӕн уыд Иорданы цӕугӕдон. Уыцы зӕххытӕ, цы горӕттӕ ӕмӕ дзы цы хъӕутӕ уыди, уыдонимӕ уыдысты Рувимы фыртты бынтӕ+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
24 Уый фӕстӕ Моисей бынтӕ радта Гады мыггагӕн, Гады фырттӕн, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
25 Сӕ зӕххытӕ уыдысты: Иазер+, Галаады+ горӕттӕ иууылдӕр, Аммоны+ фыртты зӕххытӕн се ’мбис, суанг Ароеры+ онг – Ароер ис Раввӕйы+ акомкоммӕ,–
26 Есевонӕй+ Рамаф-Мицфӕмӕ ӕмӕ Ветониммӕ, стӕй Маханаимӕй+ Давиры+ арӕны онг,
27 стӕй ма дӕлвӕзы Беф-Гарам+, Беф-Нимрӕ+, Сокхоф+ ӕмӕ Цафон – Есевоны+ паддзах Сигоны зӕххытӕй ма чи баззад, уыдон. Сӕ арӕн уыд Иорданы цӕугӕдон – Киннерефы+ денджызы кӕроны онг, Иорданӕн скӕсӕнырдыгӕй.
28 Уыцы зӕххытӕ, цы горӕттӕ ӕмӕ дзы цы хъӕутӕ уыди, уыдонимӕ уыдысты Гады+ фыртты бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
29 Уый фӕстӕ та Моисей бынтӕ радта Манассийы мыггаджы ӕмбисӕн, ӕмӕ уыцы зӕххытӕ баисты Манассийы мыггаджы ӕмбисы сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+.
30 Сӕ зӕххытӕ уыдысты: ӕгас Васан Маханаимӕй+ фалӕмӕ, Васаны паддзах Огы+ зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ Васаны бӕстӕйы Иаиры+ хъӕутӕ, адӕм цатырты кӕм цардысты, уыцы хъӕутӕ иууылдӕр – ӕдӕппӕтӕй ӕхсай горӕты.
31 Галаады ӕмбис, стӕй Васаны паддзах Огы горӕттӕ Астароф+ ӕмӕ Едрей+ баисты Манассийы фырт Махиры+ фыртты, Махиры фырттӕн се ’мбисы сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
32 Ацы зӕххытӕ сын Моисей бынӕн радта, Иорданы скӕсӕн фарс Моавы быдырты Иерихоны акомкоммӕ куы уыдысты, уӕд+.
33 Левийы мыггагӕн та Моисей бынтӕ нӕ радта+. Уыдонӕн сӕ хай у Израилы Хуыцау Йегъовӕ, зӕрдӕ сын куыд бавӕрдта, афтӕ+.