Левит 1:1—17
1 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмбырды цатырӕй+ ӕмӕ йын загъта:
2 «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ+: „Йегъовӕйӕн уӕ исчи йӕ фосӕй исты куы нывонд кӕна, уӕд снывонд кӕнӕд стуртӕй кӕнӕ лыстӕг фосӕй.
3 Кӕд судзинаг нывонд+ стуртӕй хӕсса, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ уӕныг. Йӕхӕдӕг ӕй ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ ӕрбакӕнӕд ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы раз ӕрлӕууын кӕнӕд+.
4 Ӕмӕ-иу йӕ къух нывонд уӕныгӕн йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ йӕ нывонд ист ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдзӕн+.
5 Стӕй уыцы уӕныджы Йегъовӕйы раз аргӕвддзысты. Ӕмӕ Аароны фырттӕ, сауджынтӕ+, йӕ тугӕй ӕрбахӕсдзысты ӕмӕ, ӕмбырды цатыры бахизӕны раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл ӕй алырдыгӕй бапырх кӕндзысты+.
6 Уый фӕстӕ, судзинаг нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы уӕныгӕн йӕ царм бастигъдзысты ӕмӕ йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты+.
7 Стӕй Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдзысты зынгтӕ+, зынгты уӕлӕ та – сугтӕ+.
8 Ӕмӕ зынгтыл, сугты уӕлӕ, ӕрӕвӕрдзысты нывонды уӕнгтӕ+, стӕй сӕр ӕмӕ фиу.
9 Тъӕнгтӕ+ ӕмӕ-иу къӕхтӕ та ныхсӕнт. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
10 Судзинаг нывонд кӕд лыстӕг фосӕй хӕсса+, ома фыстӕй кӕнӕ сӕгътӕй, уӕд хъуамӕ уа ӕнӕсахъат+ фыркъа кӕнӕ ӕнӕсахъат нӕл+ сӕгъ.
11 Ӕмӕ йӕ аргӕвддзысты Йегъовӕйы раз, нывондхӕссӕны цӕгат фарс. Ӕмӕ йын Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзысты+.
12 Стӕй йӕ ауӕнгтӕ кӕндзысты ӕмӕ йӕ сауджын йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиуимӕ нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ ӕрӕвӕрдзӕн+.
13 Тъӕнгтӕ+ ӕмӕ-иу къӕхтӕ+ та ныхсӕд. Ӕмӕ сауджын уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудздзӕн+. Уый у судзинаг нывонд, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
14 Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд та хъуамӕ уа ӕхсинӕг+ кӕнӕ лӕппын бӕлон+.
15 Сауджын ӕй ӕрбахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ, йӕ къубал ын атондзӕн*+ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Йӕ туг ӕртӕдздзӕн нывондхӕссӕны фарсыл.
16 Йӕ гуцъа йын стондзӕн, ныттондзӕн ын йӕ бумбулитӕ, ӕмӕ сӕ ӕрӕппардзӕн нывондхӕссӕны цур, скӕсӕнырдыгӕй, сойӕдзаг фӕнык+ кӕм ис, уым.
17 Хъуамӕ йӕ йӕ базырты ’хсӕн ӕрлыг кӕна, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы кӕнӕн нӕй+. Стӕй йӕ сауджын нывондхӕссӕны зынгтыл, сугты уӕлӕ, басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц+, ахӕм нывонд, ӕмӕ йӕ тӕф Йегъовӕйӕн уыдзӕн ӕхсызгон+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Йӕ сӕр ын-иу бынтон нӕ фӕхицӕн кодта.