Псалом 2:1—12
2 Цӕуыл змӕнтынц адӕмтӕ+Ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ цӕмӕн фӕнд кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм хъуыддаг?+
2 Зӕххон паддзӕхтӕ сыстадысты+,Ӕмӕ хицӕуттӕ иумӕ ӕрӕмбырд сты+,Цӕмӕй рацӕуой Йегъовӕйы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ+.
3 Ӕмӕ дзурынц: «Цы бӕттӕнтӕй нӕ сбастой, уыдон атонӕм+,Цы рӕхыстӕ ныл бакодтой, уыдон раппарӕм!»+
4 Уӕлӕрвты бадӕг+ худдзӕн,Йегъовӕ сыл фӕхуддзӕн+.
5 Уӕд семӕ дзурдзӕн мӕстыйӕ+,Йӕ маст сӕм рафыцдзӕн, ӕмӕ катайы бацӕудзысты+.
6 Уый зӕгъдзӕн: «Ӕз мӕ паддзахы сӕвӕрдтон+Сионы+ хохыл, мӕ сыгъдӕг хохыл+».
7 Ӕз фехъусын кӕндзынӕн Йегъовӕйы уынаффӕ.Уый мын загъта: «Ды дӕ мӕ фырт+,Абон ӕз сдӕн дӕ фыд+.
8 Ракур+, ӕмӕ дын бынӕн раттон ӕппӕт адӕмты дӕр+,Раттон дын зӕхх кӕрӕй-кӕронмӕ+.
9 Ды сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй ныппырх кӕндзынӕ+,Ӕлыг мигӕнӕнау сӕ базгъӕлӕнтӕ кӕндзынӕ»+.
10 Уӕдӕ ӕмбаргӕ ут, паддзӕхтӕ.Зондзонӕн уын фӕуӕд, зӕххон тӕрхонгӕнджытӕ+.
11 Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, тӕрсут дзы+.Цин кӕнут ӕмӕ йӕ нымайут+.
12 Скадджын кӕнут фырты*+, цӕмӕй уӕм Хуыцау ма смӕсты уаӔмӕ ма фесӕфат+,Уымӕн ӕмӕ йӕ маст уайтагъд ссудздзӕн+.Амондджын сты, йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыдон иууылдӕр+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Апъа кӕнут фыртӕн».