Псалом 53:1—6

Амонӕгӕн. Махалат*+. Маскил*. Давиды псалом. 53  Ӕнӕзонд йӕхинымӕр загъта:«Нӕй Йегъовӕ»+.Уыдон ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл ӕмӕ кӕнынц ӕлгъаг митӕ, фыдхъуыддӕгтӕ+.Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+.   Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕркаст адӕймаджы фырттӕм+,Цӕмӕй фена, исчи дзы ӕмбаргӕ у, исчи дзы Йегъовӕйы агуры+.   Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты раст фӕндагӕй, се ’ппӕт дӕр сты ӕмхуызон хӕлд+.Нӕй иу адӕймаг дӕр, хорздзинад чи араза+,Иу дӕр.   Ау, фыдгӕнджытӕй иу дӕр ницы бамбӕрста?+Дзул куыд хӕрай, афтӕ мын хӕрынц мӕ адӕмы+.Уыдон не ссарынц Йегъовӕйы ном+.   Уым сӕ стыр тас бацыд+,Фӕлӕ, цӕмӕй фӕтӕрсай, ахӕмӕй та дзы ницы уыд+.Чи дӕм лӕбуры, уыдонӕн се стджытӕ Хуыцау алырдӕмты ныппырх кӕндзӕн+.Ды сӕ ныххудинаг кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ къух систа+.   Тӕхуды, ӕмӕ Сионӕй куы ’рцӕуид Израилӕн стыр ирвӕзындзинад!+Йегъовӕ фӕстӕмӕ куы ӕрӕмбырд кӕна, йӕ адӕмӕй уацары чи ис, уыдоны+,Уӕд-иу Иаковы зӕрдӕ цинӕй райӕд, Израил-иу цин кӕнӕд+.

Фиппаинӕгтӕ

Музыкалон термин. Бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу.
Кӕс Пс 32:разн., фип.