Псалом 63:1—11
Давиды зарӕг. Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыд, уӕд+.
63 О Хуыцау, ды дӕ мӕ Хуыцау, дӕу агурын ӕз+.Дӕумӕ тырны* мӕ уд+.Дӕумӕ бӕлгӕйӕ мӕ буар ныллӕмӕгъ,Дон кӕм нӕй, уыцы хус ӕмӕ хурсыгъд бӕстӕйы+.
2 Ӕз-иу дӕ уыдтон сыгъдӕг бынаты+ –Уыдтон дын дӕ хъару ӕмӕ дӕ кад+.
3 Де ’нувыд уарзт у цардӕй зынаргъдӕр+,Ӕмӕ дӕ уый тыххӕй ме ’взаг кадджын кӕндзӕн+.
4 Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ дын арфӕ кӕндзынӕн+,Мӕ къухтӕ хӕрдмӕ сисгӕйӕ дӕм кувдзынӕн дӕ номӕй+.
5 Мӕ уд цыма хуыздӕр хӕйттӕй, нард хӕйттӕй, бафсӕст, афтӕ у+,Ӕмӕ ме ’взаг фырцинӕй зары ӕмӕ дӕ кадджын кӕны+.
6 Хуыссӕныл хуысгӕйӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыс+,Дӕуыл фӕхъуыды кӕнын ӕмбисӕхсӕв*+.
7 Ды дӕ ме ’ххуысгӕнӕг+,Ӕмӕ дӕ базырты аууоны дӕ кадӕн фырцинӕй зарын+.
8 Мӕ уд никуы фӕхицӕн дӕуӕй+,Дӕ рахиз къух мыл фидар хӕцы+.
9 Марынмӕ мӕ чи хъавы+,Уыдон та дӕлдзӕхмӕ ацӕудзысты+.
10 Хъамайӕ фӕцагъды уыдзысты+,Рувӕсты амӕттаг бауыдзысты+.
11 Паддзахӕн та Хуыцау уыдзӕн йӕ цин+.Хуыцауӕй чи сомы кӕны, уый уымӕй уыдзӕн сӕрыстыр+,Уымӕн ӕмӕ, мӕнг ныхас чи кӕны, уыдонӕн сӕ дзыхтӕ ӕхгӕд ӕрцӕудзысты+.