Райдиан 6:1—22

6  Зӕххыл адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, гуырди сын чызджытӕ дӕр+.  Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ*+ сӕ хъус дарын райдыдтой+ зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой.  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ загъта: «Мӕ уд*+ адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн+, уымӕн ӕмӕ адӕймаг*+ йеддӕмӕ ницы у. Гъемӕ ма цӕрӕд сӕдӕ дыууын азы»+.  Уыцы заман, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, зӕххыл царди уӕйыг адӕм*, уымӕн ӕмӕ-иу ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ ӕмуат ӕрцыдысты зӕххон чызджытимӕ, ӕмӕ-иу сын райгуырд лӕппутӕ – уыдон уыдысты уӕйыг адӕм, ӕмӕ уыдысты тыхджын ӕмӕ уӕды заман зындгонд.  Йегъовӕ федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты+ ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл+.  Ӕмӕ Йегъовӕ маст кодта*+, зӕххыл кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмы тыххӕй, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст+.  Гъемӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, кӕй сфӕлдыстон, уыцы адӕмы+. О, фесафдзынӕн адӕмы дӕр, хӕдзарон фосы дӕр, иннӕ цӕрӕгойты ӕмӕ уӕларвон мӕргъты дӕр+, уымӕн ӕмӕ маст кӕнын, кӕй сфӕлдыстон, уыдоны тыххӕй»+.  Фӕлӕ Ной ссардта Йегъовӕйы хорзӕх.  Нойы царды хабӕрттӕ уыдысты афтӕ. Ной уыди рӕстгӕнӕг+. Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ+. 10  Нойӕн райгуырд ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Иафет+. 11  Зӕхх та ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци+, фыдмитӕй байдзаг+. 12  О, Хуыцау федта, зӕхх бынысӕфт кӕй фӕци+, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл+. 13  Ӕмӕ уӕд Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын+, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны тыххӕй байдзаг фыдмитӕй. Ӕмӕ ӕз адӕмы фесафдзынӕн ӕмӕ зӕххыл дӕр ницыуал ныууадздзынӕн+. 14  Ды та дӕхицӕн чъиубӕласӕй* скӕн нау*+. Науы мидӕг скӕн хицӕн бынӕттӕ, ӕмӕ йӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр писийӕ+ байсӕрд. 15  Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ – ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины*+, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины*, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины*. 16  Науӕн скӕн рудзынг* – сараз ын йӕ фӕрстӕ, уӕлейӕ дзы цармӕ ӕввахс иу ӕлмӕрин гомӕй куыд баззайа, афтӕ. Наумӕ бахизӕн сараз фӕрсырдыгӕй+. Скӕн дзы фыццаг уӕладзыг, дыккаг уӕладзыг ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыг. 17  Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт+ ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын удӕгасӕй+ цыдӕриддӕр ис, уыдоны*. Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты+. 18  Демӕ та ӕз аразын бадзырд. Ды хъуамӕ бацӕуай наумӕ, ӕмӕ демӕ иумӕ хъуамӕ бацӕуой дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ+. 19  Наумӕ бакӕн, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдонӕй алкӕцыйӕ+ дӕр фӕйнӕ дыууӕ, цӕмӕй уыдон дӕр демӕ аирвӕзой+. Хъуамӕ уой нӕл ӕмӕ сыл. 20  Демӕ наумӕ бацӕудзысты мӕргъты алы мыггӕгтӕй, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕй+ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕй – алкӕцыйӕ дӕр фӕйнӕ дыууӕ бацӕудзысты демӕ, цӕмӕй аирвӕзой+. 21  Стӕй хъуамӕ ӕрцӕттӕ кӕнай ӕмӕ демӕ наумӕ бахӕссай алыхуызон хӕринаг дӕхицӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр»+. 22  Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «зӕдтӕ», афтӕ у LXX-йы къухфыстытӕй иуӕй-иуты.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «буар; фыд».
Комк. «нефилимтӕ» – нысан кӕны «иннӕты чи сфӕлдахы, уыдон».
Кӕнӕ «фӕфӕсмон кодта».
Комк. «гофербӕласы хъӕдӕй», ӕвӕц., уыди кипарис.
Кӕнӕ «ковчег». Комк. «асыкк». Ӕвӕц., уый уыди расткъуымон, цыппӕрдигъон ӕмӕ тъӕпӕнбын нау.
Кӕнӕ 134 м бӕрц. Иу ӕлмӕрин у 44,5 см. Кӕс Уӕлӕмх. 18.
Кӕнӕ 22 м бӕрц.
Кӕнӕ 13 м бӕрц.
Дзут. цо́хар – «сӕр» кӕнӕ «рудзынг».
Комк. «царды тых цы буары мидӕг ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.