1 Паддзӕхты 19:1—21
19 Ахав+ Йезавелӕн+ радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй. Радзырдта йын, пехуымпарты куыд ныццагъта, уый дӕр+.
2 Уӕд Йезавел Илийамӕ арвыста ахӕм ныхас: «Хуыцӕутты фыдӕх мӕ баййафӕд+, ӕз дӕ райсом ацафон сӕ фӕдыл мӕрдтӕм куы нӕ барвитон, уӕд!»
3 Илийа фӕтарст ӕмӕ алыгъд Иудӕйы зӕхмӕ+, горӕт Вирсавимӕ+, цӕмӕй йӕ цард бахъахъхъӕдтаид+. Йӕ лӕггадгӕнӕджы уым ныууагъта,
4 йӕхӕдӕг та ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыд ӕмӕ дзы иу бон фӕцыд. Стӕй иу къутӕрбӕласы бын ӕрбадт+ ӕмӕ Хуыцауӕй мӕлӕт курын райдыдта: «Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард*+, ӕз мӕ фыдӕлтӕй ницӕмӕй хуыздӕр дӕн».
5 Ӕппынфӕстаг къутӕрбӕласы+ бын ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уалынмӕ зӕд+ фӕзынд, Илийамӕ бавнӕлдта+ ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ахӕр».
6 Илийа ракаст, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ сӕрырдыгӕй тӕвд дуртыл – дзул+, йӕ фарсмӕ та дурыны – дон. Ӕмӕ бахордта, банызта ӕмӕ та фӕстӕмӕ схуыссыд.
7 Цасдӕры фӕстӕ та йӕм Йегъовӕйы зӕд+ дыккаг хатт ӕрцыд, бавнӕлдта та йӕм ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ бахӕр, кӕннод фӕндагыл нӕ бафӕраздзынӕ»+.
8 Уӕд Илийа сыстад, бахордта ӕмӕ банызта. Хъарутӕ та йӕм фӕзынд, ӕмӕ цыппор боны+ ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы фӕцыд Хоривы+ онг, ӕцӕг Хуыцауы хохы онг.
9 Уыцы ран лӕгӕтмӕ бацыд+, цӕмӕй уым бахсӕвиуат кодтаид. Фӕлӕ йын уалынмӕ Йегъовӕ загъта: «Илийа, ам цы кусыс?»+
10 Илийа йын загъта: «Ӕз ӕнувыдӕй+ лӕггад кодтон ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйӕн, фӕлӕ Израилы фырттӕ дӕ бадзырдыл сӕ къух систой+, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой+, дӕ пехуымпарты та дын ныццагътой+, ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн+. Ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц»+.
11 Уӕд ын загъд уыд: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ Йегъовӕйы раз хохыл слӕуу»+. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ рӕзты куы фӕцӕйцыд+, уӕд тыхдымгӕ сыстад, ӕмӕ уыцы дымгӕйӕ Йегъовӕйы раз хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой ӕмӕ къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты+ – фӕлӕ Йегъовӕ дымгӕйы нӕ уыд. Дымгӕйы фӕстӕ та уыди зӕххӕнкъуыст+ – фӕлӕ Йегъовӕ зӕххӕнкъуысты нӕ уыд.
12 Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ та уыд арт+ – фӕлӕ Йегъовӕ арты нӕ уыд. Арты фӕстӕ та райхъуыст фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс+.
13 Куыддӕр Илийа уыцы хъӕлӕс фехъуыста, афтӕ йӕ цӕсгом йӕ уӕлӕдарӕсӕй бамбӕрзта+, рацыд ӕмӕ лӕгӕты бахизӕны слӕууыд. Ӕмӕ та райхъуыст хъӕлӕс: «Илийа, ам цы кусыс?»+
14 Илийа йын дзуапп радта: «Ӕз ӕнувыдӕй лӕггад кодтон ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйӕн, фӕлӕ Израилы фырттӕ дӕ бадзырдыл сӕ къух систой+, дӕ нывондхӕссӕнтӕ дын ныппырх кодтой, дӕ пехуымпарты та дын ныццагътой, ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн. Ӕмӕ мӕн дӕр марынмӕ хъавынц»+.
15 Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Фӕстӕмӕ Дамаскы+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕх. Уырдӕм куы ныццӕуай, уӕд-иу Азаилы+ Сирийы паддзахӕй сӕвӕр*+.
16 Намессийы фырты фырт+ Ииуйы-иу+ сӕвӕр Израилы паддзахӕй, ӕмӕ Сафаты фырт Елисейы+, Авел-Мехолӕйӕ+ чи у, уый та-иу сӕвӕр* дӕ бӕсты пехуымпарӕй+.
17 Азаилы хъамайӕ чи аирвӕза+, уый амардзӕн Ииуй+, Ииуйы хъамайӕ чи аирвӕза, уый та амардзӕн Елисей+.
18 Ӕз Израилы ныууагътон авд мин адӕймаджы+ – уыдон Ваалы раз сӕ зонгуытыл нӕ лӕууыдысты+ ӕмӕ йын нӕ пъатӕ кодтой»+.
19 Илийа дӕр уырдыгӕй ацыд ӕмӕ Сафаты фырт Елисейы ссардта. Уыцы рӕстӕг уый хуым кодта+ дыууын цыппар* галӕй. Галтӕ ифтыгъд уыдысты дыгӕйттӕй, ӕмӕ йӕхӕдӕг цыди фӕстаг дыууӕ галы разӕй. Гъемӕ йӕм Илийа бацыд ӕмӕ йыл йӕ уӕлӕдарӕс+ ӕрӕппӕрста.
20 Елисей галты фӕуагъта, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Ауадз-ма мӕ, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ ӕххӕст мӕ фыд ӕмӕ мӕ мадӕн апъа кӕнон+. Ӕмӕ стӕй ацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Илийа йын загъта: «Ацу, куы нӕ дӕ уромын».
21 Ӕмӕ Елисей Илийайы разӕй ацыд, дыууӕ галы ракодта, акусарт+ сӕ кодта*, сӕ дзидза сын галты ӕфсондз ӕмӕ гутоны хъӕдтыл+ сфыхта ӕмӕ йӕ адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ адӕм бахордтой. Уый фӕстӕ сыстад ӕмӕ ацыд Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кӕнын+ райдыдта.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
^ Комк. «байсӕрд».
^ Комк. «байсӕрд».
^ Комк. «дыууадӕс цӕды».
^ Комк. «нывондӕн сӕ ӕрхаста».