1 Паддзӕхты 6:1—38
6 Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты+, уымӕй цыппарсӕдӕ ӕстай азы фӕстӕ, Соломон Израилӕн паддзах куы сси, уымӕй цыппӕрӕм аз+, зивы мӕйы+, ома дыккаг мӕйы+, Соломон райдыдта Йегъовӕйы хӕдзар аразын+.
2 Паддзах Соломон Йегъовӕйӕн цы хӕдзар сарӕзта+, уымӕн йӕ дӕргъ уыд ӕхсай ӕлмӕрины*+, йӕ уӕрх – дыууын ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – ӕртын ӕлмӕрины+.
3 Хӕдзары сӕйраг уаты* разӕй цы мӕсыг+ уыд, уымӕн йӕ дӕргъ уыд дыууын ӕлмӕрины, хӕдзарӕн йӕ уӕрх цас уыди, уыйас. Хӕдзарӕн разырдыгӕй цы мӕсыг уыди, уымӕн йӕ уӕрх та уыд дӕс ӕлмӕрины.
4 Соломон хӕдзарӕн скодта, сӕ фӕлгӕттӕ ӕддӕрдыгӕй нарӕгдӕр кӕмӕн уыдысты, ахӕм рудзгуытӕ+.
5 Уый фӕстӕ хӕдзары къулмӕ ӕддӕрдыгӕй бафтыдта ноджыдӕр иу агъуыст. Уыцы агъуыст цыди хӕдзары алыварс, сӕйраг уат ӕмӕ рӕбинаг уаты алыварс+, ӕмӕ дзы кӕрӕй-кӕронмӕ скодта уӕттӕ+.
6 Уыцы уӕтты бинаг уӕладзыгӕн йӕ уӕрх уыди фондз ӕлмӕрины, дыккаг уӕладзыгӕн – ӕхсӕз ӕлмӕрины, ӕртыккаг уӕладзыгӕн та – авд ӕлмӕрины. Афтӕ уымӕн уыд, ӕмӕ хӕдзары алыварс къулыл ӕддӕрдыгӕй скодта къӕпхӕнгӕндтӕ+, цӕмӕй хӕдзары къултӕн сӕхиуыл мацы хъуыдаид фидар кӕнын+.
7 Хӕдзар арӕзт цыди, дурсӕттӕнты-иу кӕй слӕгъз кодтой, ахӕм дуртӕй+. Ӕмӕ хӕдзар+ куы арӕзтой, уӕд дзы нӕдӕр дзӕбуджы хъӕр хъуысти, нӕдӕр фӕрӕты, нӕдӕр ӕндӕр ӕфсӕйнаг кусӕнгарзы хъӕр.
8 Хӕдзары алыварс цы уӕттӕ уыди, уыдонӕй бинаг уӕладзыгмӕ бахизӕн+ уыд хӕдзарӕн рахизырдыгӕй. Уырдыгӕй тымбыл асиныл схизӕн уыд дыккаг уӕладзыгмӕ ӕмӕ дыккаг уӕладзыгӕй та – ӕртыккагмӕ.
9 Соломон хӕдзар дарддӕр арӕзта, цӕмӕй ма дзы аразинаг цы уыди, уый дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид+. Царӕн хъӕдтӕ сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ кедрбӕласы фӕйнӕджытӕй бамбӕрзта+.
10 Хӕдзары алыварс кӕрӕй-кӕронмӕ скодта уӕттӕ+, сӕ бӕрзӕнд уыд фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ хӕдзаримӕ фидаргонд уыдысты кедрбӕласы хъӕдтӕй+.
11 Уӕд Йегъовӕ Соломонӕн+ загъта+:
12 «Кӕд мын мӕ закъӕттӕ+ ӕмӕ мӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕнай+ ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрай+, уӕд ӕз дӕр сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕу тыххӕй ӕмӕ, цы хӕдзар аразыс, уый тыххӕй дӕ фыд Давидӕн цы загътон, уый+.
13 Ӕз цӕрдзынӕн Израилы фыртты ’хсӕн+ ӕмӕ нӕ ныууадздзынӕн мӕ адӕмы, Израилы»+.
14 Ӕмӕ Соломон хӕдзар дарддӕр арӕзта, цӕмӕй ма дзы аразинаг цы уыд, уый дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид+.
15 Хӕдзары къултӕ мидӕгӕй скодта кедрбӕласы фӕйнӕджытӕй. Пъолӕй цары хъайванты онг хӕдзар ӕгасӕй дӕр бамбӕрзта хъӕдӕй ӕмӕ пъол дӕр бамбӕрзта ӕхсӕлыбӕласы фӕйнӕджытӕй+.
16 Стӕй хӕдзары рӕбынӕй дыууын ӕлмӕрины абарста ӕмӕ уыцы хай иннӕ хайӕ, пъолӕй цары хъайванты онг, ахицӕн кодта кедрбӕласы фӕйнӕджытӕй. Ӕмӕ хӕдзары мидӕг скодта рӕбинаг+ уат – Ӕппӕты сыгъдӕг бынат+.
17 Хӕдзар,– ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты размӕ чи уыд, уыцы сӕйраг уат+,– уыди цыппор ӕлмӕрины+.
18 Хӕдзары кедрӕй ӕмбӕрзт къултыл уыд хъӕддаг харбызы+ хуызӕн нывӕфтыдтӕ ӕмӕ рӕхысбыд дидинджыты нывӕфтыдтӕ+. Иууылдӕр ӕмбӕрзт уыд кедрӕй, дур дзы никӕцӕй зынди.
19 Хӕдзары мидӕг скодта рӕбинаг+ уат, цӕмӕй дзы Йегъовӕйы бадзырды+ чырын+ сӕвӕрдтаид.
20 Рӕбинаг уатӕн йӕ дӕргъ уыд дыууын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр – дыууын ӕлмӕрины+ ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – дыууын ӕлмӕрины. Ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕй бамбӕрзта сыгъдӕг сызгъӕринӕй+, нывондхӕссӕн+ та бамбӕрзта кедрӕй.
21 Соломон хӕдзар мидӕгӕй бамбӕрзта+ сыгъдӕг сызгъӕринӕй+, рӕбинаг уаты раз та айвӕзта сызгъӕрин рӕхыс+. Ӕмӕ рӕбинаг уат+ дӕр бамбӕрзта сызгъӕринӕй.
22 Соломон хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй дӕр бамбӕрзта сызгъӕринӕй+. Рӕбинаг уаты раз цы нывондхӕссӕн+ уыд, уый дӕр сызгъӕринӕй бамбӕрзта+.
23 Стӕй рӕбинаг уаты, сой чи дӕтты, ахӕм бӕласӕй скодта дыууӕ херувимы+, алкӕцыйӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыд дӕс ӕлмӕрины+.
24 Херувимы базыртӕй иу дӕр уыд фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ иннӕ дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ иу базыры кӕронӕй иннӕ базыры кӕронмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины+.
25 Иннӕ херувим дӕр уыд дӕс ӕлмӕрины. Иу херувим цӕйас уыд, уыйас уыд иннӕ дӕр ӕмӕ уыдысты иухуызон.
26 Херувимтӕй иуӕн йӕ бӕрзӕнд уыд дӕс ӕлмӕрины, ӕмӕ уыйас уыд иннӕ херувим дӕр.
27 Херувимты сӕвӕрдта хӕдзары мидӕггаг уаты. Сӕ базыртӕ уыдысты фӕйнӕрдӕм. Херувимтӕй+ иуы базыр ӕндзӕвыд иу къулыл, иннӕйы базыр та – иннӕ къулыл. Сӕ иннӕ базыртӕ та хӕдзары астӕу ӕндзӕвыдысты кӕрӕдзийыл+.
28 Ӕмӕ херувимтыл дӕр сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
29 Хӕдзары къултыл алырдыгӕй дӕр, рӕбинаг уаты дӕр ӕмӕ ӕддаг уаты дӕр, скодта херувимты+, пальмӕбӕлӕсты+ ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ+.
30 Хӕдзарӕн йӕ пъол+ рӕбинаг уаты дӕр ӕмӕ ӕддаг уаты дӕр бамбӕрзта сызгъӕринӕй.
31 Рӕбинаг уатмӕ бахизӕны сойбӕласӕй+ скодта дуӕрттӕ+: фӕрсырдыгӕй цӕджындзтӕ, дуары тарвӕзтӕ ӕмӕ фӕндзӕм хай.
32 Дыууӕ дуары дӕр уыдысты сойбӕласӕй ӕмӕ сыл скодта херувимты, пальмӕбӕлӕсты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ, стӕй сӕ сызгъӕринӕй бамбӕрзта. Херувимты ӕмӕ пальмӕбӕлӕсты нывтыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта.
33 Раст афтӕ скодта сӕйраг уатмӕ бахизӕн дӕр. Дуары тарвӕзтӕ скодта сойбӕласӕй, уыдысты цыппӕрдигъон.
34 Дыууӕ дуары та скодта ӕхсӕлыбӕласӕй+. Иу дуары дыууӕ хайы дӕр зылдысты ӕвдузӕнтыл, ӕмӕ иннӕ дуары дыууӕ хайы дӕр зылдысты ӕвдузӕнтыл+.
35 Ӕмӕ сыл скодта херувимты, пальмӕбӕлӕсты ӕмӕ дидинджыты нывӕфтыдтӕ, стӕй уыцы нывтыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+.
36 Стӕй скодта мидӕггаг+ кӕрт, йӕ алыварс ын самадта къул: ӕртӕ рӕнхъы+ дзы ауагъта лӕгъзгонд дуртӕ, иу рӕнхъ та – кедрбӕласы хъӕдтӕ.
37 Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ бындур ӕвӕрд ӕрцыд+ цыппӕрӕм аз, зивы мӕйы+.
38 Ӕмӕ арӕзт та фӕци иуӕндӕсӕм аз, булы мӕйы, ома ӕстӕм мӕйы+. Пъланмӕ гӕсгӕ дзы цыдӕриддӕр хъуыд саразын, ӕппӕт дӕр уӕдмӕ ӕрцыд арӕзт+. Арӕзта йӕ авд азы.
Фиппаинӕгтӕ
^ Иу ӕлмӕрин у 44,5 см.