2 Коринфӕгтӕм 7:1—16
7 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, иугӕр нын Хуыцау ахӕм хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ бавӕрдта+, уӕд нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм+, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд*+ цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм+.
2 Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут+. Никӕмӕн уӕ ракодтам ӕвзӕрдзинад, никӕй уӕ сӕвӕрдтам ӕвзӕр фӕндагыл, нӕхи пайдайӕн уӕ никӕмӕй ницы агуырдтам+.
3 Афтӕ мӕ ма бамбарут, ӕмӕ уӕ ӕфхӕргӕ кӕнын. Уый размӕ дӕр ма уын дзырдтон: цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм,– сымах стут нӕ зӕрдӕты+.
4 Уемӕ мӕ бон у ӕргом дзурын. Ӕз сымахӕй сӕрыстыр дӕн+. Мӕ зӕрдӕ тынг бафидар+, ӕмӕ не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр мӕ цинӕн кӕрон нӕй+.
5 Македонимӕ куы ’рцыдыстӕм+, уӕд нын ӕнцой нӕ уыди+. Алырдыгӕй дӕр нын уыд зындзинӕдтӕ+: ӕддейӕ – тох, мидӕгӕй – тас.
6 Фӕлӕ нын уӕддӕр, ныфссаст адӕймагӕн удӕнцой чи дӕтты+, уыцы Хуыцау удӕнцой радта, Тит нӕм кӕй ӕрцыд*, уымӕй.
7 Стӕй нӕм кӕй ӕрцыд, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ, сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Радзырдта+ нын, мӕ фендмӕ куыд тынг бӕллут, куыд хъыг кӕнут ӕмӕ мыл куыд ӕнувыд стут, уый тыххӕй, ӕмӕ мӕ циныл ноджыдӕр бафтыд.
8 Гъемӕ кӕд мӕ фыстӕджы+ тыххӕй ӕрӕнкъард стут, уӕддӕр ыл фӕсмон нӕ кӕнын. Кӕд ыл фыццаг фӕсмон кодтон,– зонын ӕй, мӕ фыстӕджы тыххӕй кӕй ӕрӕнкъард стут, кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр,–
9 уӕд ныр та цин кӕнын. Мӕ цин, кӕй ӕрӕнкъард стут, ууыл нӕу, фӕлӕ, кӕй ӕрӕнкъард стут, уый уӕ ӕрфӕсмон кӕнынмӕ+ кӕй сразӕнгард кодта, ууыл. Сымах ӕрӕнкъард стут, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ+, ӕмӕ мах тыххӕй ницы фесӕфтат.
10 Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, адӕймаг афтӕ куы ӕрӕнкъард вӕййы, уӕд ӕй уый сразӕнгард кӕны ӕрфӕсмон кӕнынмӕ+, фӕсмон та кӕны ирвӕзындзинадмӕ, ӕмӕ уым та хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй ницы ис. Ацы дунейы адӕм куыд ӕрӕнкъард вӕййынц, уый та кӕны мӕлӕтмӕ+.
11 Кӕсут-ма, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ кӕй ӕрӕнкъард стут+, уый фӕрцы куыд зӕрдиагӕй райдыдтат архайын, уӕ ном куыд ссыгъдӕг кодтат, куыд тынг смӕсты стут ӕмӕ уӕ Хуыцауы раз цы тас бацыд, куыд тынг уӕ бафӕндыд ӕрфӕсмон кӕнын, уӕ зӕрдӕты зынг куыд ссыгъд ӕмӕ хъуыддаг куыд сраст кодтат!+ Сымах алы ӕгъдауӕй дӕр равдыстат, ацы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут.
12 Уӕвгӕ, цы уӕм ныффыстон, уый уӕм нӕдӕр, ӕвзӕрдзинад чи ракодта+, уый тыххӕй ныффыстон, нӕдӕр, ӕвзӕрдзинад кӕмӕн ракодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕм ныффыстон, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы раз дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр уӕ бон равдисын уыдаид, зӕрдӕйӕ ныл кӕй стут, уый.
13 Ӕмӕ нын удӕнцой дӕр уый ӕрхаста.
Фӕлӕ нын уый удӕнцой кӕй ӕрхаста, уымӕй уӕлдай ма ноджы тынгдӕр та фӕцин кодтам Титы циныл, уымӕн ӕмӕ йын уе ’ппӕт дӕр йӕ зӕрдӕ*+ барӕвдыдтат.
14 Ӕмӕ йын кӕд сымахӕй истӕй тыххӕй раппӕлыдтӕн, уӕд нӕ фӕхудинаг дӕн. Сымахӕн цыдӕриддӕр дзырдтам, уый куыд раст уыд, афтӕ раст разынд, Титӕн цӕмӕй раппӕлыдыстӕм+, уый дӕр.
15 Ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр коммӕгӕс кӕй разындыстут+, аккаг кад ын кӕй скодтат ӕмӕ йӕ кӕй суазӕг кодтат, уый куы ӕрхъуыды кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн свӕййут ноджы адджындӕр.
16 Ӕз цин кӕнын, уӕ алы хъуыддагӕй дӕр мын ныфсы хос кӕй стут, ууыл+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
^ Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
^ Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.