2 Тимофеймӕ 1:1—18

1  Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ Йесо Чырыстийы апостол, Йесо Чырыстийы+ фӕрцы хай кӕмӕй ис, уыцы цардӕй+ нын Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ.  Фыссын мӕ уарзон хъӕбул+ Тимофеймӕ. Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй хайджын у+.  Ӕз тынг бузныг дӕн, мӕ фыдӕлтау+ сыгъдӕг цӕсгомӕй+ кӕмӕн лӕггад кӕнын+, уыцы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕм дӕу тыххӕй ӕдзухдӕр, ӕхсӕвӕй-бонӕй зӕрдиагӕй фӕкувын+.  Дӕ цӕссыгтӕ мӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд дӕ фенынмӕ фӕбӕллын+, цӕмӕй та мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг уа.  Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы дӕ ӕнӕхин+ уырнындзинад+. Уыцы уырнындзинад уыд дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕмӕ, фӕлӕ йӕ фидарӕй зонын, дӕумӕ дӕр кӕй ис.  Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын: мӕ къухтӕ дыл куы ӕрӕвӕрдтон+, уӕд дӕ Хуыцау кӕмӕй схайджын кодта, уыцы курдиаты+ зынг+ ахуыссын ма бауадз.  Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы+, фӕлӕ нӕ уадзы тых+, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд+.  Уӕдӕ ӕфсӕрмы ма кӕн, нӕ Хицауы тыххӕй кӕй хъусын кӕныс+, стӕй ӕз нӕ Хицауы тыххӕй ахӕстоны+ кӕй дӕн, уымӕй. Фӕлӕ, хорз хабары тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс+, уыдонӕн фӕраз, Хуыцауы тыхыл дӕ зӕрдӕ дар+, афтӕмӕй.  Хуыцау нӕ фервӕзын кодта+ ӕмӕ, сыгъдӕджытӕ уӕм+, уымӕ нӕ ӕрхуыдта нӕ хъуыддӕгты фӕрцы нӕ+, фӕлӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уыцы стыр хорзӕхӕй нын Йесо Чырыстийы фӕрцы раджы бахай кодта+. 10  Фӕлӕ афтӕ кӕй у, уый та рабӕрӕг абон – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы раргом+, уӕд: уый мӕлӕтӕн кӕрон скодта+ ӕмӕ нын хорз хабары+ фӕрцы раргом кодта+, мӕлӕты бар кӕуыл нӕ цӕуы+, ахӕм цардӕй+ хайджын куыд уыдзыстӕм, уый. 11  Ӕмӕ ӕз хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕй+ дӕр уый тыххӕй ӕрцыдтӕн ӕвӕрд, цӕмӕй уыцы хорз хабар хъусын кӕнон. 12  Ӕз ацы зындзинӕдтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын+, фӕлӕ мӕм уый худинаг нӕ кӕсы+, уымӕн ӕмӕ, кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕ бар ын цы бакодтон+, уый тӕрхоны бонмӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн+. 13  Амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, мӕнӕй кӕй фехъуыстай, уыцы раст* ныхӕсты хуызӕгыл+, ӕмӕ дӕм уӕнт, Йесо Чырыстиимӕ иудзинадӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад+. 14  Нӕ мидӕг цы сыгъдӕг тых* цӕры, уый фӕрцы хъахъхъӕн+, дӕ бар чи ис, уыцы хӕзна+. 15  Азийы*+ мӕ иууылдӕр кӕй ныууагътой, уый зоныс+. Ныууагътой мӕ Фигелл ӕмӕ Ермоген дӕр. 16  Нӕ Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд Онисифоры+ хӕдзаронтӕм. Уый мӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафидар кодта+, ӕмӕ, рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уымӕй дӕр не ’фсӕрмы кодта+. 17  Фӕлӕ Ромы куы уыди, уӕд мӕ зӕрдиагӕй агуырдта ӕмӕ мӕ ссардта+. 18  Хицау Йегъовӕ йӕм тӕрхоны бон+ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд+. Ефесы мын цас балӕггад кодта, уый дӕр хорз зоныс.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнӕниз».
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕс Хъд 2:9, фип.