БИОГРАФИ
Раздӕр – моладзантӕ, ныр та – ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ
«БАНЦАЙ! – мӕстыйӕ мыл ныхъхъӕр кодта мӕ кӕстӕр хо Арасели.– Дӕ дины кой мын мауал кӕн! Мӕ зӕрдӕ дзы хӕццӕ кӕны. Мӕ удхӕссӕг дӕ уынын!» Йӕ ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой. Ныр мыл 91 азы цӕуы, ӕмӕ кӕд уыцы хабар тынг раджы уыд, уӕддӕр ӕй нырма дӕр хъуыды кӕнын. Фӕлӕ Екклесиасты 7:8 раст фыст ис, «хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдайӕнӕй хуыздӕр у», зӕгъгӕ (Фелисӕ).
Фелисӕ: Нӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ ӕмӕ сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Мӕ хӕстӕджытӕй 13 уыдысты сауджынтӕ ӕмӕ, йӕ куыст аргъуанимӕ баст кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ. Мӕ мадӕн йӕ мады хойы лӕппу уыди сауджын ӕмӕ католикон скъолайы ахуыргӕнӕг. Куы амард, уӕд Ромы папӕ Иоанн Павел Дыккаг загъта, цӕмӕй сыгъдӕгыл нымад ӕрцӕуа. Нӕ ныййарджытӕ уыдысты хуымӕтӕг кусджытӕ: мӕ фыд кодта ӕфсӕйнаджы куыст, мӕ мад та куыста быдыры. Мах уыдыстӕм аст сывӕллоны, ӕмӕ ӕз уыдтӕн сӕ хистӕр.
Дыууадӕс азы мыл куы цыди, уӕд Испанийы райдыдта хӕст. Уыцы хӕсты фӕстӕ мын мӕ фыды ахӕстоны сбадын кодтой, хицауады ныхмӕ кӕй уыди, уый тыххӕй. Мӕ мад ныл нал ӕххӕссыд, ӕмӕ мын ме ’ртӕ кӕстӕр хойы, Арасели, Лаури ӕмӕ Рамонийы, арвыста, горӕт Бильбаойы цы моладзандон уыди, уырдӕм, зӕгъгӕ, уым ӕххормаг уӕддӕр нӕ уыдзысты.
Арасели: Уӕд мыл цыди 14 азы, Лаури ӕмӕ Рамонийыл та – 12 ӕмӕ 10 азы, ӕмӕ нӕ бинонты тынг мысыдыстӕм. Моладзандоны нӕ хӕс уыд ӕфснайын. Дыууӕ азы фӕстӕ нӕ арвыстой, горӕт Сарагосӕйы цы стыр моладзандон уыди, уырдӕм. Уыцы моладзандоны кастысты зӕрӕдтӕм. Нӕ хӕс уыди къухни ӕфснайын, ӕмӕ мах карӕн сывӕллӕттӕн уый уӕззау куыст уыд.
Фелисӕ: Мӕ хоты Сарагосӕйы моладзандонмӕ куы арвыстой, уӕд мӕ мад ӕмӕ мӕ мадыфсымӕр (нӕ аргъуаны сауджын чи уыд, уый) сфӕнд кодтой мӕн дӕр уыцы моладзандонмӕ арвитын. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ иу лӕппуйы зӕрдӕмӕ цыдтӕн, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй уыцы лӕппуйӕ бахъахъхъӕнынмӕ хъавыдысты. Моладзандоны кӕй ацӕрдзынӕн, уый мын, раст зӕгъгӕйӕ, ӕхсызгон уыди, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бирӕ уарзтон. Ӕз ӕнӕуи дӕр аргъуанмӕ алы бон дӕр цыдтӕн, стӕй мӕ фӕндыд ӕндӕр бӕстӕйы миссионерӕй лӕггад кӕнын, мӕ мады хойы лӕппу Африкӕйы куыд лӕггад кодта, афтӕ.
Фӕлӕ хабар, ӕз куыд ӕнхъӕл уыдтӕн, афтӕ нӕ рауад. Ус-моладзантӕ мӕ ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнынмӕ нӕ разӕнгард кодтой. Раст цыма ахӕстоны дӕн, ахӕм цард мын уыд. Гъемӕ иу аз куы рацыд,
уӕд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ мӕ мадыфсымӕрӕн, сауджын чи уыд, уымӕн, ӕххуыс кодтон. Йӕ хӕдзары куыстытӕ йын кодтон, стӕй-иу алы изӕр дӕр иумӕ бирӕ фӕкуывтам. Мӕ зӕрдӕмӕ ма цыди аргъуаны дидинджытӕм зилын ӕмӕ Мадымайрӕмы ӕмӕ «сыгъдӕджыты» цыртытӕ рӕсугъд кӕнын.Арасели: Цӕмӕй моладзан суай, уый тыххӕй хъӕуы цалдӕр хатты нывонддзырд раттын. Ӕмӕ Сарагосӕйы фыццаг хатт куы радтон ахӕм дзырд, уӕд ус-моладзантӕ загътой, мӕн ӕмӕ мӕ дыууӕ хойы фӕхицӕн кӕнын кӕй хъӕуы. Рамони баззад Сарагосӕйы, Лаурийы арвыстой Валенсимӕ, мӕн та – Мадридмӕ. Уым дыккаг хатт радтон нывонддзырд. Студенттӕн, зӕрӕдтӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн сӕ бон уыд уыцы моладзандоны ацӕрын, ӕмӕ дзы уый тыххӕй куыст бирӕ уыди. Ӕз куыстон, моладзандоны цы рынчындон, уыд, уым.
Раст зӕгъгӕйӕ мӕ райдианы тынг фӕндыд, цӕмӕй моладзан суыдаин. Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ-иу Библи кӕсдзыстӕм ӕмӕ йӕ бӕстон иртасдзыстӕм. Фӕлӕ фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Библи нӕ къухмӕ исгӕ дӕр нӕ кодтам, стӕй Хуыцауы ӕмӕ Йесойы тыххӕй дӕр нӕ дзырдтам. Ӕз ахуыр кодтон латинаг ӕвзаг, католикон «сыгъдӕджыты» царды хабӕрттӕ ӕмӕ куывтон Мадымайрӕммӕ. Фӕлӕ фылдӕр рӕстӕг кодтам уӕззау куыст.
Мӕ зӕрдӕ ницӕмӕйуал рухс кодта, ӕмӕ хистӕр ус-моладзанимӕ аныхас кодтон, ацӕуын мӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Загътон ын, зӕгъын, мӕ бинонтӕ ӕххуысхъуаг сты, ӕз та ам кӕйдӕр дзыпп йедзаг кӕныны тыххӕй фыдӕбон кӕнын. Фӕлӕ мӕ уый иу гыццыл къомнӕты бакодта ӕмӕ мыл дуар сӕхгӕдта. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ афтӕмӕй мӕ фӕнд аивдзынӕн.
Фӕстӕдӕр мӕ ус-моладзантӕ уыцы къомнӕтӕй рауагътой, фӕлӕ йӕ куы федтой, уӕддӕр мӕ ацӕуын кӕй фӕнды, уӕд та мӕ фӕстӕмӕ уым бакодтой. Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, ӕмӕ мын ӕппынфӕстаг загътой, зӕгъгӕ дӕ ауадздзыстӕм, кӕд дӕхи къухӕй ныффыссай: «Ӕз ардыгӕй цӕуын, Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ мӕ Хӕйрӕгӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй». Фырдиссагӕй цы загътаин, уый нал зыдтон. Ацӕуын мӕ бӕгуыдӕр фӕндыд, фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕ куыд хъуамӕ ныффыстаин! Ӕппынфӕстаг сын загътон, сауджынимӕ аныхас кӕнын мӕ кӕй фӕнды. Сауджынимӕ куы фембӕлдтӕн, уӕд ын алцыдӕр радзырдтон, ӕмӕ уый епископӕй бар ракуырдта, цӕмӕй мӕ фӕстӕмӕ Сарагосӕйы моладзандонмӕ арвыстаиккой. Уым цалдӕр мӕйы куы фӕдӕн, уӕд мын бар радтой, цӕмӕй нӕхимӕ аздӕхтаин. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Лаури ӕмӕ Рамони дӕр моладзандонӕй ацыдысты.
КӔРӔДЗИЙӔ НӔ ЧИ АДАРД КОДТА, УЫЦЫ ЧИНЫГ
Фелисӕ: Цасдӕры фӕстӕ смой кодтон, ӕмӕ ӕрцардыстӕм Испанийы провинци Кантабрийы. Уыцы рӕстӕг дӕр ӕдзухдӕр аргъуанмӕ цыдтӕн. Иу сабат аргъуаны куы уыдтӕн, уӕд сауджын адӕмӕн мӕстыйӕ
загъта: «Ацы чиныг уынут?» Йӕ къухы уыди чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад». Ӕмӕ стӕй афтӕ: «Исчи уын ахӕм чиныг куы ратта, уӕд-иу ӕй мӕнмӕ ӕрбахӕссут йе та-иу ӕй аппарут!»Мӕнмӕ ахӕм чиныг нӕ уыди, фӕлӕ мӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ ӕрхъуыд. Цалдӕр боны фӕстӕ мӕм хӕдзармӕ ӕрбацыд дыууӕ сылгоймаджы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ мын уыцы чиныг радтой. Тӕккӕ уыцы изӕр ӕй бакастӕн, ӕмӕ нӕм уыцы сылгоймӕгтӕ ногӕй куы ’рбацыдысты, уӕд Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн.
Ӕнӕуи дӕр Хуыцауыл тынг ӕнувыд уыдтӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд та йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтон. Фӕндыд мӕ Хуыцауы тыххӕй алкӕмӕн дӕр дзурын. 1973 азы донаргъуыд райстон. Мӕ мад ӕмӕ мӕ хоты арӕх нӕ уыдтон, фӕлӕ-иу мын фадат куы фӕци, уӕд-иу сын рӕстдзинады тыххӕй дзырдтон. Фӕлӕ уыдон мӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕлдайдӕр та Арасели.
Арасели: Моладзандоны цытӕ бавзӕрстон, уыдӕтты тыххӕй мӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг уыди. Фӕлӕ уӕддӕр алы хуыцаубон дӕр аргъуанмӕ цыдтӕн ӕмӕ-иу алы бон дӕр Хуыцаумӕ бирӕ фӕкуывтон. Уӕддӕр мӕ фӕндыд Библи хуыздӕр базонын, ӕмӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Фӕстӕдӕр мын Фелисӕ радзырдта, Библийӕ цы базыдта, уыдӕтты тыххӕй. Ахӕм цин кодта, ӕмӕ мӕм афтӕ касти, цыма йӕ зонд фӕцыд. Фӕлӕ цы дзырдта, уыдӕттимӕ разы нӕ уыдтӕн.
Цалдӕр азы фӕстӕ Мадридмӕ кусынмӕ ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ уым чындзы ацыдтӕн. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ динтыл къаддӕрӕй-къаддӕр ӕууӕндыдтӕн. Уыдтон ӕй, аргъуанмӕ чи фӕцӕуы, уыдон Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй нӕ цӕрынц, ӕмӕ уый тыххӕй аргъуанмӕ нал цыдтӕн. Нал дӕр «сыгъдӕджытыл» ӕууӕндыдтӕн, нал дӕр, сауджынтӕн сӕ бон тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын кӕй у, ууыл. Зындон кӕй ис, уый дӕр мӕ нал уырныдта. Католикон динимӕ баст дзауматӕй мӕм цы уыд, уыдон дӕр аппӕрстон. Раст кӕнын ӕви нӕ, уый нӕ зыдтон. Ӕмӕ кӕд фӕфыдӕнхъӕл дӕн, уӕддӕр Хуыцаумӕ куывтон: «Тынг мӕ фӕнды дӕу тыххӕй фылдӕр базонын. Баххуыс-ма мын кӕн!» Хъуыды йӕ кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ-иу нӕм арӕх ӕрбацыдысты, фӕлӕ-иу сын дуар никуы бакодтон. Иу диныл дӕр нал ӕууӕндыдтӕн.
Мӕ хо Лаури царди Францийы, Рамони та – Испанийы. 1980-ӕм азты райдианы сӕ дыууӕ дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын
райдыдтой. Ӕз афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ Фелисӕйау уыдон дӕр не ’мбарынц, сайгӕ сӕ кӕй кӕнынц, уый. Фӕстӕдӕр базонгӕ дӕн нӕ сыхаг сылгоймагимӕ, Анхелинесимӕ, ӕмӕ тынг балымӕн стӕм. Уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыд. Анхелинес ӕмӕ мӕ йӕ цардӕмбал арӕх фарстой, Библи ахуыр кӕнын дӕ нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Уыдтой йӕ, Библи ӕмбарын мӕ тынг кӕй фӕнды, кӕд афтӕ дзырдтон, ӕмӕ мӕ ӕппындӕр никӕцы дин цымыдис кӕны, уӕддӕр. Ӕппынфӕстаг сын загътон: «Омӕ хорз. Фӕлӕ кӕд ахуыр кӕнӕм, уӕд ӕрмӕстдӕр мӕхи Библимӕ гӕсгӕ!» Мӕнмӕ уыди, Накар – Колунгӕйы тӕлмац кӕй хонынц, уыцы Библи.ӔППЫНФӔСТАГ НӔ БИБЛИ БАИУ КОДТА
Фелисӕ: 1973 азы донаргъуыд куы райстон, уӕд Кантабрийы сӕйраг горӕт Сантандеры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты 70 адӕймаджы бӕрц. Кӕм хъусын кодтам, уыцы хъӕутӕ уыдысты бирӕ – сӕдӕгӕйттӕ, стӕй уыдысты дард рӕтты. Ӕмӕ хъӕуӕй хъӕумӕ цыдыстӕм автобустыл кӕнӕ машинӕтыл.
Библи бирӕтимӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ дзы иуӕндӕс адӕймаджы донаргъуыд райстой. Кӕимӕ ахуыр кодтон, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты католиктӕ, ӕмӕ мӕ семӕ бирӕ фӕразондзинад хъуыди. Уыдоны дӕр мӕнау хъуыди рӕстӕг, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаиккой, цӕуыл ӕууӕндынц, уый раст кӕй нӕу. Зыдтон ӕй, ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй у сӕ бон сӕ хъуыды аивын ӕмӕ рӕстдзинад бамбарын (Дзут. 4:12). Мӕ сӕрыхицау, Бьенвенидо, куыста пъӕлицӕйы, ӕмӕ 1979 азы уый дӕр донаргъуыд райста. Мӕ мад та йӕ мӕлӕты размӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын.
Арасели: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд сыл тынг не ’ууӕндыдтӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ сӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын Библийы тыххӕй цы амыдтой, уый сӕхӕдӕг дӕр ӕххӕст кодтой, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ ӕппӕты тынгдӕр уый бацагайдта. Хуыцауыл ӕмӕ йын йӕ Ныхасыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтон, ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ амондджындӕр уыдтӕн. Уый нӕ сыхӕгтӕй дӕр чидӕртӕ бафиппайдтой, ӕмӕ мын дзырдтой: «Арасели, ацы фӕндаг ма ныууадз!»
Хъуыды ма кӕнын, Йегъовӕмӕ куыд куывтон: «Йегъовӕ, бузныг дын, дӕ къух мыл кӕй нӕ ауыгътай ӕмӕ мын уыйбӕрц фадӕттӕ кӕй лӕвӕрдтай, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаин». Фелисӕйӕ дӕр хатыр ракуырдтон, мӕ ныхӕстӕй йын йӕ зӕрдӕ кӕй риссын кодтон, уый тыххӕй. Ныр быцӕу кӕныны бӕсты Библийыл зӕрдиагӕй фӕныхас кӕнӕм. 1989 азы, 61 азы мыл куы цыди, уӕд, донаргъуыд райстон.
Фелисӕ: Ныр мыл цӕуы 91 азы. Мӕ сӕрыхицау ӕгас нал у, ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр раздӕрау цӕрдӕг нал дӕн. Фӕлӕ уӕддӕр алы бон дӕр Библи фӕкӕсын ӕмӕ мӕ бон куы вӕййы, уӕд ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды фӕцӕуын.
Арасели: Ӕвӕццӕгӕн, раздӕр моладзан кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы сауджынтимӕ ӕмӕ ус-моладзантимӕ Йегъовӕйы тыххӕй ныхас кӕнын. Кӕимӕдӕрты-иу мын дзы тынг цымыдисаг ныхас рауад, ӕмӕ-иу сӕ бирӕтӕ чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ дӕр айстой. Иу сауджыны уӕлдай тынгдӕр бахъуыды кодтон. Цалдӕр хатты куы аныхас кодтам, уӕд мын афтӕ: «Арасели, дӕ ныхӕстимӕ разы дӕн, фӕлӕ ма мӕ кары мӕ дин куыд аивон? Мӕ аргъуаны адӕм, стӕй мӕ бинонтӕ цы зӕгъдзысты?» Уӕд ын ӕз афтӕ бакодтон: «Ӕмӕ Хуыцау та цы зӕгъдзӕн?» Уый дӕр ӕнкъардӕй йӕ сӕр разыйы тылд бакодта. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр уыцы рӕстӕг уыйбӕрц ныфс нӕ разынд, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндаг равзӕрстаид.
Никуы мӕ ферох уыдзӕн, мӕ цардӕмбал мын фыццаг хатт афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕр демӕ ӕмбырдмӕ цӕуын. Уӕд ыл 80 азӕй фылдӕр цыди, фӕлӕ уӕддӕр уый фӕстӕ иу ӕмбырд дӕр никуы фӕцух кодта. Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ стӕй ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг дӕр сси. Иумӕ куыд хъусын кодтам, уый ӕхсызгонӕй ӕрымысын. Фӕлӕ, донаргъуыд цы бон хъуамӕ райстаид, уымӕй дыууӕ мӕйы раздӕр фӕзиан.
Фелисӕ: Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд ме ’ртӕ кӕстӕр хойы мӕ ныхмӕ уыдысты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдон дӕр рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Ӕмӕ уый у мӕ царды ӕппӕты ӕхсызгондӕр хабӕрттӕй сӕ иу. Куыд-иу фӕцин кодтам, иумӕ-иу куы ӕрӕмбырд стӕм ӕмӕ-иу нӕ Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Ныхасы тыххӕй куы ныхӕстӕ кодтам! Ӕппынфӕстаг нӕ цыппар дӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кодтам! *
^ 29 абз. Ныр Араселийыл цӕуы 87 азы, Фелисӕйыл – 91 азы, Рамонийыл та – 83 азы, ӕмӕ се ’ртӕ дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Лаури фӕзиан 1990 азы, ӕмӕ уый дӕр Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад.