Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ ут
«Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый» (ДЗУТ. 13:2).
ЗАРДЖЫТӔ: 124, 79
1, 2. а) Абон бирӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Библи нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?
ИУ-ӔРТЫН азы размӕ Осей 1 Ганӕйӕ Европӕмӕ ӕрцыд. Уыцы рӕстӕг нырма Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыди. Осей дзуры: «Тагъд ӕй бамбӕрстон, адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ нымады дӕр кӕй нӕ дӕн. Уӕдӕ ам климӕт дӕр бынтон ӕндӕрхуызон уыд. Аэропортӕй куы рацыдтӕн ӕмӕ мӕ царды фыццаг хатт ахӕм уазал ран куы фестадтӕн, уӕд мӕ кӕуын нӕ баурӕдтон». Осейӕн ӕвзаг сахуыр кӕнын зын кӕй уыд, уый тыххӕй афӕдзӕй фылдӕр йӕ бон куыст ссарын нӕ уыд. Стӕй йӕ бинонтӕй дард кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхимӕ тынг иунӕг каст ӕмӕ сӕ мысыд.
2 Ды ахӕм уавӕры куы уаис, уӕд дӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй дӕм адӕм хорз цӕстӕй ракӕсой? Ӕхсызгон дын нӕ уаид, Паддзахады залы дыл зӕрдиагӕй куы бацин кӕниккой, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уай ӕмӕ дӕ буары хуыз цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр? Библи дӕр ӕцӕг чырыстӕтты уымӕ разӕнгард кӕны: «Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый» (Дзут. 13:2). Дзырд «уазӕгуарзон»-ӕй чи ’рцыд тӕлмац, уыцы дзырд нысан кӕны, адӕймаг ӕнӕзонгӕ адӕммӕ, кӕнӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм, хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм ахӕм фарстатӕм: Йегъовӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы? Ӕрцӕуӕггӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый нӕ, мыййаг, фӕивын нӕ хъӕуы? Ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ’рцыд, уыдонӕн куыд баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын не ’мбырд хи бинонты ад скӕна?
ЙЕГЪОВӔ ӔРЦӔУӔГГӔГТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ
3, 4. Рацыд 23:9 стихмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой ӕмӕ цӕмӕн?
3 Йегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын уый фӕстӕ радта закъӕттӕ. Уыцы закъӕттӕй бӕрӕг уыд, семӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй цы адӕм рацыд, уыдонмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уыдаиккой (Рац. 12:38, 49; 22:21). Ӕрцӕуӕггӕгтӕ арӕх ӕххуысхъуаг кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ сыл Йегъовӕ батыхст. Зӕгъӕм, сӕ бон уыди, хуымгӕрдӕны фӕстӕ-иу цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон ӕмбырд кӕнын (Лев. 19:9, 10).
4 Йегъовӕ израилӕгтӕн бардзырд нӕ радта, ӕрцӕуӕггӕгтӕн аргъ кӕнут, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ уавӕр ӕмбӕрстаиккой. (Бакӕс Рацыд 23:9.) Израилӕгтӕн сӕхи уд дӕр хорз зыдта, «ӕрцӕуӕггаг цы у, уый». Цалынмӕ сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ не скодтой, уӕдмӕ дӕр сӕм, ӕвӕццӕгӕн, сӕ адӕмыхатты кӕнӕ сӕ дины тыххӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты (Райд. 43:32; 46:34; Рац. 1:11–14). Египетӕгтӕ израилӕгтӕн бирӕ хъыцъыдӕттӕ бадардтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ иннӕтӕн афтӕ кодтаиккой, хъуамӕ сын ӕрцӕуӕггаг уыдаид «израиладжы хуызӕн» (Лев. 19:33, 34).
5. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕрцӕуӕггӕгтӕм Йегъовӕйау хӕларзӕрдӕ уӕм?
5 Абон дӕр Йегъовӕ афтӕ тыхсы, не ’мбырдты цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдоныл (Дык. з. 10:17–19; Мал. 3:5, 6). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл ахъуыды кӕнын. Чи зоны, ӕвзаг нӕ зонынц кӕнӕ сӕм бынӕттон адӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц. Сӕ уавӕр сын куы ’мбарӕм, уӕд нӕм сӕ рыст тынгдӕр хъардзӕн ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уыдзыстӕм (1 Пет. 3:8).
ӔРЦӔУӔГГӔГТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСӔМ, УЫЙ НӔ ФӔИВЫН НӔ ХЪӔУЫ?
6, 7. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ алкӕмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсын кӕй сахуыр сты, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?
6 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ сӕхи иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл нымадтой. Уый раст сӕ туджы ахъардта. Фӕлӕ, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдон сахуыр сты алкӕмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсын. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны, Иерусалимы чи цард, уыцы чырыстӕттӕ суазӕг кодтой, алы бӕстӕтӕй чи ’рцыд ӕмӕ чырыстон дин чи райста, уыдоны (Хъуыд. 2:5, 44–47). Уымӕй бӕрӕг уыд, дзырд «уазӕгуарзон» цы нысан кӕны, уый хорз кӕй ӕмбӕрстой.
7 Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ иннӕты хъулон кӕнын райдыдтой. Грекъагау чи дзырдта, уыцы дзуттӕгтӕ хъаст кодтой, сӕ идӕдзты сын кӕй ницӕмӕ дарынц (Хъуыд. 6:1). Уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ уыцы хъуыддаг авд нӕлгоймаджы бар бакодтой. Уыцы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд грекъаг нӕмттӕ. Ӕвӕццӕгӕн, апостолтӕ афтӕ барӕй бакодтой, цӕмӕй мачиуал мӕт кодтаид, чидӕр кӕйдӕр кӕй хъулон кӕндзӕн, ууыл (Хъуыд. 6:2–6).
8, 9. а) Нӕ бон куыд у базонын, кӕмӕдӕр ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй кӕсӕм кӕнӕ нӕ адӕмыхаттӕй хъал кӕй стӕм, уый? б) Нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй цы хъуамӕ стонӕм? (1 Пет. 1:22).
8 Ӕмбарӕм ӕй ӕви нӕ,– не ’ппӕтыл дӕр тынг ӕндавынц, цы адӕмыхаттӕй стӕм, уымӕн йе ’гъдӕуттӕ, йӕ зондахаст (Ром. 12:2). Уымӕй уӕлдай, чи зоны, арӕх нӕ сыхӕгтӕ, не ’мкусджытӕ кӕнӕ не ’мкъласӕгтӕ нӕ разы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц, ӕндӕр бӕстӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у кӕнӕ йӕ буары хуыз ӕндӕр кӕмӕн у, уыдонӕй. Мыййаг, мах дӕр ахӕм зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ стӕм? Кӕнӕ нын нӕхи адӕмыхаттыл исчи куы фӕхуды, уӕд нӕ фӕмӕсты кӕнӕм?
Хъуыд. 10:28, 34, 35; Гал. 2:11–14). Уӕдӕ, зӕгъгӕ, нӕ зӕрдӕ нӕхимӕ гыццыл дӕр уымӕй фехсайдта, ӕмӕ кӕмӕдӕр йӕ адӕмыхатты тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй кӕсӕм кӕнӕ нӕ адӕмыхаттӕй хъал стӕм, уӕд хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ нӕ зӕрдӕйӕ бындзарӕй стонӕм. (Бакӕс 1 Петры 1:22.) Рох нӕ ма уӕд, иу дӕр нӕ ирвӕзындзинады аккаг кӕй нӕу, уый. Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм, уӕддӕр (Ром. 3:9, 10, 21–24). Уӕдӕ уӕд нӕхи искӕмӕй хуыздӕр куыд хъуамӕ хонӕм?! (1 Кор. 4:7). Мах дӕр хъуамӕ ацы хъуыддагмӕ кӕсӕм апостол Павелы цӕстӕй. Павел иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн загъта: «Сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ... Хуыцауы бинонтӕ» (Еф. 2:19). Нӕ тых, нӕ бонӕй куы архайӕм, цӕмӕй макӕйуал хъулон кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕ удыхъӕд ногмӕ раивынӕн (Кол. 3:10, 11).
9 Раздӕр апостол Петр, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй каст. Фӕлӕ сабыргай йӕ цӕстӕнгас фӕивта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй ахӕм зӕрдӕ макӕмӕуал дардтаид (НӔ ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИНАД ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ?
10, 11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Вооз ӕрцӕуӕггӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй каст?
10 Ӕрцӕуӕггӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй чи каст, уыдонӕй иу уыди Вооз. Уый бӕрӕг у, моаваг сылгоймаг Руфӕн куыд баххуыс кодта, уымӕй. Иу бон Вооз ӕрбацыд йӕ хуымтӕ бӕрӕггӕнӕг, ӕмӕ йӕ цӕст ӕрхӕцыд иу ӕндӕрбӕстаг сылгоймагыл. Уый уыд Руф, ӕмӕ ӕмбырд кодта, хуымгӕрдджыты фӕстӕ-иу чи баззад, уыцы ӕфсиртӕ. Кӕд ӕмӕ йын Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ уый бар уыди, уӕддӕр хуымгӕрдджыты хистӕры бафарста. Вооз уый куы базыдта, уӕд йӕ кусджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын сӕ куыристӕй дӕр ӕфсиртӕ фӕуагътаиккой. (Бакӕс Руф 2:5–7, 15, 16.)
11 Уый фӕстӕ Вооз Руфӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, кӕй йыл тыхсти ӕмӕ йын йӕ уавӕр кӕй ӕмбӕрста. Загъта йын, цӕмӕй ӕфсиртӕ уыгътаид йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтӕм хӕстӕг, цӕмӕй йӕ, цы нӕлгоймӕгтӕ дзы куыстой, уыдон ма бахъыгдардтаиккой. Стӕй ма йын загъта, йӕ бон кӕй у йе ’ххуырст кусджытимӕ хӕрын дӕр ӕмӕ дон нуазын дӕр. Ӕмӕ кӕд мӕгуыр ӕндӕрбӕстаг сылгоймаг уыд, уӕддӕр ӕм Вооз уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕлмӕн ныхасӕй барӕвдыдта (Руф 2:8–10, 13, 14).
12. Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд сын куыд баххуыс кӕндзыстӕм?
12 Руф йе ’фсиныл тынг ӕнувыд кӕй уыд, Воозӕн йӕ зӕрдӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ фӕцыд, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕн кувын кӕй райдыдта, уый дӕр. Уыцы сылгоймаг йӕхи бакодта Йегъовӕйы базыры бын. Воозы хӕларзӕрдӕдзинад дзурӕг уыд, Йегъовӕ Руфы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл (Руф 2:12, 20; Ӕмб. 19:17). Уӕдӕ мах дӕр хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд «алыхуызон адӕмӕн» ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй рӕстдзинад базоной ӕмӕ бамбарой, Йегъовӕ сӕ куыд тынг уарзы, уый (1 Тим. 2:3, 4).
13, 14. а) Паддзахады залмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕй исчи куы ’рбацӕуа, уӕд-иу ыл цӕмӕн хъуамӕ бацин кӕнӕм? б) Кӕд, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уымӕ бацӕуынмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн?
13 Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ кӕй стӕм, уый ма цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Паддзахады залмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу сыл бацин кӕнӕм. Ӕндӕр бӕстӕйӕ нырма ӕрӕджы чи ӕрцыд, уыдон фыццаг ӕфсӕрмы фӕкӕнынц ӕмӕ сӕхи куыддӕр хибар фӕдарынц. Куыд сӕ схъомыл кодтой кӕнӕ ӕхсӕнады цы бынат ахсынц, уый тыххӕй, чи зоны, сӕхимӕ ӕндӕр адӕмыхаттӕй ӕгуыдзӕгдӕр кӕсынц. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, салам нын кӕд ратдзысты, уымӕ, фӕлӕ-иу сӕм фыццаг нӕхӕдӕг бацӕуӕм ӕмӕ сыл бацин кӕнӕм. Кӕд де ’взагыл ис, ӕндӕр ӕвзӕгтыл хъусын кӕнынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, уыцы приложени (JW Language), уӕд уый фӕрцы дӕ бон у се ’взагыл цалдӕр ныхасы сахуыр кӕнын, цӕмӕй-иу сын ӕгасцуай зӕгъай. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3, 4.)
14 Чи зоны, дӕ ныфс нӕ хӕссыс, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, ахӕм адӕймагмӕ бацӕуынмӕ. Ӕвӕццӕгӕн дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнут, ӕмӕ йемӕ цӕуыл аныхас кӕнай, уый нӕ зоныс. Ахӕм уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн? Куы йӕм бацӕуай, уӕд уал ын дӕхи тыххӕй исты радзур. Ӕмӕ йӕ стӕй бамбардзынӕ, уӕ бон бирӕ цӕуылдӕрты кӕй у аныхас кӕнын. Дӕ зӕрдыл дар, алы адӕммӕ дӕр хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цыдӕр кӕй ис.
ӔХХУЫС СЫН КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ СЫН ӔМБЫРД ХИ БИНОНТЫ АД СКӔНА
15. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ног бӕстӕйы цӕрын чи нӕма сахуыр, уыдонӕй ӕгӕр бирӕ ма домӕм?
15 Кӕд дӕ фӕнды иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын ӕмбырд хи бинонты ад скӕна, уӕд-ма афтӕ ахъуыды кӕн: «Гъеныр ӕз ӕндӕр бӕстӕйы куы уаин, уӕд мӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй мӕм хорз цӕстӕй ракӕсой?» (Матф. 7:12). Ног бӕстӕйы цӕрын чи нӕма сахуыр, уыдонимӕ фӕразон у. Адӕймаг сын фыццӕгты сӕ зондахаст нӕ фембары, стӕй сӕхи афтӕ цӕмӕн фӕдарынц, уый дӕр. Фӕлӕ хорз уаид, афтӕ куы нӕ хъуыды кӕниккам, кӕй уӕрдоны бадыс, уый зарӕг кӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ, цавӕртӕ сты, ахӕмтӕй куы уарзиккам. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:7, фип.)
16, 17. а) Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хуыздӕр ӕмбарӕм? б) Не ’мбырды цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдонӕн нӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын?
16 Ӕрцӕуӕггӕгтӕн сӕ бӕстӕйы ӕмӕ сӕ культурӕйы тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд сӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Зӕгъӕм, не ’мбырды кӕнӕ нӕ территорийы цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис, уыдонӕн сӕ культурӕйы тыххӕй нӕ бон у нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ӕрмӕг бацагурын. Ис ма сӕ уазӕгуаты дӕр фӕхонӕн. Кӕд Йегъовӕ «ӕндӕр адӕмтӕн уырнындзинады дуар... байгом кодта», уӕд махӕн дӕр нӕ бон нӕу, ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ’рцыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн нӕ хӕдзары дуар байгом кӕнын? (Хъуыд. 14:27; Гал. 6:10; Иов 31:32).
17 Нӕ бӕстӕмӕ ӕндӕр ранӕй чи ’рцыд, ахӕм бинонтимӕ фылдӕр рӕстӕг куы ’рвитӕм, уӕд Ӕмб. 3:27).
уындзыстӕм, не ’гъдӕуттӕ ӕмӕ нын нӕ зондахаст бамбарыныл куыд архайынц, ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Фӕлӕ сын, чи зоны, хъӕуы ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн баххуыс кӕнын. Йе та сӕм хъӕуы фӕкӕсын, цӕмӕй хӕдзар кӕнӕ куыст ссарой, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты фӕдыл та зилын фӕхъӕуы. Ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн уый стыр ӕххуыс уыдзӕн (18. Ӕрцӕуӕггӕгтӕн сӕ бон кӕй у бафӕзмын ӕмӕ цӕмӕй?
18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрцӕуӕггӕгтӕ зӕрдиагӕй архайдзысты, цӕмӕй ног бӕстӕйы культурӕйыл сахуыр уой. Уыцы хъуыддаджы сын фӕзминаг у Руф. Зӕгъӕм, уымӕй, ӕмӕ, цӕрынмӕ цы бӕстӕмӕ ӕрцыд, уый ӕгъдӕуттӕн аргъ кодта. Уый равдыста, ӕфсиртӕ уидзынӕн бар кӕй ракуырдта, уымӕй (Руф 2:7). Кӕд ын уый бар ӕнӕуи дӕр уыд, уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ дзы иннӕтӕ цыдӕр дарынц. Фӕзминаг ма у уымӕй дӕр, ӕмӕ йын цы хӕрзты бацыдысты, уыдоны тыххӕй тынг бузныг уыд (Руф 2:13). Ӕндӕр бӕстӕйӕ чи ’рлыгъд, уыдон дӕр афтӕ уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын куы уой, уӕд сын бынӕттон цӕрджыты цӕсты дӕр, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕсты дӕр кад уыдзӕн.
19. Ӕрцӕуӕггӕгты-иу цӕмӕн хъуамӕ суазӕг кӕнӕм?
19 Йегъовӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ алыхуызон адӕмӕн радта хорз хабар фехъусыны фадат, ӕмӕ нын уый тынг ӕхсызгон у. Кӕмӕндӕрты сӕхи бӕстӕйы, чи зоны, нӕ уыдаид сӕ бон Библи ахуыр кӕнын кӕнӕ Йегъовӕйы адӕмимӕ сӕрибарӕй ӕмбырдтӕм цӕуын. Фӕлӕ сын ныр та уыцы фадат ис, ӕмӕ сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй не ’хсӕн сӕхимӕ ӕцӕгӕлӕттӕ ма кӕсой. Нӕ бон сын ӕхцайӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй уыйбӕрц баххуыс кӕнын куы нӕ уа, фӕлӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, уый. Цӕй уӕдӕ Хуыцауы фӕзмӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй-иу ӕрцӕуӕггӕгты суазӕг кӕнӕм (Еф. 5:1, 2).
^ 1 1 абзац: ном ивд у.