Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иу хорз хъуыддаг

Иу хорз хъуыддаг

ИНДИЙЫ штат Гуджараты иу гыццыл горӕты 60 азы размӕ Джоны фыд райста донаргъуыд ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Фӕлӕ Джон, стӕй йе ’ртӕ хойы, йӕ дыууӕ ӕфсымӕры ӕмӕ сӕ мад уыдысты католиктӕ ӕмӕ сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Ӕмӕ сӕ фыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ ныхмӕ цыдысты.

Иу бон Джонӕн йӕ фыд загъта, цӕмӕй ӕмбырдӕй иу ӕфсымӕрӕн къонверт ахастаид. Фӕлӕ райсомӕй Джон йе ’нгуылдз тынг алыг кодта, стыр ӕфсӕйнаг боцкъа куы гом кодта, уӕд. Джоны фӕндыд, йӕ фыд ын цы загъта, уый бакӕнын, ӕмӕ йе ’нгуылдз хӕцъилӕй бабаста ӕмӕ йӕ фыды хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ ацыд.

Джон бынатмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕм ракаст уыцы ӕфсымӕры бинойнаг, ӕмӕ къонверт уымӕ радта. Уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уыди. Хо федта, Джонӕн йе ’нгуылдз лыг кӕй уыд, ӕмӕ йын афтӕ, ӕз, дам, дын ӕм ныртӕккӕ ӕркӕсдзынӕн. Стӕй йӕ аптечкӕ райста, Джонӕн йӕ хъӕдгом асыгъдӕг кодта ӕмӕ йын йе ’нгуылдз бабаста. Уый фӕстӕ йын тӕвд цай скодта. Ӕмӕ уыдӕттӕ аразгӕйӕ йемӕ зӕрдӕхӕларӕй Библийыл ныхас кодта.

Нӕ хо ахӕм зӕрдӕхӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы Джон Ӕвдисӕнты тыххӕй йӕ хъуыды ивын райдыдта. Лӕппу зыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕ католикон аргъуаны ахуырӕдтӕй кӕй хицӕн кӕнынц. Ӕмӕ хомӕ дыууӕ фарстайы радта, зӕгъгӕ, дам, Чырысти Хуыцау у ӕмӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ Мадымайрӕммӕ кувой ӕви нӕ? Хо зыдта ӕвзаг гуджарати ӕмӕ Джонӕн Библийӕ йӕхи ӕвзагыл дзуапп радта, стӕй ма йын радта брошюрӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар».

Фӕстӕдӕр Джон уыцы брошюрӕ куы бакаст, уӕд ӕй бамбӕрста, цы фыст дзы ис, уый рӕстдзинад кӕй у. Уӕд сауджынмӕ ацыд ӕмӕ уымӕ дӕр уыцы дыууӕ фарстайы радта. Сауджын тынг смӕсты ис, Джоныл Библи фехста ӕмӕ хъӕр систа: «Ды Хӕйрӕг дӕ! Гъа-ма равдис, Чырысти Хуыцау кӕй нӕу, уый Библийы кӕм ис фыст! Кӕм дзы ис фыст, Мадымайрӕммӕ кувын кӕй нӕ хъӕуы, уый? Равдис-ма!» Сауджыны митӕй Джон арвы цӕфау фӕци. Ӕмӕ йын загъта, аргъуанмӕ йӕ къах дӕр кӕй никуыуал ӕрбавӕрдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодта.

Джон Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр йӕ бинонтӕй дӕр цалдӕрӕй уыцы къахдзӕф скодтой. Рацыд 60 азы бӕрц, ӕмӕ, йе ’нгуылдзыл цы нос баззад, уый йын ныр дӕр йӕ зӕрдыл лӕууын кӕны иу хорз хъуыддаг. Уыцы хъуыддаг ӕй сразӕнгард кодта цӕрӕнбонты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ (2 Кор. 6:4, 6).