Рӕдау адӕймаг – амондджын адӕймаг
«Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (ХЪУЫД. 20:35).
1. Йегъовӕ рӕдау Хуыцау кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
ЙЕГЪОВӔ куы никӕйма сфӕлдыста ӕмӕ иунӕгӕй куы уыд, суанг уӕд дӕр йӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ уыдысты. Уый цард радта зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» ӕмӕ уарзы хорздзинад аразын (1 Тим. 1:11; Иак. 1:17). Уый фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уӕм амондджын, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ахуыр кӕны рӕдаудзинадыл (Ром. 1:20).
2, 3. а) Рӕдау куы уӕм, уӕд амондджын цӕмӕн уыдзыстӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
2 Хуыцау нӕ сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ (Райд. 1:27). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй. Уӕдӕ цӕмӕй амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйау иннӕты хорзыл тыхсӕм ӕмӕ рӕдау уӕм (Фил. 2:3, 4; Иак. 1:5). Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ афтӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у Йегъовӕйау рӕдаудзинад ӕвдисын.
3 Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм, Библи нӕ рӕдаудзинадыл куыд ахуыр кӕны, уымӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, рӕдау куы уӕм, уӕд нӕ Хуыцау райгонд цӕмӕн уыдзӕн ӕмӕ нын уыцы миниуӕг
куыд баххуыс кӕндзӕн, йӕ разы ныл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕркӕсдзыстӕм ма, рӕдаудзинад куы ’вдисӕм, уӕд уый фӕрцы амондджын цӕмӕн уыдзыстӕм ӕмӕ уыцы миниуӕгыл ӕдзухдӕр кусын цӕмӕн хъӕуы, уымӕ дӕр.НӔ БОН КУЫД У ХУЫЦАУЫ ЗӔРДӔ РУХС КӔНЫН
4, 5. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо рӕдаудзинад куыд ӕвдисынц ӕмӕ сӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕзмӕм?
4 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ йе сконд адӕм фӕзмой, ӕмӕ рӕдаудзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы (Еф. 5:1). Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй адӕм амондджын уой. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, куыд диссаджы конд стӕм, стӕй цас цыдӕртӕ сфӕлдыста ӕмӕ сӕ иууылдӕр куыд рӕсугъд сфӕлдыста, уымӕй (Пс. 104:24; 139:13–16). Уӕдӕ, иннӕтӕ амондджын уой, ууыл куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй Хуыцауӕн кад фӕхӕссӕм.
5 Рӕдаудзинад ӕвдисӕн куыд ис, уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо Чырысти, ӕмӕ йӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр фӕзмынц. Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт... уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Уымӕ гӕсгӕ апостол Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта: «Йесо Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут сымах дӕр. [Уый] йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта ӕмӕ сси цагъары хуызӕн» (Фил. 2:5, 7). Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цымӕ мӕ бон нӕ уаид Йесойы ноджы хуыздӕр фӕзмын?» (Бакӕс 1 Петры 2:21.)
6. Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
6 Йегъовӕ нӕ райгонд уыдзӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ Фырты дӕр куы фӕзмӕм, уӕд. Ӕмӕ кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ фӕзмӕм? Иннӕты хорзыл куы тыхсӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ куы агурӕм, уӕд. Афтӕ кӕнын куыд ахсджиаг у, уый Йесо бамбарын кодта, хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы. (Бакӕс Лукайы 10:29–37.) Афтӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, адӕймаг цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр-иу ӕм се ’ххуысы къух кӕй хъуамӕ бадарой. Хъуыды ма йӕ кӕныс, уыцы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта, уый? Иу дзуттаг лӕг ӕй бафарста: «Кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Ӕмӕ йын Йесо цы загъта, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы самариаг лӕгау рӕдау куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд кӕй уыдзӕн.
7. Нӕ рӕдаудзинад, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарста сӕвзӕрын кодта, уыимӕ куыд баст у?
7 Чырыстӕттӕ рӕдау кӕй хъуамӕ уой, уымӕн ис ӕндӕр аххосаг дӕр. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарста сӕвзӕрын кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй фембарӕм, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хиуарзон ма уӕм, фӕлӕ уӕм рӕдау. Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ хъусыны бӕсты уӕ уды дзӕбӕхӕн куы цӕрат, уӕд амондджындӕр уыдзыстут. Ӕмӕ, уӕвгӕ, уыцы ныхӕстӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр сайы. Евӕйы фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы хуызӕн суыдаид, Адамы та фӕндыд Евӕйы зӕрдӕ балхӕнын. Ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, дыууӕйӕ дӕр хиуарзон кӕй уыдысты (Райд. 3:4–6). Сӕ зӕрдӕйы фӕндтыл кӕй ацыдысты, уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм. Уӕдӕ хиуарзон куы уӕм, уӕд амондджын никуы уыдзыстӕм. Фӕлӕ нӕ рӕдаудзинадӕй та равдисдзыстӕм, Хуыцау нын куыд амоны, афтӕ архайын нӕ кӕй фӕнды, уымӕн ӕмӕ уый у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг.
ХУЫЦАУЫ АДӔМЫЛ ЦЫ ХӔС ИС, УЫЙ ӔХХӔСТ КӔН
8. Адам ӕмӕ Евӕ, цы цот сын рацыдаид, уыдоны хорзыл цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кодтаиккой?
8 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы куыст бахӕс кодта, уый сӕ хъуамӕ сразӕнгард кодтаид иннӕты хорзыл хъуыды кӕнынмӕ, кӕд уӕд нырма Едемы цӕхӕрадоны сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр ничи уыд, уӕддӕр. Йегъовӕ сын раарфӕ кодта ӕмӕ Райд. 1:28). Сфӕлдисӕг Хуыцауы куыд фӕндыд, цӕмӕй адӕм иууылдӕр амондджынӕй цардаиккой, раст афтӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр хъуамӕ фӕндыдаид, цӕмӕй сын цы цот рацыдаид, уыдон амондджын цард кодтаиккой. Адамы байзӕддӕгтӕ хъуамӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм стыр куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ се ’ппӕты дӕр хъуыди ӕмвӕндӕй архайын.
сын загъта, зӕгъгӕ, «цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (9. Адӕм ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт куы кодтаиккой, уӕд амондджын цӕмӕн уыдаиккой?
9 Адамӕй цы ӕххӕст цот рацыдаид, уыдон хъуамӕ Йегъовӕимӕ ӕмвӕндӕй архайдтаиккой, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой ӕмӕ йын йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы «ӕнцойадмӕ бацыдаиккой» (Дзут. 4:11). Ахъуыды-ма кӕн, уыцы куыст куыд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй кодтаиккой! Иннӕты хорзыл куы тыхстаиккой ӕмӕ рӕдау куы уыдаиккой, уӕд сын Йегъовӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ раарфӕ кодтаид.
10, 11. Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы дарддӕр дӕр архайын нӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн?
10 Абон Йегъовӕ махӕн бахӕс кодта хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Цӕмӕй уыцы хӕс ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты хорзыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсӕм. Ацы хъуыддаджы дарддӕр дӕр архайын нӕ бон уыдзӕн, Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр куы уарзӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд.
11 Павел йӕхи ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй кӕйдӕрты схуыдта «Хуыцауы ӕмкусджытӕ», адӕмӕн кӕй хъусын кодтой ӕмӕ сын рӕстдзинад кӕй амыдтой, уымӕ гӕсгӕ (1 Кор. 3:6, 9). Мах дӕр «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» схонӕн уыдзӕн, цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уымӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд. Уый махӕн цӕй стыр кад у!
12, 13. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын?
12 Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты цинӕйдзаг. Иннӕтимӕ Библи чи ахуыр кодта ӕмӕ ныр дӕр чи ахуыр кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ уый сӕхицӕй зонынц. Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕ рӕстдзинад куы бамбарынц, сӕ уырнындзинад куы сырӕзы, сӕ царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куы скӕнынц ӕмӕ иннӕтӕн дӕр Хуыцауы тыххӕй дзурын куы райдайынц, уӕд куыд фӕцин кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕхи цинӕн дӕр кӕрон нӕ вӕййы. Йӕ хабар афтӕ уыд Йесойӕн дӕр. Хъусын кӕнынмӕ цы 70 ахуыргӕнинаджы арвыста, уыдон цингӕнгӕ куы ’рбаздӕхтысты ӕмӕ сын цы бантыст, уый куы дзырдтой, уӕд уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг (Лук. 10:17–21).
13 Ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕцин кӕнынц, хорз хабар адӕмы цард хуыздӕрырдӕм куыд фӕивы, уый уынгӕйӕ. Ӕркӕсӕм, чындзыцыд чи нӕу, иу ахӕм ӕрыгон хойы, Аннӕйы *, хабармӕ. Уыцы хо цӕрынмӕ ацыд, Европӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: «Ам искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын ӕнцон у, ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Ӕз мӕ лӕггадӕй тынг райгонд дӕн. Нӕхимӕ куы ’рбацӕуын, уӕд мын мӕ зындзинӕдтыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг нӕ вӕййы. Мӕ хъуыдытӕ вӕййынц, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын, уыдоныл, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, ууыл. Ӕмӕ фӕхъуыды кӕнын, куыд сӕ бафидар кӕнон ӕмӕ сын цӕмӕй баххуыс кӕнон. Ныр ӕй мӕхицӕй зонын, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у» (Хъуыд. 20:35).
14. Кӕд хорз хабармӕ бирӕ адӕм нӕ байхъусы, уӕддӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕй нӕ зӕрдӕ райа?
14 Уацамынды нӕм адӕм куы нӕ байхъусынц, суанг уӕд дӕр нӕ зӕрдӕйы вӕййы циндзинад, уымӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй фадат раттӕм хорз хабар фехъусынӕн. Абон махыл цы хӕс ис, уый у, Йегъовӕ Йезекилӕн цы бахӕс кодта, уый хуызӕн. Хуыцау ын загъта: «Ды сын хъуамӕ дзурай мӕ ныхӕстӕ, хъусой ӕви ма хъусой, уӕддӕр» (Йез. 2:7; Ис. 43:10). Цы хорз хабар хӕссӕм, уымӕ кӕд чидӕртӕ уазал цӕстӕй ракӕсынц, уӕд нын Йегъовӕ та нӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕны. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10.) Иу фӕзминаг ӕфсымӕр йӕ лӕггады тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мах садзӕм, дон кӕнӕм ӕмӕ кувӕм, ӕмӕ нӕ ныфс ис, чи байхъуса, уыдоны Йегъовӕ кӕй рӕзын кӕндзӕн» (1 Кор. 3:6).
АДӔЙМАДЖЫ АМОНДДЖЫН ЦЫ КӔНЫ
15. Чи нын саргъ кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн хъуамӕ аразӕм хорздзинад? Бамбарын ӕй кӕн.
15 Йесойы фӕнды, цӕмӕй рӕдау уӕм ӕмӕ уый фӕрцы уӕм амондджын. Рӕдаудзинадӕн бирӕтӕ саргъ кӕнынц. Йесо загъта: «Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты. Уӕ роны уын ӕркӕндзысты рӕдауӕй, ӕрнӕмдзысты йӕ, сцӕгъддзысты йӕ ӕмӕ йӕ афтӕ байдзаг кӕндзысты, ӕмӕ ма дзы кӕлгӕ дӕр кӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, ахӕм барӕнӕй бардзысты сымахӕн дӕр» (Лук. 6:38). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорздзинадӕн алчи нӕ фӕаргъ кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр рӕдау куы уӕм, уӕд, чи зоны, искӕйты махмӕ кӕсгӕйӕ бафӕнда рӕдаудзинад ӕвдисын. Уӕдӕ дарддӕр дӕр хорздзинад аразӕм, афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нын нӕ рӕдаудзинадӕн нӕ саргъ кӕндзысты, уӕд дӕр. Чи йын цы зоны, иу хорз хъуыддаг цас хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзӕн.
16. Хорздзинад кӕмӕн хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?
Лук. 14:13, 14). Библийы фысджытӕй иу загъта: «Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд». Иннӕ та афтӕ загъта: «Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг» (Ӕмб. 22:9; Пс. 41:1). Уӕдӕ рӕдау куы уӕм ӕмӕ иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын.
16 Ӕцӕг рӕдау чи у, уый нӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, иннӕтӕ йын йӕ хорздзинад кӕй бафиддзысты, уымӕ. Йесойӕн дӕр йӕ хъуыдыйы уый уыд, афтӕ куы загъта: «Куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй» (17. Нӕ рӕдаудзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг?
17 Павел Йесойы ныхӕстӕ куы ’рхаста, «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у», зӕгъгӕ, уӕд ӕрмӕст уый кой нӕ кодта, ӕмӕ хъуамӕ иннӕтӕн, цы нӕм ис, уымӕй хай кӕнӕм. Уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд-иу сын хъуамӕ сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм, Библийӕ-иу сын уынаффӕ раттӕм ӕмӕ-иу сын, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕнӕм (Хъуыд. 20:31–35). Павел-иу ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр равдыста, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕтӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ма ’вгъау кӕнӕм, зӕрдиагӕй сыл тыхсӕм ӕмӕ сын нӕ уарзондзинад ма хӕлӕг кӕнӕм.
18. Иртасджытӕй бирӕтӕ рӕдаудзинады тыххӕй цы дзурынц?
18 Адӕм сӕхи куыд фӕдарынц, уый чи иртасы, уыдон дӕр бафиппайдтой, иннӕтӕн хорздзинад чи аразы, уыдон амондджын кӕй вӕййынц. Иу статьяйы куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕм сӕхӕдӕг дӕр дзурынц, искӕмӕн хорзы куы бацӕуынц, уӕд бирӕ амондджындӕр кӕй вӕййынц. Уыцы иртасджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг иннӕтӕн куы феххуыс кӕны, уӕд ӕй фӕзоны, цӕмӕн цӕры, уый ӕмӕ йӕ цардӕй вӕййы райгонддӕр. Уымӕ гӕсгӕ эксперттӕ адӕмы арӕх фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй-иу сӕ рӕстӕгӕй рахицӕн кӕной иннӕтӕн алыхуызон хъуыддӕгты баххуыс кӕнынӕн, зӕгъгӕ, дам, афтӕмӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад дӕр хуыздӕр вӕййы, стӕй бирӕ амондджыдӕр вӕййы. Фӕлӕ уый махмӕ диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ нын не Сфӕлдисӕг, нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр дзуры, хорздзинад аразгӕйӕ адӕймаг амондджын кӕй вӕййы (2 Тим. 3:16, 17).
АЛКӔДДӔР РӔДАУ У
19, 20. Рӕдаудзинад ӕвдисын дӕ цӕмӕн фӕнды?
19 Ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт чи кӕны, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы рӕдаудзинад ӕвдисын. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо цы дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты кой кодта, уыдон: хъуамӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзӕм, стӕй иннӕты дӕр уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ (Мар. 12:28–31). Ацы статьяйы куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон ӕй фӕзмгӕ дӕр кӕнынц. Йегъовӕ дӕр ӕмӕ Йесо дӕр сты рӕдау. Ӕмӕ мах дӕр разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй рӕдаудзинад ӕвдисӕм, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм. Уӕдӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ рӕдау куы уӕм ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинад куы аразӕм, уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм, стӕй уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр пайда хӕсдзӕн.
20 Кӕд ныртӕккӕ дӕр иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, удуӕлдайӕ феххуыс кӕныс, уӕд раппӕлинаг дӕ (Гал. 6:10). Ӕмӕ дарддӕр дӕр ууыл куы архайай, уӕд дӕ иннӕтӕ уарздзысты ӕмӕ дын аргъ кӕндзысты, ӕмӕ уый фӕрцы уыдзынӕ амондджын. Ӕмбисӕндты 11:25 стихы фыст ис: «Рӕдау адӕймаг бафсӕддзӕн хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты». Удуӕлдай, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау кӕй стӕм, уый нӕ царды дӕр ӕмӕ нӕ лӕггады дӕр нӕ бон бирӕ хъуыддӕгтӕй у равдисын. Иннӕ статьяйы уыцы хъуыддӕгтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсдзыстӕм.
^ 13 абз. Ном ивд у.