Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Паддзахад кӕрон цӕмӕн скӕндзӕн?

Хуыцауы Паддзахад кӕрон цӕмӕн скӕндзӕн?

«Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 ИОАН. 2:17).

ЗАРДЖЫТӔ: 139, 144

1, 2. а) Ацы дуне, мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, ахӕм фыдгӕнӕгимӕ абарӕн цӕмӕн ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ацы фыддунейӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уый куы сӕххӕст уа, уӕд, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр чидӕриддӕр уа, уыдон уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты?

«МАРД ФӔЦӔУЫ!» – ахӕстоны райхъуыст хъахъхъӕнджыты хъӕр. Хъахъхъӕнджытӕ фыдгӕнӕджы камерӕйӕ ракодтой, ӕмӕ ӕфсӕйнаг дуары гуыпп фӕцыд. Фӕлӕ цымӕ хъахъхъӕнджытӕ афтӕ цӕмӕн хъӕр кӕнынц? Фыдгӕнӕг ӕгас куы у, стӕй рынчынхуыз дӕр куы нӕу, ӕмӕ йӕ цымӕ уӕд «мард» цӕмӕн хонынц? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ йын рахастой мӕлӕты тӕрхон, ӕмӕ йӕ хъуамӕ ныр сӕххӕст кӕной. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ мард у *.

2 Ацы фыддуне дӕр абарӕн ис, мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, ахӕм фыдгӕнӕгимӕ. Тӕрхон ын раджы ӕрцыд хаст, ӕмӕ хъуамӕ тагъд сӕххӕст уа. Библийы фыст ис: «Дуне... фӕивгъуыйы» (1 Иоан. 2:17). Ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый дызӕрдыггаг нӕу. Фӕлӕ йын цы тӕрхон хаст ӕрцыд, уый хицӕн кӕны, уыцы фыдгӕнӕгӕн цы тӕрхон рахастой, уымӕй. Фыдгӕнӕгӕн, чи зоны, чидӕртӕ йӕ сӕрыл рахӕцой, раст тӕрхон ын нӕ рахастой, зӕгъгӕ, кӕнӕ сӕ ныфс уа, фӕстагмӕ йын йӕ тӕрхон кӕй аивдзысты. Фӕлӕ ацы дунейӕн тӕрхон рахаста Дунедарӕг Хуыцау, ӕцӕг рӕстдзинад кӕмӕ ис, уый (Дык. з. 32:4). Уыцы тӕрхон ивд не ’рцӕудзӕн ӕмӕ йӕ афоныл сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр чидӕриддӕр уа, уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзысты, уый раст тӕрхон кӕй уыд, ууыл. Уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр сулӕфдзысты!

3. Хуыцауы Паддзахад кӕрон цӕмӕн скӕндзӕн?

3 Фӕлӕ цымӕ, чи «фӕивгъуыйы», уыцы «дунемӕ» цы хауы? Зӕххыл рагӕй дӕр ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уыцы хабар баст у, Чырысти «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» кӕй схуыдта, уыимӕ (Матф. 24:14). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад кӕрон цӕмӕн скӕндзӕн, уыдӕттӕм: фыдгӕнджытӕн, адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы организацитӕн, фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ фыдуавӕртӕн. Дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: 1) Уыдӕттӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц? 2) Йегъовӕ цы сараздзӕн? 3) Цӕмӕй сӕ баивдзӕн?

ФЫДГӔНДЖЫТӔ

4. Фыдгӕнджыты хъуыддӕгтӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц?

4 Фыдгӕнджыты хъуыддӕгтӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц? Апостол Павел загъта, фӕстаг бонты кӕй «скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим. 3:1–5, 13). Уыцы ныхӕстӕ абон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый, чи зоны, дӕхиуыл дӕр бавзӕрстай. Махӕй бирӕтӕ баййӕфтой ӕфхӕрд фыдгӕнджыты къухӕй, зӕгъӕм, хылкъахджыты, расистты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фыдгӕнджыты къухӕй. Иутӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕргомӕй фӕкӕнынц, иннӕтӕ та сӕхи афтӕ февдисынц, цыма, раст цы у, уый кӕнынц, ӕцӕгӕй та зиан йеддӕмӕ ницы хӕссынц. Ӕмӕ кӕд ахӕм адӕймӕгтӕ махӕн ницы зиан ӕрхастой, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ цардыл никуыд ӕндавынц. Зӕгъӕм, сывӕллӕттӕн, ацӕргӕтӕн ӕмӕ, йӕ сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн цы митӕ бакӕнынц, уый тыххӕй куы базонӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ баризынц. Уыцы фыдгӕнджытӕ хъӕддаг сырдтӕй уӕлдай не сты ӕмӕ сӕ митӕй зыны, хӕйрӕджыты зондӕй кӕй архайынц (Иак. 3:15). Куыд хорз у, Хуыцауы Ныхасӕй хорз хабар кӕй базыдтам!

5. а) Фыдгӕнджытӕн нырма цавӕр фадат ис? б) Аивын кӕй нӕ фӕнды, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

5 Йегъовӕ цы сараздзӕн? Ныртӕккӕ Йегъовӕ фыдгӕнджытӕн фадат дӕтты, цӕмӕй сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзой (Ис. 55:7). Алкӕмӕн сӕ хицӕнӕй Хуыцау тӕрхон нӕма рахаста. Мӕлӕты тӕрхон уал ацы дунейӕн ӕрцыд хаст. Фӕлӕ аивын кӕй нӕ фӕнды ӕмӕ стыр бӕллӕхы онг дӕр ацы дунейы зондыл чи цӕудзӕн, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Йегъовӕ загъта, зӕххыл иу фыдгӕнӕг дӕр кӕй нал баззайдзӕн. (Бакӕс Псалом 37:10.) Абон бирӕтӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сусӕгӕй фӕаразынц, ӕмӕ арӕх ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц (Иов 21:7, 9). Фӕлӕ нын Библи нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «[Хуыцауӕн] йӕ цӕстытӕ кӕсынц адӕймаджы фӕндӕгтӕм ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕф дӕр уыны. Нӕй ахӕм талынг кӕнӕ саудалынг, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон кӕм бамбӕхсой» (Иов 34:21, 22). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕ никуы ис бамбӕхсӕн! Зӕххыл иу ахӕм талынг бынат дӕр нӕй, ӕмӕ дзы цытӕ цӕуы, уый Хуыцауӕн йӕ бон фенын ма уа. Уый алцыдӕр уыны. Армагеддоны фӕстӕ, фыдгӕнджытӕ кӕм уыдысты, уырдӕм бакӕсдзыстӕм, фӕлӕ сӕ нал фендзыстӕм. Сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн – ӕнустӕм фесӕфдзысты! (Пс. 37:12–15).

6. Фыдгӕнджытӕ куы фесӕфой, уӕд зӕххыл чи баззайдзӕн ӕмӕ уый хорз хабар цӕмӕн у?

6 Фыдгӕнджытӕ куы фесӕфой, уӕд зӕххыл чи баззайдзӕн? Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты». Уыцы псаломы ма фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:11, 29). Цымӕ уыцы «сабыр адӕм» ӕмӕ «рӕстгӕнджытӕ» чи сты? Сабыр адӕм сты, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы разамындмӕ чи хъусы, уыдон. Рӕстгӕнджытӕ сты, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый зӕрдиагӕй чи аразы, уыдон. Абоны дунейы фыдгӕнджытӕ рӕстгӕнджытӕй бирӕ фылдӕр сты. Фӕлӕ, тагъд цы ног дуне ралӕудзӕн, уым ӕрмӕстдӕр сабыр ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕм цӕрдзӕн. Ӕмӕ уыдон зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзысты!

АДӔМӔН ЗИАН ЧИ ХӔССЫ, УЫЦЫ ОРГАНИЗАЦИТӔ

7. Адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы организациты хъуыддӕгтӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц?

7 Адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы организациты хъуыддӕгтӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц? Ацы дунейы цы бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ ӕрцӕуынц хицӕн адӕймӕгты аххосӕй нӕ, фӕлӕ кӕцыдӕр организациты аххосӕй. Цӕвиттонӕн райсӕм, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕны, уыцы динтӕ. Уыдоны аххосӕй милуангай адӕм, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый нӕ зонынц, Библийыл не ’ууӕндынц, фидӕны зӕхх ӕмӕ адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕдыл ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр фарстаты фӕдыл сты рӕдыд хъуыдытыл хӕст. Кӕнӕ та райсӕм хицауӕдтӕ. Сӕ аххосӕй арӕх хӕстытӕ райдайынц, стӕй адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ ардауынц ӕмӕ мӕгуырты ӕмӕ, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕй, уыдоны ссӕндынц. Гӕртӕмттӕ кӕй фӕисынц, стӕй, кӕмӕн сӕ фӕфӕнды, уыдонӕн фылдӕр бартӕ кӕй раттынц, уый фӕрцы тынг схъӕздыг вӕййынц. Ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, ӕхцайӕ ӕфсис чи нӕ зоны, уыцы организациты ӕмӕ компаниты тыххӕй дӕр. Уыдон ӕрдз сафынц ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы фыдӕбонӕй дуне ӕхца кусынц. Уыцы организациты хицӕуттӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ схъӕздыг вӕййынц, дуне адӕм та фырмӕгуырӕй цы фӕуой, уый нӕ фӕзонынц. Дзырд дӕр ыл нӕй, абон адӕм цы мӕгуырау уавӕры сты, уым аххосджын сты, адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы организацитӕ.

8. Бирӕтӕм ӕнӕфӕцудгӕ чи кӕсы, уыцы организацитыл Библимӕ гӕсгӕ цы ’рцӕудзӕн?

8 Йегъовӕ цы сараздзӕн? Ацы дунейы хицауӕдтӕ, Библи хӕтаг сылгоймагимӕ кӕй бары ӕмӕ Стыр Вавилон кӕй хоны, уыцы мӕнг динты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд уымӕй райдайдзӕн стыр бӕллӕх (Рарг. 17:1, 2, 16; 18:1–4). Уыцы динтӕ иууылдӕр сӕфт ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ цымӕ иннӕ гӕртамхор ӕмӕ ӕнӕфсис организацитӕм та цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Абон адӕммӕ ӕнӕфӕцудгӕ чи кӕсы, бирӕ ахӕм организацитӕ Библийы барст цӕуынц хӕхтӕ ӕмӕ сакъадӕхтимӕ. (Бакӕс Раргомад 6:14.) Хуыцауы Ныхасы фыст ис, хицауӕдтӕ ӕмӕ, семӕ баст чи у, уыцы организацитӕ иууылдӕр кӕй банкъуысдзысты. Йегъовӕ сӕ се ’ппӕт дӕр сӕфты хай бакӕндзӕн, йӕ Паддзахады ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн стыр бӕллӕхы кӕрон (Йер. 25:31–33). Уый фӕстӕ зӕххыл, адӕмӕн зиан чи хӕсса, иу ахӕм организаци дӕр нал уыдзӕн!

9. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, «ног зӕхмӕ» чи хауы, уыдонӕн алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй уыдзӕн?

9 Адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы организациты бӕсты цы уыдзӕн? Цымӕ ма Армагеддоны фӕстӕ зӕххыл исты организаци уыдзӕн? Библийы фыст ис: «Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Пет. 3:13). Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх, ома адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ, сӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕм, нал уыдзысты. Фӕлӕ цымӕ сӕ бӕсты цы уыдзӕн? Сӕ бӕсты уыдзӕн «ног арв ӕмӕ ног зӕхх». Ног арв амоны ног хицауадмӕ – Хуыцауы Паддзахадмӕ. Йӕ сӕргъы ис Йесо Чырысти ӕмӕ ма йемӕ хицӕуттӕ уыдзысты 144 мины. «Ног зӕхх» та амоны, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ. Чырысти ӕмӕ йӕ Паддзахад алы хъуыддаджы дӕр архайдзысты, уаг ӕмӕ ӕгъдауы Хуыцау Йегъовӕ куыд архайы, афтӕ (1 Кор. 14:33). Уӕдӕ «ног зӕхмӕ» чи хауы, уыдонӕн алцыдӕр уыдзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Адӕмӕн зӕххыл уыдзӕн хорз разамонджытӕ (Пс. 45:16). Уыдонӕн та разамынд дӕтдзысты Чырысти ӕмӕ 144 мины. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕмӕн зиан чи хаста, уыцы организациты бӕсты уыдзӕн ӕрмӕстдӕр иу организаци – иудзинад кӕм уыдзӕн ӕмӕ адӕмӕн зиан чи нӕ хӕсдзӕн, ахӕм организаци!

ФЫДХЪУЫДДӔГТӔ

10. Ды кӕм цӕрыс, уым арӕх цавӕр фыдхъуыддӕгтӕ сты ӕмӕ уый дӕуыл ӕмӕ дӕ бинонтыл куыд ӕндавы?

10 Фыдхъуыддӕгтӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц? Абоны дуне фыдхъуыддӕгтӕй йедзаг у. Ӕнӕгъдаудзинад, сайӕн митӕ ӕмӕ ӕгъатырдзинад тынг апарахат сты. Ӕмӕ ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдон адӕмӕн ацы хъуыддӕгтӕ уарзын кӕнынц, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ та хынджылӕггаг кӕнынц (Ис. 5:20). Ныййарджыты уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахӕм зондахастӕй бахизой. Ӕмӕ, уӕвгӕ, ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ кӕм ницӕмӕ дарынц, уыцы фыддунейы цӕргӕйӕ Йегъовӕйӕ ма адард уой.

11. Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн цы тӕрхон рахаста, уымӕй цы ис базонӕн?

11 Йегъовӕ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн? Ӕркӕсӕм-ма, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы адӕм цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдонӕн Хуыцау кӕрон куыд скодта, уымӕ. (Бакӕс 2 Петры 2:6–8.) Рӕстгӕнӕг Лот ӕмӕ йӕ бинонтӕ тынг маст кодтой, сӕ алыварс адӕм цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй. Йегъовӕ Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесӕфта ӕмӕ сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон скодта. Фӕлӕ ма «уыцы хабарӕй равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый» дӕр. Гъеуӕд Йегъовӕ уыцы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕн кӕрон куыд скодта, раст афтӕ сын нӕ рӕстӕджы дӕр кӕрон скӕндзӕн, ацы фыддуне куы фесафа, уӕд.

12. Ног дунейы дӕ тынгдӕр цавӕр хъуыддӕгты фӕндид архайын?

12 Фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цы уыдзӕн? Зӕххыл дзӕнӕты адӕм кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ахъуыды-ма кӕн, куыд ӕхсызгон нын уыдзӕн, зӕххӕй дзӕнӕт куы аразӕм, стӕй нӕхицӕн ӕмӕ иннӕтӕн хӕдзӕрттӕ куы аразӕм, уӕд. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи райгас уа, уыцы милуангай адӕмыл куыд цин кӕндзыстӕм, стӕй сын Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй куыд дзурдзыстӕм, уый (Ис. 65:21, 22; Хъуыд. 24:15). Уыцы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нын нӕ циныл цин ӕфтаудзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад хӕсдзысты!

ФЫДУАВӔРТӔ

13. Хӕйрӕг, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй дуне абон цы уавӕры ис?

13 Абоны дунейы фыдуавӕртӕ нӕ цардыл куыд ӕндавынц? Фыдгӕнджыты, адӕмӕн зиан чи хӕссы, уыцы организациты ӕмӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй адӕм сты кӕуинаг уавӕры. Чи зӕгъдзӕн, ӕмӕ йын хӕстытӕ, мӕгуырдзинад кӕнӕ расизм йӕ цардыл никуыд бандӕвтой? Уӕдӕ низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр хызт ничи у. Ахӕм фыдуавӕрты цӕрӕм Хӕйрӕг, Адам ӕмӕ Евӕйы аххосӕй. Уыцы ӕртӕ фыдгӕнӕджы кӕддӕр Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдонӕй хызт не стӕм.

14. Бамбарын кӕн, Йегъовӕ фыдуавӕртӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый.

14 Йегъовӕ фыдуавӕртӕн кӕрон куыд скӕндзӕн? Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, хӕстытӕн ӕнустӕм кӕрон кӕй скӕндзӕн. (Бакӕс Псалом 46:8, 9.) Низты тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн, ӕз рынчын дӕн, зӕгъгӕ (Ис. 33:24). Мӕлӕт та цы фӕуыдзӕн? Йегъовӕ йӕ ӕнустӕм фесафдзӕн! (Ис. 25:8). Хуыцау кӕрон скӕндзӕн мӕгуырдзинадӕн дӕр (Пс. 72:12–16). Фервӕзын нӕ кӕндзӕн, абон нын масты хос цыдӕриддӕр у, ӕппӕт уыдӕттӕй. Суанг ма афтӕ дӕр бакӕндзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонты зондахастӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Еф. 2:2).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, хӕстытӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт кӕм нал уыдзӕн, ахӕм дуне! (кӕс 15 абзац)

15. Армагеддоны фӕстӕ цы нал уыдзӕн?

15 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, хӕстытӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт кӕм нал уыдзӕн, ахӕм дуне. Нал уыдзӕн нӕдӕр ӕфсӕдтӕ, нӕдӕр денджызон флоттӕ ӕмӕ нӕдӕр ӕфсӕддон хӕдтӕхджытӕ! Нал уыдзӕн хӕцӕнгарз ӕмӕ, хӕсты чи фӕмард, уыдоны номыл ӕвӕрд цыртдзӕвӕнтӕ! Нал уыдзӕн рынчындӕттӕ, дохтыртӕ, моргтӕ ӕмӕ уӕлмӕрдтӕ! Фыдгӕнджытӕ кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй нал хъӕудзысты хъахъхъӕнджытӕ, пъӕлицӕйы кусджытӕ, сигнализацитӕ ӕмӕ ма, чи зоны, дуарӕхгӕнӕнтӕ ӕмӕ дӕгъӕлтӕ дӕр! Абон нын цард царды ад цӕй тыххӕй нӕ кӕны, уыдӕттӕй ӕппындӕр ницыуал баззайдзӕн.

16, 17. а) Армагеддоны чи фервӕза, уыдонӕн сӕ цард куыд фӕивдзӕн? Уый цӕимӕ ис абарӕн? б) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй, Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд фервӕзӕм?

16 Фыдуавӕртӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн? Адӕймагӕн уый йӕ цӕстытыл ауайын кӕнын афтӕ ӕнцон нӕу. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ацы фыддунейы цӕрӕм, ӕмӕ уый тыххӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр мауал кӕнӕм, цы уавӕртӕ дзы ис, уыдон нын цӕй стыр масты хос сты, уый. Зӕгъӕм, ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ хӕстӕг чи цӕры, уыдон, цы хъӕлӕба дзы фӕцӕуы, уый нал фӕхъусынц. Бырондонмӕ хӕстӕг чи цӕры, уыдон та нал фембарынц, цы ӕвзӕр тӕф дзы фӕкӕлы, уый. Фӕлӕ уыдӕттӕ куы нал уаиккой, уӕд адӕмӕн бирӕ фенцондӕр уаид. Раст афтӕ Хуыцау дӕр фыдуавӕртӕн кӕрон куы скӕна, уӕд адӕм сӕ риуыдзаг сулӕфдзысты!

17 Уӕдӕ абон цы маст ӕмӕ рыст ӕвзарӕм, уыдон куы нал уой, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн? 37-ӕм псаломы 11-ӕм стихы фыст ис: «Сабыр адӕм... фарнӕй бафсӕддзысты». Йегъовӕйы зӕрдӕ махӕй алкӕмӕн дӕр уый зӕгъы. Ӕмӕ нын уый стыр удӕнцой куыннӕ у! Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй ацы зын рӕстӕджы цӕргӕйӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ ма адард уай! Йегъовӕ зӕрдӕ цы цардӕй ӕвӕры, уый ма рох кӕн, хъуыды йыл кӕн ӕмӕ, ахӕм цард кӕй ралӕудзӕн, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн. Стӕй уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзур! (1 Тим. 4:15, 16; 1 Пет. 3:15). Афтӕ куы кӕнай, уӕд ыл дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд кӕй фервӕздзынӕ ӕмӕ ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзынӕ!

^ 1 абз. Ацы абзацы дзырд цӕуы, раздӕр Иугонд Штатты иуӕй-иу рӕтты ахӕстӕтты цы ӕгъдау уыди, ууыл.