СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | РЕВЕККӔ
Чызг загъта: «Цӕуын»
АУУӔТТӔ даргъӕй-даргъдӕр кӕнынц. Ревеккӕ теуайы рагъыл бады ӕмӕ къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ быдырмӕ кӕсы. Ныр цалдӕр къуырийы ис фӕндагыл ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй теуайыл бадын сахуыр. Уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ теуа куы фӕцӕуы, уӕд барӕг куы иуырдӕм акъул вӕййы, куы – иннӕрдӕм. Ревеккӕ йӕ сабибонтӕ кӕм арвыста, уыцы горӕт Харран фӕстейӕ раджы баззад – цӕгат-скӕсӕнырдӕм дзы ацыдысты цалдӕр сӕдӕ километры. Йӕ бинонты ма искуы фендзӕн, уый нӕ зоны. Йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сты йӕ фидӕны цардыл, уӕлдайдӕр та ныр, сӕ фӕндаг кӕронмӕ куы фӕхӕццӕ кӕны, уӕд.
Бӕлццӕттӕ Ханааны зӕххӕн йе ’мбисӕй фылдӕр ацыдысты ӕмӕ ныр фӕцӕуынц ноджы зындӕр цӕуӕн зӕхх Негевыл (Райдиан 24:62). Ревеккӕйы цӕст, ӕвӕццӕгӕн, ӕрхӕцыд фысты дзугтыл. Уыцы бӕстӕ зӕхкуыст кӕнынӕн нӕ бӕззы, фӕлӕ дзы фос хизынӕн ис диссаджы сӕрвӕттӕ. Бӕлццӕтты хистӕр ам алцыдӕр хорз зоны. Тагъддӕр ма бынатмӕ куы фӕхӕццӕ уаиккой, ӕмӕ йӕ хицаумӕ хӕрзӕггурӕггаг куы фӕуид! Фӕлӕ Ревеккӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕны, ацы зӕххыл куыд цӕрдзӕн, ууыл. Цымӕ йӕ мойаг, Исахъ, цавӕр адӕймаг у? Кӕрӕдзи уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой! Цымӕ чызг йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн? Ӕмӕ чызгӕн та?
Чызг ӕмӕ лӕппуйы бӕсты ныййарджытӕ кӕй баныхас кӕнынц, уый абон фылдӕр рӕтты адӕммӕ ӕнахуыр кӕсы. Кӕмдӕрты та ахӕм хабӕрттӕ тынг арӕх сты. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма схъомыл уыдаис, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, Ревеккӕ йӕхӕдӕг дӕр кӕй нӕ зыдта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Ацы ӕрыгон чызг нын фӕзминаг у йӕ хъӕбатырдзинадӕй ӕмӕ йӕ фидар уырнындзинадӕй. Уыцы миниуджытӕ мах дӕр фӕхъӕуынц, нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд. Фӕлӕ ма Ревеккӕмӕ уыд ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ дӕр.
«ДӔ ТЕУАТӔН ДӔР ӔРБАХӔСДЗЫНӔН ДОН, ЦАС ХЪӔУА, УЫЙБӔРЦ»
Ревеккӕйы цард цӕхгӕр фӕивта, йӕхимӕ райдианы, ӕвӕццӕгӕн, уадиссаг чи нӕ фӕкаст, ахӕм хабарӕй. Чызг схъомыл Месопотамийы, горӕт Харраны кӕнӕ уырдӕм хӕстӕг. Йӕ ныййарджытӕ уыцы горӕты цӕрджытӕй сӕ фылдӕрӕй тынг хицӕн кодтой, уымӕн ӕмӕ мӕйы хуыцау Синӕн нӕ куывтой, фӕлӕ сӕхи Хуыцау Йегъовӕйӕн (Райдиан 24:50).
Ревеккӕ рахъомыл ӕмӕ сси тынг рӕсугъд чызг. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дзы бакаст йеддӕмӕ ницы уыди. Рӕвеккӕ уыд цӕрдӕг ӕмӕ хӕрзӕгъдау. Йӕ бинонтӕ мӕгуыр нӕ уыдысты, уыди сӕм лӕггадгӕнджытӕ дӕр. Фӕлӕ Ревеккӕ буцхаст нӕ уыд, паддзахы чызджы дард ӕй нӕ кодтой. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ ахуыр кодтой фыдӕбон кӕнын. Уӕды заманы сылгоймӕгтау, уый дӕр хӕдзары бирӕ уӕззау куыстытӕ кодта, зӕгъӕм, алы бон дӕр-иу хъуамӕ бинонты фаг дон ӕрбахастаид. Цалынмӕ-иу хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ-иу йӕ дурын йе уӕхскыл авӕрдта ӕмӕ-иу суадонмӕ араст (Райдиан 24:11, 15, 16).
Иу изӕр, йӕ дурын куы байдзаг кодта, уӕд иу ацӕргӕ нӕлгоймаг йӕ размӕ базгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хорз чызг, дӕ дурынӕй-ма мын дон авӕр». Куыд хуымӕтӕг уыд йӕ курдиат ӕмӕ йӕ куыд уӕзданӕй загъта! Ревеккӕ бамбӕрста, лӕг дард кӕцӕйдӕр кӕй ӕрцыд. Гъемӕ йӕ дурын уайтагъд йе уӕхскӕй ӕриста ӕмӕ йын сыгъдӕг, уазал дон радта. Ревеккӕ федта, гыццыл фалдӕр кӕй хуыссыд дӕс теуайы, фос-иу дон кӕцӕй нуӕзтой, уый та афтид кӕй уыд. Чызг бафиппайдта фӕндаггоны фӕлмӕн цӕстӕнгас ӕмӕ йӕм куыд лӕмбынӕг касти, уый, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй йын куы балӕггад кодтаид. Уымӕ гӕсгӕ йын загъта: «Дӕ теуатӕн дӕр ӕрбахӕсдзынӕн дон, цас хъӕуа, уыйбӕрц» (Райдиан 24:17–19).
Ревеккӕ афтӕ нӕ загъта, дӕ теуатӕн дын дон ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ загъта, цас хъӕуа, уыйбӕрц сын кӕй ӕрбахӕсдзӕн. Теуайӕн тынг дойны куы уа, уӕд йӕ бон у бануазын 95 литрӕй фылдӕр! Дӕс теуайы афтӕ дойны куы уыдаиккой, уӕд Ревеккӕйы *. Ӕмӕ цымӕ Ревеккӕ, теуатӕн дон ӕрбахӕсдзынӕн, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд уый зыдта? Нӕ зыдта. Уыцы ацӕргӕ ӕцӕгӕлон нӕлгоймагӕн ӕй афтӕ тынг фӕндыд балӕггад кӕнын, ӕмӕ, цас хъуыд, уыйбӕрц бафыдӕбон кӕнынмӕ цӕттӕ уыд. Нӕлгоймаг ын йе ’ххуысӕй «нӕ» нӕ загъта. Ӕмӕ чызг дыууӕрдӕм куыд кодта – йӕ дурын-иу донӕй куыд айдзаг кодта ӕмӕ-иу ӕй, фос дон кӕцӕй нызтой, уырдӕм куыд равдӕлон кодта – уымӕ ӕдзынӕг касти (Райдиан 24:20, 21).
дон хӕссын бахъуыдаид цалдӕр сахаты. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, теуатӕ тынг дойны нӕ уыдыстыРевеккӕ нын у фӕзминаг. Абоны дунейы фыццаг бынаты ис хиуарзондзинад. Библийы цалдӕр сӕдӕ азы размӕ фыст ӕрцыд, адӕм кӕй суыдзысты «хиуарзон», иннӕты тыххӕй сӕхи тыхсын кӕнын нӕ уарздзысты (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Ахӕм зондахастимӕ чи тох кӕны, уыцы чырыстӕттӕн пайда уыдзӕн ахъуыды кӕнын, суадонӕй дон чи скъӕфта, уыцы чызгыл.
Ревеккӕ куыннӕ бафиппайдтаид, ацӕргӕ нӕлгоймаг ын йӕ алы фезмӕлдмӕ дӕр куыд лӕмбынӕг каст, уый. Ӕмӕ йӕм кӕй каст, уымӕй бӕрӕг уыди, куыд дис кӕны ӕмӕ куыд цин кӕны, уый. Ревеккӕ йӕ куыст куы фӕци, уӕд ын нӕлгоймаг балӕвар кодта сызгъӕрин аивгӕнӕнтӕ. Стӕй йын загъта: «Зӕгъ-ма мын, кӕй чызг дӕ? Дӕ фыды хӕдзары нын ӕхсӕв арвитынӕн бынат нӕ разындзӕн?» Кӕй чызг у, уый йын куы загъта, уӕд нӕлгоймаг ноджы тынгдӕр бацин кодта. Стӕй ма йын чызг уыцы зӕрдиагӕй афтӕ бакодта: «Ис нӕм фосӕн хъӕмп ӕмӕ холлаг дӕр бирӕ, стӕй, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууат, ахӕм бынат дӕр нӕм ис». Бӕрӕг у, Ревеккӕ ӕрмӕст зӕронд лӕджы кой кӕй нӕ кодта, фӕлӕ ма йемӕ чи уыд, уыцы бӕлццӕтты кой дӕр. Уый фӕстӕ сӕ разӕй хӕдзармӕ азгъордта, цӕмӕй, цы ’рцыд, уыдӕттӕ йӕ мадӕн радзырдтаид (Райдиан 24:22–28, 32).
Бӕрӕг у, Ревеккӕйы кӕй ахуыр кодтой, цӕмӕй уазӕгуарзон уыдаид. Абон уыцы миниуӕгӕн бирӕтӕ нал аргъ кӕнынц. Уӕдӕ уыцы хӕларзӕрдӕ чызджы уазӕгуарзондзинад дӕр дзурӕг у йӕ уырнындзинадыл, ӕмӕ нын уымӕй дӕр у фӕзминаг. Кӕд Хуыцауыл ӕууӕндӕм, уӕд хъуамӕ уазӕгуарзон уӕм. Йегъовӕ у уазӕгуарзон, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр алцыдӕр рӕдауӕй дӕтты ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр афтӕ уой. Нӕ хорздзинад нын чи никуы бафиддзӕн, суанг уыдонӕн дӕр хорзы куы цӕуӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Матфейы 5:44–46; 1 Петры 4:9).
«МӔ ФЫРТӔН УС ӔРКӔНДЗЫНӔ»
Ревеккӕ суадоны раз цы зӕронд лӕгыл амбӕлд, уый чи уыд? Йӕ фыдыфыды ӕфсымӕр Авраамы лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ йӕ ныр чызг фӕхуыдта йӕ фыд Вафуилы хӕдзармӕ. Уыцы лӕггадгӕнӕгӕн йӕ ном, ӕвӕццӕгӕн, уыди Елиезер *. Фысымтӕ йӕ фынгмӕ фӕхуыдтой, фӕлӕ Елиезер хӕрын нӕ бакуымдта, цалынмӕ, йӕ цыды сӕр цы уыд, уый сын нӕ радзырдта, уӕдмӕ (Райдиан 24:31–33). Йегъовӕ йын кӕй раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ хъуыддаг кӕй фӕрӕстмӕ, уый ма йын цы бамбарын хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиаг ныхас куыннӕ кодтаид! Цымӕ йын куыд раарфӕ кодта?
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Елиезер йӕ хабӕрттӕ куыд кӕны, ӕмӕ йӕм Ревеккӕйӕн йӕ фыд Вафуил ӕмӕ йе ’фсымӕр Лаван куыд лӕмбынӕг хъусынц, уый. Елиезер сын радзырдта, Йегъовӕ Авраамӕн Ханааны зӕххыл куыд раарфӕ кодта, ӕмӕ сын Саррӕимӕ кӕй ис фырт, Исахъ, ӕмӕ йӕ фыды бынтӕ иууылдӕр уымӕн кӕй баззайдзысты. Авраам ма йӕ лӕггадгӕнӕджы бӕрны бакодта иу ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ йын йӕ хӕстӕджытӕм Харранмӕ ацыдаид ӕмӕ Исахъӕн ус уырдыгӕй ӕркодтаид (Райдиан 24:34–38).
Авраам Елиезеры расомы кӕнын кодта, йӕ фыртӕн ын ус ханаайнӕгты чызджытӕй кӕй нӕ ракурдзӕн. Ӕмӕ уыдонӕй цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ханаайнӕгтӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн нӕдӕр аргъ кодтой, нӕдӕр ын кувгӕ кодтой. Авраам зыдта, Йегъовӕ уыцы адӕмы сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕмгъуыд афон фесафынмӕ кӕй хъавы. Авраамы нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ уарзон фырт Исахъ йӕхи уыцы адӕмимӕ сбастаид ӕмӕ сын се ’нӕгъдау хъуыддӕгтыл ныххӕцыдаид. Авраам ма зыдта, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид йӕ фырт Исахъы уылты (Райдиан 15:16; 17:19; 24:2–4).
Елиезер йӕ фысымтӕн радзырдта, Харранмӕ ӕввахс суадоны цурмӕ куы ӕрбахӕццӕ, уӕд Йегъовӕ Хуыцаумӕ кӕй скуывта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта, цӕмӕй Исахъӕн ус равзӕрстаид. Куыд? Елиезер скуывта, цӕмӕй суадонмӕ ӕрбацыдаид, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ Исахъы ус чи хъуамӕ суыдаид, уыцы чызг. Дон дзы куы ракуырдтаид, уӕд та йын дон хъуамӕ ӕрмӕст йӕхицӕн ма радтаид, фӕлӕ ма йын йӕ теуаты дӕр бафсӕстаид (Райдиан 24:12–14). Ӕмӕ чи ӕрбацыд суадоны размӕ ӕмӕ растдӕр афтӕ чи бакодта? Ревеккӕ! Ахъуыды-ма кӕн, Ревеккӕ йӕхи куыд фӕхатыдаид, Елиезер ын йӕ бинонтӕн цы хабар радзырдта, уый куы фехъуыста, уӕд!
Елиезеры хабар Вафуил ӕмӕ Лаваны дисы бафтыдта, ӕмӕ загътой: «Ацы хъуыддаг у Йегъовӕйӕ». Ӕмӕ, Ревеккӕйы Исахъӕн кӕй ратдзысты, ууыл, ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ, бафидыдтой (Райдиан 24:50–54). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Ревеккӕйӕн йӕ хъуыды зӕгъыны бар нӕ уыди?
Цалдӕр къуырийы раздӕр Елиезер дӕр Авраамы уымӕй бафарста: «Ӕмӕ чызджы мемӕ рацӕуын куы нӕ бафӕнда, уӕд та?» Авраам ын загъта: «Уӕд ацы сомыйӕ уыдзынӕ сӕрибар» (Райдиан 24:39, 41). Вафуилы хӕдзары дӕр сылгоймаджы хъуыдыйӕн аргъ кодтой. Елиезерӕн йӕ хъуыддаг афтӕ хорз кӕй рауад, уый дзы уыйбӕрц хъару бауагъта, ӕмӕ дыккаг райсом фысымтӕй бар ракуырдта, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй Ревеккӕимӕ Ханаанмӕ ацыдаиккой. Фӕлӕ бинонты фӕндыд, сӕ чызг ма семӕ иу-дӕс боны куы фӕуыдаид. Ӕппынфӕстаг ӕрлӕууыдысты ахӕм хъуыдыйыл: «Чызгмӕ фӕдзурӕм ӕмӕ йын йӕхи бафӕрсӕм» (Райдиан 24:57).
Ревеккӕйы хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Цы зӕгъдзӕн? Йӕ фыд ӕмӕ йӕ йе ’фсымӕр тынг кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сын цымӕ балӕгъстӕ кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ӕнӕзонгӕ дард бӕстӕм ма ауадзой? Ӕви, Йегъовӕйы разамынд ӕргом кӕм зыны, уыцы хъуыддаджы архайын йӕхицӕн стыр кадыл банымайдзӕн? Ревӕккӕйӕн йӕ цард ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта ӕмӕ йӕ йӕ фидӕн, чи зоны, тасы дӕр ӕфтыдта. Фӕлӕ уымӕ цы цӕстӕй каст, уый бӕрӕг уыд йӕ дзуаппӕй. Йӕ ныхас уыд тынг цыбыр: «Цӕуын» (Райдиан 24:58).
Ӕвӕдза, цы диссаджы уырнындзинады хицау уыд! Абон чындзы цӕуыны ӕмӕ ус курыны ӕгъдӕуттӕ уӕды ӕгъдӕуттӕй, чи зоны, тынг хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ Ревеккӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты ис сахуыр кӕнӕн. Уымӕн сӕйрагдӕр уыд Йегъовӕйы фӕндон, йӕхи фӕндон нӕ, фӕлӕ. Цавӕр цардӕмбал хъӕуы равзарын ӕмӕ, цы аразын хъӕуы, цӕмӕй хорз сӕрыхицау кӕнӕ хорз бинойнаг уай, уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы ис бирӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ абоны онг дӕр уыцы уынаффӕтӕ сты ӕппӕты хуыздӕр (2 Коринфӕгтӕм 6:14, 15; Ефесӕгтӕм 5:28–33). Хорз уаид, Ревеккӕйы куы фӕзмиккам ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы разамынд куы агуриккам.
«УЫЙ... ЧИ ’РБАЦӔУЫ?»
Ревеккӕйӕн йӕ бинонтӕ раарфӕ кодтой ӕмӕ йӕ Елиезер ӕмӕ йӕ адӕмимӕ арвыстой. Йемӕ ма йын арвыстой йӕ хъомылгӕнӕг сылгоймаг Деворӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты (Райдиан 24:59–61; 35:8). Цыбыр рӕстӕгмӕ Харранӕй дзӕвгар адард сты. Сӕ фӕндаг уыд иу-800 километры бӕрц, ӕмӕ цӕугӕ та фӕкодтой, ӕвӕццӕгӕн, ӕртӕ къуырийы. Сӕ балц ӕнцон нӕ уыдаид. Ревеккӕ йӕ царды теуатӕ бирӕ федта, фӕлӕ нӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, ӕмӕ фӕлтӕрдджын барӕг уыди. Библийы фыст ис, йӕ бинонтӕ фыййау адӕм кӕй уыдысты, теуатыл уӕйгӕнинӕгтӕ чи ласта, ахӕм уӕйгӕнджытӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ (Райдиан 29:10). Теуайыл фыццаг хатт чи сбады ӕмӕ йыл иу гыццыл йеддӕмӕ чи нӕ ацӕуы, суанг уыдонӕй дӕр бирӕтӕ фӕхъаст кӕнынц, тынг зын бадӕн ыл кӕй у.
Куыдфӕнды ма уыдаид, Ревеккӕ хъуыды кодта йӕ фидӕныл, ӕмӕ дызӕрдыггаг нӕу, Елиезеры лыстӕггай кӕй рафӕрс-бафӕрс кодта Исахъы ӕмӕ йӕ бинонты тыххӕй. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, изӕрыгон арты фарсмӕ куыд бадынц, ӕмӕ йын Елиезер куыд дзуры, Йегъовӕ йӕ хӕлар Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый тыххӕй. Хуыцауы фӕндӕй Авраамы хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй уылты хъуамӕ ӕрцыдаиккой, уыцы байзӕддаг. Елиезер ма йын радзырдта, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд кӕй хъуамӕ сӕххӕст уа йӕ мойаг Исахъы уылты. Уӕдӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ревеккӕйы уылты дӕр! Ахъуыды-ма кӕн, чызг уый куы базыдта, уӕд йӕ зӕрдӕ куыд кодтаид (Райдиан 22:15–18).
Ӕппынфӕстаг ралӕууыд, статьяйы райдианы цы боны кой кодтам, уый. Теуатӕ Негевыл куы фӕцӕйцыдысты, ӕмӕ талынг кӕнын куы райдыдта, уӕд Ревеккӕ кӕсы, ӕмӕ быдыры иу нӕлгоймаг ӕрбацӕуы. Бӕрӕг уыд, цӕуылдӕр арф кӕй хъуыды кодта. Ревеккӕ, ӕвӕццӕгӕн, «теуайӕ ӕрхызт», кӕд ӕрзоныгуыл кӕндзӕн, уымӕ дӕр нӕ банхъӕлмӕ каст, афтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнӕджы афарста: «Уый быдыры нӕ размӕ чи ’рбацӕуы?» Исахъ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд йӕ кӕлмӕрзӕнӕй йӕ сӕр ӕрӕмбӕрзта (Райдиан 24:62–65). Цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, уый нысан кодта, йӕ сӕрыхицау чи хъуамӕ суыдаид, уымӕн кӕй кад кӕны. Уый дзурӕг уыд йӕ коммӕгӕсдзинадыл, ӕмӕ уый та абон бирӕтӕ нымайынц зӕронд ӕгъдауыл. Фӕлӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр Ревеккӕйы сӕрныллӕгдзинад у фӕзминаг, уымӕн ӕмӕ иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, цӕмӕй йӕ уыцы миниуӕгыл кусын ма хъӕуа.
Исахъ уыд 40-аздзыд нӕлгоймаг. Ӕмӕ кӕд йӕ мад Саррӕйы мӕлӕтыл ӕртӕ азы рацыд, уӕддӕр нырма йӕ зӕрдӕйы рыст не ’рсабыр. Уӕдӕ нӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Исахъ уыд тынг фӕлмӕн удыхъӕды хицау. Цӕй стыр арфӕдзинад ын уыд, ахӕм куыстуарзаг, уазӕгуарзон ӕмӕ йӕм сӕрныллӕг цардӕмбал кӕй ӕрхауд, уый! Цымӕ кӕрӕдзиимӕ бафидыдтой? Библийы фыст ис: «Исахъ ӕй тынг бауарзта» (Райдиан 24:67; 26:8).
Ревеккӕйы уарзын ӕнцон у суанг махӕн дӕр, 39 ӕнусы фӕстӕдӕр чи цӕры, уыдонӕн. Ӕмӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ ӕфтауа дисы, куыд хъӕбатыр, куыд куыстуарзаг, куыд уазӕгуарзон ӕмӕ куыд сӕрныллӕг уыди, уый! Хорз уаид, не ’ппӕт дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, цардӕмбал кӕмӕн ис, уыдон дӕр ӕмӕ, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдон дӕр – Ревеккӕйы йӕ уырнындзинадӕй куы фӕзмиккам!
^ 10 абз. Хабар уыди изӕрыгон. Библийы фыст нӕй, ӕмӕ Ревеккӕ доны цур цалдӕр сахаты бафӕстиат. Фӕлӕ дзы уый кой дӕр нӕй, ӕмӕ чызгӕн йе ’рбацыдмӕ йӕ бинонтӕ схуыссыдысты кӕнӕ йӕм дзы чидӕр агурӕг ацыди, ацафонмӕ кӕм ис, зӕгъгӕ.
^ 15 абз. Кӕд Райдианы 24 сӕры Елиезеры ном фыст нӕй, уӕддӕр дзы цы лӕггадгӕнӕджы кой ис, уый, ӕвӕццӕгӕн, уый уыди. Авраамӕн зӕнӕг куы нӕ рацыдаид, уӕд хъуамӕ йӕ исбон иууылдӕр ныууагътаид Елиезерӕн. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, Авраамы лӕггадгӕнджытӕй Елиезер кӕй уыд се ’ппӕты хистӕр ӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр ууыл кӕй ӕууӕндыд. Ӕмӕ уыцы лӕггадгӕнӕджы тыххӕй афтӕ фыст ис 24 сӕры дӕр (Райдиан 15:2; 24:2–4).