Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 1 2017 | Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Цымӕ Библи нӕ рӕстӕджы нал ахады? Ӕви абон дӕр пайда у? Библи йӕхӕдӕг зӕгъы: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Ацы брошюрӕйы ис, Библийы уынаффӕтӕ царды пайда кӕй сты, уымӕн цалдӕр цӕвиттоны. Стӕй ма дзы ис хорз уынаффӕтӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Библи кӕсын фылдӕр пайда хӕсса, уый фӕдыл.

 

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Цӕмӕн хъӕуы Библи кӕсын?

Милуантӕ куыд базыдтой, адӕймаг Библи куы кӕса, уӕд амондджындӕр кӕй уыдзӕн?

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи кӕсын райдайай?

Фондз уынаффӕйы дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дын Библи кӕсын ӕнцондӕр ӕмӕ ӕхсызгондӕр уа.

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Цы ис саразӕн, цӕмӕй Библи кӕсын бауарзай?

Библи кӕсгӕйӕ не уӕнг рог кӕндзӕн, алыхуызон тӕлмацтӕй, технологитӕй, алыхуызон иртасӕн ӕрмӕгӕй ӕмӕ мадзӕлттӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд.

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Библийы фӕрцы дӕ цард куыд фӕхуыздӕр уыдзӕн?

Ацы рагон чиныджы ис хорз уынаффӕтӕ.

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Мӕлын мӕ нӕ фӕндыд!

Ивон Кварри иухатт хъуыды кодта: «Цӕмӕн райгуырдтӕн?» Йӕ фарстайӕн дзуапп куы базыдта, уӕд йӕ цард фӕивта.

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ

«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»

Мыййаг дын бинонтӕ даринаг ис? Искуы ахӕм уавӕры бахаудтӕ, ӕмӕ раст цы у, уый тыххӕй дзургӕйӕ дӕ фидар фӕлӕууын бахъуыди? Кӕд о, уӕд дын Енохы уырнындзинад бирӕ цӕмӕйдӕрты уыдзӕн фӕзминаг.

Библи раст ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?

Библийы хабар тынг ахсджиаг у, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы раст ӕмбарын. Дӕ бон ӕй цӕй фӕрцы у ӕмбарын?

Библи цы дзуры?

Библийы фыст ис, адӕм хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма сын кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, уый дӕр.